Зæххыл ахæм тых нæй, сылгоймагимæ кæй ис абарæн. Сылгоймаг у хуры тынтау рухс, рæсугъд, фарн æмæ амондхæссæг. «Сылгоймаг – цардаразæг!» Æвæццæгæн сæ мадзал дæр уымæн афтæ рахуыдтой, нæ горæты Анахарсисы номыл республикон библиотекæйы чиныгкæcæн залы æмæ аивадон литературæйы хайады кусджытæ.

Мадзалмæ æрбацыдысты æмæ дзы хайад райстой библиотекæйы кусджытæ, нæ горæты иумиагахуырадон скъолаты ахуыргæнджытæ сæ ахуыргæнинæгтимæ, чиныгкæсджытæ.

Мадзаламонæг – библиотекæйы кусæг Къадзты Ульянæ æрдзырдта сылгоймаг – царддæттæг, хæдзары цырагъ кæй у. «Уый куыд судзы, афтæ рухс кæны æмæ тавы бинонты дæр, уазæджы дæр. Кадджын уыд сылгоймаг ирон адæммæ рагæй-æрæгмæ. Æфхæрды бынаты никуы уыд.

Йæ царды фæндагыл цæугæйæ бирæ зындзинæдтæ, бавзæрста сылгоймаг, фæлæ сын уæддæр фæрæзта, йæ моимæ иу цæды галтау царды уæз ласта, фæлæ уæддæр кад æмæ на-мысимæ бахъахъхъæдта ирон фарн æмæ æгъдæуттæ. Тынг бæрзонд æвæрд уыд хæдзары бинонты ‘хсæн æфсины бынат. Бæхджыны размæ-иу сылгоймаг куы фæцис, уæд-иу æнæмæнг хъуамæ йæ бæхæй ахызтаид. Ирон адæммæ бирæ ис, сылгоймагæн кад кæнынимæ баст чи сты, ахæм æгъдæуттæ. Зæгъæм, дыууæ хылгæнæг нæлгоймаджы æхсæн сылгоймаг йæ кæлмæрзæн куы æрæппæрстаид, уæд-иу сæ хъаматæ сæ кæрддзæмты нытъыстой», – дзырдта йæ раныхасы библиотекæйы директор Кокойты Валерия.

Историон зонæдты кандидат Джиоты Мурат дæр дзырдта, царды цыдæриддæр хорздзинæдтæ ис, уыдонæй алкæцыйæ дæр сылгоймаг кæй у хайджын. Зæгъæн ис, æмæ уымæй равзæргæ сты. Уыдон сæ æнусты дæргъы кадимæ лæвæрдтой иу фæлтæрæй иннæмæ, хуыздæр сæ кодтой, афтæмæй. Æрмæст ма нæ цæст ахæссæм ирон адæмы диссаджы Нарты кадджытыл, цас зондджын æмæ сæм æхсарджын сылгоймæгтæ ис. Нарты хистæртæ, уæззау фарста скъуыддзаг кæнгæйæ, фарстой Сатанайы æмæ сын уый йæ дисса-джы зонд æмæ æрхъуыдыйæ кæддæриддæр лæвæрдта раст уынаффæ. Джиоты Мурат ма зæрдыл æрлæууын кодта, бахъуыды рæстæджы дæр фæстейæ кæй никуы æрлæууыд, кæддæриддæр йæхи кæй æвдыста ныфсхаст, раззагон æмæ хъаруджынæй. Куы бахъæуы, уæд æрлæууы нæлгоймæгты æмрæнхъ æмæ фæтох кæны райгуырæн бæстæйы сæрибардзинад æмæ амонды сæраппонд. Цæвиттонæн æрхаста, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты сæхи куыд хъæбатырæй равдыстой нæ ирон чызджытæ, уый тыххæй. Мурат ма цæвиттон æрхаста 2008 азы, августы уæззау бонтæ куы æркодта, уæд дæр куыд бахъахъхъæдтой сылгоймаджы фарн æмæ æгъдау, цас сæ бон уыд, уымæй архайдтой сæ хъæбулты, сæ фыдæлты уæзгуытæ бахъахъхъæныныл.

«Æвæццæгæн, кæм нæ фесгуыхт ирон сылгоймаг, ахæм фадыг нæй. Уый у фæллойы хъæбатыр, медицинæ æмæ зонад, культурæ æмæ аивады архайæг. Алы фадыджы дæр бæрæгæй зыны йе ‘рмдзæф, æрхъуыдыдзинад æмæ архайд. Хистæр сылгоймæгты архайд цæвиттойнаг хъуамæ уа кæстæр, суинаг чызджытæн æмæ уæд уыдон дæр басгуыхдзысты ирон сылгоймаджы фарн бæрзонд чи хæсса, ахæмтæй», – дзырдта йæ раныхасы Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ирон литературæйы кафедрæйы хистæр ахуыргæнæг Плиты Серго.

Мадзалы ма раныхас кодтой æмæ сылгоймаджы æгъдауы тыххæй сæ тæлмæнтæ дзырдтой нæ горæты библиотекæйы хъуыддæгты фæдыл сæйраг специалист Дриаты Нателæ, Колыты Аксойы номыл аивæдты лицейы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Гæбæраты Фатимæ, РХИ-йы культурæйы министры хæдивæг Дзеранты Джульеттæ æмæ бирæсывæллонджын мад Гуыззыдтаты Этери.

Сылгоймаджы рæсугъддзинад, йæ фæрнджын архайды тыххæй уыдысты, Колыты Аксойы номыл аивæдты лицейы ахуыргæнинæгтæ цы æмдзæвгæтæ бакастысты, уыдон.

Мадзалмæ æрбацæуджытæ стыр æхсызгонæй байхъуыстой, зарæггæнджытæ Æлборты Малхаз, Багаты Шота æмæ Хуыгаты Дзамболат сылгоймаджы тыххæй цы зарджытæ азарыдысты, уыдонмæ. Мадзал рауад цымыдисон æмæ æмæ ирд тæлмæнтæ ныууагъта йæ хайадисджытыл.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.