Уæд ма къаннæг саби уыдтæн. Иуахæмы мæ ныййарæг мад сæумæрайсом хæдзары къæсæрæй куы бахызт, уæд фырдиссагæй йæ цæстытыл ныххæцыд æмæ райдыдта дзурын:
– Мæнæ нæхи Яша йæ трактор райхæлдта æмæ йæ ныххайгай кодта сæ уынджы. Æз стыр дис кæнын, фæстæмæ ма йæ куыд сæмбырд кæндзæн, ууыл. Уыйæппæт хæйттæй чи кæцы бынаты ис, уыдон ма куыд базондзæн.
Фæлæ рацыд бæрцæй цалдæр боны æмæ хъомысджын трактор йæ раздæры хуыз райста, скодта йæ куыстæввонг. Уыцы ныв фенгæйæ та нын æй, ныр та хъæлдзæггъуызæй, æрбахуын кодта. Кæй зæгъын æй хъæуы, тракторы алы хай дæр йæ фондз æнгуылдзау чи зыдта, хъæлæбамæ гæсгæ дæр цахæм уавæры уыд, уый чи хатыд, къорд азты техникæимæ чи архайдта, уыцы куыстдзагъд адæймагæн бынтон æнцон уыд йемæ архайын.
Йе ‘взонджы бонтæй фæстæмæ бауарзта Хуыбиаты Яша техникæ, сæйраджыдæр та тракторимæ архайын. Лæппу цымыдисæй каст æмæ йæ хъусдард здæхта хистæр фæлтæрд трактористты архайдмæ æмæ бæллыд, уый дæр искуы тракторыл куы бабадит æмæ йæ чысыл хайбавæрд куы хæссид æхсæнадон хæдзарады рæзтмæ. Уыцы рæстæджы Цъунары хъæуы трактористтæй куыстой Бигъуылаты Къоста, Джиоты Казимир, Георги. Уыдон канд ацы хæдзарады фæлтæрд æмæ раззагон трактористтыл нымад нæ уыдысты, фæлæ сæ ном хъуыстгонд уыд уæды областы дæр.
Цыд рæстæг æмæ Яша йæ лæппуйы кары куы ба-цыд, уæд цадæггай æххæст кæнын райдыдта йæ бæл-лиц. Уыцы рæстæджы алы трактористтæн дæр уыд, куысты йын чи æххуыс кодтаид, йæ къух ын чи рог кодтаид, ахæм æвзонг æххуысгæнджытæ. Хуыбиаты лæппу дæр райдианы куыста æххуысгæнæгæй æмæ æнæзивæгæй æххæст кодта, йæ разы цы хæстæ уыд, уыдон. Хистæр кары трактористтæ йын кастысты йæ арæхстдзинадмæ, уыдтой æнæзивæг лæппуйы фæразондзи-над æмæ цымыдисдзинад æмæ дзы рухс кодта сæ зæрдæ. Цыбыр рæстæгмæ йыл баууæндыдысты колхозы разамонджытæ æмæ йæм радтой трактор. Кæм ма уыд йæ цинæн кæрон, рагæй фæстæмæ цæмæ бæллыд, уый бафтыд йæ къухты. Фæлæ уæддæр тракторы дырыс куыст æмæ йемæ архайыны уыд дзæвгар сусæг-дзинæдтæ æмæ уыдон та иуварс кодта, кæм йæхи фæразондзинады фæрцы, кæм та фæлтæрд трактористты руаджы.
Афтæ райдыдта Хуыбиаты Яшайы фæллойадон архайд Къостайыхъæуы колхозы. Уыцы азты хæдзарад кæд техникæйæ цух не ‘ййæфта, уæддæр трактористтæй алкæмæн дæр уыд дзæвгар куыст, сæ разылæууæг хæстæ æххæст кæнынмæ кастысты бæрндзинады цæстæй æмæ сын æнтысгæ дæр кодта. Цæвиттон, хуым кодтой æрмæст боныгон нæ, фæлæ æхсæвы дæр. Æмæ мæйрухс сабыр æхсæвы дардæй хъуыст Яшайы тракторы æнæрынцой уынæр дæр. Æмæ цас уыдысты уыцы азты колхозонты аудинæгтæ! Стыр уыд сæ хайбавæрд трактористтæн дæр. Уыдонæн афæдзы алы афон дæр уыд дзæвгар куыстытæ, зымæджы мæйты быдыртæм ластой органикон хъацæнтæ, уалдзæджы мæйты хуым кæнын-тауыны куыстытæн. Иугæр æвзартæ сæвзæрдысты, уæд сæм хастой минералон хъацæнтæ, кодтой сæ культиваци. Къаддæр нæ уыдысты сæ аудинæгтæ сæрд æмæ фæззæджы дæр. Æхсæнадон хæдзарады фосæн зымæгмæ æфснайдтой иу рæстæджы силос, стæй та сенаж æмæ æндæр хуыз холлæгтæ, нæ рох кодтой колхозонтæн сæхи куыстытæ дæр.
Раззагон механизатор фæстæдæр æвзæрст æрцыд Къостайыхъæуы тракторон бригадæйы бригадирæй. Уæд ноджы тынгдæр банкъардта бæрндзинад æмæ йæ хъарутыл æнæауæрдгæйæ бригадæйы уæнгты разæнгард кодта куысты бафæзминаг æнтыстытæм. Зæгъын хъæуы, иу адæймагæн сæдæгай гектартæ мæр бакусын æнцонтæй къухты нæ бафтыдаид. Фæлæ йæ фарсмæ уыдысты йе ‘мбал трактористтæ Хацырты Алыксандр (Цикка), Тегкаты Хъазбег (Габе), Ленины орденхæссæг Тараты Илья, Мæлдзыгаты Майор, Джиоты Алан æмæ иннæтæ. Йæ бирæазон æнæзæрдæхудт фæллойы тыххæй бирæ хæттыты хорзæхджын æрцыд Гуырдзыстоны республикæ æмæ Хуссар Ирыстоны автономон областы Кады грамотæтæй, лæвæрд ын æрцыд хъæууон хæдзарады сгуыхт кусæджы ном, 1974 азы 8 апрелы та хорзæхджын æрцыд Фæллойадон Сырх тырысайы орденæй. Фæлæ иууыл стырдæр цау Хуыбиаты Яшайы царды уыд, 1961 азы æвзæрст кæй æрцыд партийы 22-æм съезды делегатæй.
Хуыбиайы фырт, куыд бирæсывæллонджын бинон-ты ‘хсæн хъомыл кодта, афтæ Яша æмæ йе ‘мкъай Харебаты Феня дæр схъомыл кодтой бирæ зæнæг. Уыдонæй ныр дзæнæттæгтæ Сослан æмæ Владислав сæ фыдау уыдысты механизатортæ æмæ сæ хайбавæрд хастой хæдзарады рæзтмæ. Уыцы рæстæджы республикæйы механизаторты ‘хсæн уагъд цыдысты ерыстæ æмæ дзы ацы дыууæ æфсымæры кæддæриддæр уыдысты уæлахиздзаутæ.
Хуыбиаты Яшайы фæллойадон архайд бæрæгæй зынд иумиаг хæдзарады экономикæйы рæзтыл æмæ йæ фæстæ цы арфæйаг фæд ныууагъта, уый абоны бон дæр нæу рох.

ХУЫБИАТЫ Никъала

Нывы: Галиуæй рахисæрдæм – æртыккаг Хуыбиаты Яша

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.