Черепичныйы район кæй хонынц, уымы суадоны лæггæдтæ нæ горæты цæрджытæн сты æгæрон. 1989 азæй фæстæмæ горæтæн цæгатварс гуырдзиаг хъæуы цæрджытæ фыддæрадæн арæх рæмыгътой доны хахх Едыс-Цхинвал. Фæлæ адæмы тынг тыхсын нæ уагъта ацы суадон. Раст зæгъгæйæ, иурæстæджы йæм рæстмæ бацæуæнтæ дæр нал уыдис. Йæ алыварс хъæддаг бæлæстæ уыйбæрц систы æмæ суадоны цурмæ  машинæ нæ, фæлæ йæм адæм дæр цыдысты зынтæй. Уавæр бахынцыдта нæ горæты цæрæг Тасойты Дмитри æмæ йе ‘мбæлттимæ суадон сцалцæг кодта 2004 азы.

2008 азæй фæстæмæ, адæмы суадоны сæр, раздæрау, тынг куы нæуал хъуыд, уæд та фæндаггæрон бæлæстæ дардыл ауагътой таутæ æмæ та фæндаг æрбауынгæг ис. Уыимæ ма æркалд суадоны æмбæрзт æмæ йæ уынд афтæ смæгуырау æмæ йæм цæугæ дæр ничиуал кодта. Æрæджы та ардæм йе ‘мбæлттимæ ногæй фæзынд Дмитри. Суадоны фарсмæ лæугæйæ ба-хынцыдтой йæ алыварс цухдзинæдтæ æмæ аскъуыддзаг кодтой, зæгъгæ,  хъæуы йæ ногæй сцалцæг кæнын. Цалдæр лæппуйæ ралыг кодтой фæндаджы алыварс цы къутæртæ сæвзæрд, уыдон. Тракторæй ауæрæх кодтой фæндаг, нык-калдтой йыл хуыр æмæ уый фæстæ та Димитр йе ‘мбæлттимæ æрывнæлдтой къул амайынмæ æмæ суа-доны æмбæрзт ногæй раивыны куыстытæм. Сæвæрдтой дзы бандæттæ æмæ ныр суадонмæ чи бацæуы, уыдон дон дæр ахæссынц, бандæттыл дæр аулæфынц, рæсугъд æрдзыл сæ цæст ахæссынц æмæ фæисынц æхцондзинад. Цалцæггæнджытæ куыд банысан кодтой, афтæмæй куыстытæ афоныл бакæныны хъуыддаджы стыр æххуыс райстой паддзахады хицауады разамындæй. Куыд сæ иутæй афтæ ма се ‘ннæтæй дæр райгондæй баззадысты Черепичныйы районы цæрджытæ æмæ ныртæккæ суадон афтæ хæрзарæзтæй чи фены æмæ дзы чи спайда кæны, уыдон се ‘ппæт дæр.

Хурыл дæр ма, дам, стъæлфæнтæ вæййы æмæ мæм иу фиппаинаг  ис.

Донæмбырдгæнæны алыварс хъуыдис зæхх фæныллæгдæр кæнын. Афтæ куы бакодтаиккой, уæд æндæр доны лæдæрсæнтæ æмæ къæвдадон нæ хæццæ кодтаиккой донæмбырдгæнæнмæ. Уырны мæ, ацы куыст дæр та Дмитри æмæ йе ‘ххуысгæнджытæ кæй бахынцдзысты æмæ уыцы гыццыл цухдзинад дæр рæхджы иуварс кæй æрцæудзæнис.

Гæззаты Иван

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.