Дзырдаивад диссаджы бæстæ у сфæлдыстадон удæн. Æрмæстдæр уый фæрцы райгуыры стыр фыссæг, æмæ нын йæ фæстæ ныууадзы стыр æрмдзæф. Ноджыдæр ма иу фиппаинаг: стыр æрмдзæфæн – стыр бæстæ у йæ райгуырæн уæзæг. Ома, стыр æрмдзæфы фæзындæн хъæуы уавæртæ; курдиатæн та лæггад кæнын. Æмæ уæд, цы фыссыс, уый свæййы æнусты бæркад. Уымæ гæсгæ стыр æрмдзæфæй рантысы фыссынады фæтк æмæ æгъдау. Стыр æрмдзæфы хицау йæ уд нывондæн æрхæссы дзырдаивады сæрвæлтау. Зæды хоры доны куы ауадзынц, уæд нæмгуытæ мигæнæны бын æрбадынц, зыгуым та – доны сæрмæ сленк кæны: зыгъуым калд æрцæуы, хор та билцъ рауадзы. Æрмдзæф у сфæлдыстады удылхæцæг. Йæ фæстиуæг та у Дзырдаивады дæсны. Уымæн йæ зонд, йæ уд, йæ сисы бынæй цы рацæуы, уый фæндаг ссары дзыллæйы зæрдæмæ; уырдыгæй та – Дзырдаивады хæзнадонмæ.

Фæлæ цалынмæ ахæм æмвæзадмæ не схизай, уæдмæ хъуамæ лæмбынæг базонгæ уай, Стыр фысджыты – Стыр æрмдзæфимæ, классикон уацмысты бæркадимæ. Стыр фыссæг дуджы хъæбул у, æмæ уымæ гæсгæ фидæныл фæхъуыды кæны. Фидæныл чи фæхъуыды кæны, уый та цæстуарзон ныхас фæзæгъы курдиаты тыххæй. Нигер йæ иу къах иннæуыл куы сæвæрдтаид, уæд Дзесты Куыдзæг, Мамсыраты Дæбе, Хъамбердиаты Мысост, Хозиты Яков, Калоты Хазби, Кочысаты Мухарбег æмæ иннæтыл, йæхи хъæбултау, куы нæ аудыдтаид, уæд абон нæ цæсты афтæ нæ ахадид. Уымæй уæлдай ма Дзырдаивады уазнысан уыд Стыр æрмдзæфы хицау, цыргъзонд æмæ арæхстджын адæймаг. Стыр æрмдзæф, Хуыцауы раз иууылдæр æмсæр сты: æцæг, иутæм ис æрдзмæ фарстытæ дæттыны хъомыс, æмдзæвгæтæ фыссыны курдиат, сурæттæ нывæндыны арæхстад, иннæтæм та – фæзмыны æууæлтæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, хъуыддаг æрмæст ууыл нæ ахицæн вæййы, уымæн æмæ Стыр æрмдзæф æмвæзад уарзы. Æмæ уымæн лæггад кæныны рæстæг схардз вæййынц нывгæнæгæн йæ буары тыхтæ иууылдæр.

Алы Стыр æрмдзæфы хицаумæ дæр хъуамæ уа кæстæртæн фæндаг амоныны хъомыс. Æмæ сын уый фадат дæтдзæн сæ курдиаты къуыбылойы æндах арæхстджындæрæй райхалынмæ. Фидарæй мæ уырны, нæ классикон литературæйы цæджындзтæ ахæм миниуджытæй хайджын кæй уыдысты, уый. Адæмы хъуыдæджы фидар сыфтæ дæр уый тыххæй систы.

Стыр фыссæгæн – стыр æрмдзæф вæййы

Стыр æрмдзæфæн лæггад кæнын, уыцы-иу рæстæг, у зын æмæ æхсызгон. Зын – уымæн æмæ алкæй бон нæу лæггад кæнын – уæззау уаргъы бæрн хæссын, æхсызгон та – уымæн, æмæ уый уæззау цард хуымæтæгдæр кæны, хизы йæ уæлдай фарстытæй: (“Æхсæвæй-бонæй мæхи цæуыл хæрын?”, “Кæй хъæуынц уыцы æппæт фыдæбæттæ?”, “Кæд æцæг цард мæ фæрсты аивгъуыдта?”). Стыр æрмдзæфы æцæг лæггадгæнджыты удуæлдай куыстæй ахæм фарстытæн дзуаппытæ агурынмæ не ‘вдæлы. Стыр æрмдзæфы хицауы – стыр кæны йæ уавæр дæр. Æхсæнадыл аудынад дæр арфæйаг хъуыддаг у нывгæнæджы архайды мидæг. Æмæ сын дзырдаивады дæснытæ дæр стыр бузныгады уымæн цыдысты, зæххон зæдтæ дæр сæ хуымæтæджы нæ хуыдтой. Абон, æхсæнадон царды, монады пехуымпартæн, ахæм стыр кад нал ис. Уый та лæджы хуызæн лæгтæн сæрмæхæссинаг хъуыддаг нæу. Нæ разагъды лæгтæ йæ рæстæджы амондджын уымæй уыдысты, æмæ сын æхсæнад кад кæнын зыдта. Чи зоны, исчи афтæ бафæрса: “Æмæ æндзыгады азты уымæн куыд уыдис гæнæн?” Стыр æрмдзæфы цытджын эстетикæйы бауромын ни- кæй бон у. Стыр æрмдзæф царды мидисæн йæ астæуккаг цæджындз у. Æнæ уымæй уæвæн нæ уыдаид Пушкин æмæ Къоста, Чехов æмæ Арсен, Блок æмæ Æрнигоны сфæлдыстадæн. Уымæ гæсгæ цыфæнды хицауадæн дæр йæ хæс у, Стыр æрмдзæф кæмæ ис, уыцы Стыр фысджытыл аудын. Мæнмæ гæсгæ, уый хорз æмбары Владимир Путин дæр, æндæр 2015 азы литературæйы азыл нæ банымадтаид. Хъыгагæн, Плиты Грис, Нафи, Джыккайты Шамил æмæ иннæты ацыды фæстæ Ирон литературæйы тыгъдады фæцудыдтой Стыр æрмдзæфы цæугæ мæсгуытæ æмæ лæугæ хæхтæ. Стыр æрмдзæф арæх æцæгдзинады тыгъдады фесæфы стыр фыссæджы ацыдимæ, ног курдиаты фæзынд æй не ‘рыййафы, афтæмæй. Бабын æй кæны адæмы куыдфæндыйы цæстæнгас.

Стыр æрмдзæф адæймаджы, æнæмæнгæй, кæны фæлварæнты фæндагыл æмæ æгъатырæй фæзæгъы “бæлццонæн”: Гъеныр, мæ хур, дæ хъару æмæ дæхæдæг!” Фæндаггонимæ Стыр æрмдзæф дæр араст вæййы рæстæджы фæлварæн дæттынмæ. Стыр бæстæйы фехæлдимæ æвзæр бонтæ скодта Стыр æрмдзæфыл дæр. “Классиктæ махæй цæмæй лæгдæр сты”, – ахæм ныхасгæнджытæ сбирæ сты æмæ ма сын бауромæн уыдис. – Цъиувæдис систой! Ирон классикты бирæтомон уацмыстæ дам-думты бын фесты. Уыцы модæ нæ бæстæмæ æрбацыдис Ныгуылæн Европæйæ: уым Стыр фысджытæ æгады бынаты æвæрд кæй æрцыдысты, уымæ гæсгæ Стыр æрмдзæфы фæстиуджытæ дæр никæйуал хъæуынц. Европæ кæддæры хæрзæгъдауджын бынат нал у, фæлæ сыла-нæла æмæ куырысмæдзауты континент. Нæ бæстæйæ фæстаг дæсазонты уырдæм бирæ ахуыргæндтæ, фысджытæ, нывгæнджытæ æмæ музыканттæ, бæргæ, алыгъдысты, фæлæ сын дзы ницы рауад.

Стыр фыссæгæн - стыр æрмдзæф вæййы

Уымæн æмæ уыдоны дæр Стыр æрмдзæф æмæ стыр фысджытæ нæ хъуыдис, фæлæ хиирхæфсæн уацмыстæ. Суанг Израилы дæр фæсивæды Æцæгдзинады Культы куырыхонтæ нал хъæуынц; æхсæнад æмæ паддзахад сæ ныхмæ систы – уыдон дæр, дам, æфсадмæ цæуæнт. Ахуыргæндты зонадон скъолатæм цæуæг нал ис. Хъуыддаг афтæ куы ацæуа, уæд нырыккон æхсæнады монон уавæр бынтондæр нæ цæстыты раз раууатмæ æрцæудзæн. Чырыстийы райгуырæн бæстæйæ фæсивæд лидзынц АИШ æмæ иннæ ныгуылæйнаг бæстæтæм. Ныгуылæны æнтыстджын фыссæг æмæ ахуыргонд нысан кæнынц “зонды къуыбар” нæ, фæлæ бирæ æхца чи кусы, уыдон. Стыр æрмдзæф, куыд сфæлдыстадон æнтыст, афтæ цымыдис никæйуал кæны. Уый адыл сбирæ сты, иу фыссæгæн æхцайыл чи фыссы, ахæм сфæлдыстадон къордтæ. Æмæ “иумæйаг зонды” фæрцы сæхицæн самал кæнынц алыхуызон стипендитæ, гранттæ æмæ премитæ. Америкæйы Иугонд Штатты та бынтон диссаджы хатдзæгмæ æрцыдысты: зонад, культурæ æмæ дзырдаивады номдзыд архайджытæ хъомыл кæнын ницæмæн хъæуы, ис сын балхæнæн. Иугай адæймæгты балхæнæн ис, Стыр æрмдзæфы хицауы – нæй!

Стыр фыссæгæн – стыр æрмдзæф вæййы

Æмæ уымæн хорз дæнцæг æрхæссæн ис Дыууæ номдзыд æмæ хъуыстгонд фыссæджы цардæй. Уырыссаг чиныгкæсджытæм (стæй канд уыдонмæ нæ!) уыцы-иу рæстæг æрбацыдысты дыууæ зындгонд уацмысы Борис Пастернакы роман “Доктор Живаго” æмæ В. Гроссманы уацау “Все течет” (фыст дæр æрцыдысты иу заманы). Абарæм ма сæ авторты кæрæдзиуыл. Ахæм абарстæн та бындур ис, В. Гроссман дæр фыссы Уæрæсе æмæ революцийы фæстиуджытыл. Фæлæ кæд Пастернакæн Уæрæсе у – хиссыгъдæгкæныны цырагъ æппæт зæххы къорийы тæригъæдтæн, йæ сæрнывондад – адæмты цалдæр мин азы историйы уæлдæр уысм, уæд Гроссманæн та Уæрæсе нысан кæны, зæххы къорийы адæмты рæзты истори чи æрлæууын кодта, Ныгуылæнæй æрбацæуæг сæрибаруарзаг революцион хъуыдытæ чи фесæфта, ахæм “миназыккон цагъарады” бæстæ. Цы диссаджы аргъгонд ис фыдызæххæн нæ разы, уый нын уæлдайджынтæй фадат дæтты, Борис Пастернак цы стыр фыссæг æмæ стыр æрмдзæфы хицау уыд, ууыл асагъæс кæнынæн.

Мæнæ куыд фыссы, уый тыххæй нæхи Шамил та: “Фыссæгæн йæхи æрмдзæф хъуамæ уа. Фæндыры тынтæй дыууæ иухуызон зæлтæ куы дæттой, уæд сæ иу уæлдай у”. Стыр æрмдзæф кæмæн ис Ирон литературæйы, уыцы фысджыты хъысмæт æмæ литературон бынтæ мын æнцойад нæ дæттынц. Уыдон Хуыцауы фæндæй фысджытæ кæй систы, уый сын йемæ æрбахаста курдиаты фарн. Æрмæст ахæм фыссæджы бон уыдис абоны æцæгдзинады – сомбоны комулæфт банкъарын. Уыдонæн сæ удыхъæды чиныгкæсджытæ раиртæстой уыцы адæмы цытджын удыхъæд. Сæ дуджы æвадат рæстæджы нæ дзырдаивады дæснытæ нæ фесæфтой сæ адæймагон удыхъæд. Стыр æрмдзæфы хицæуттæ, Марк Аврелийы загъдау, сæхиуыл нæ фæхъуыды кæнынц. Сæ сагъæстæ баст вæййынц, адæймагæй фæцæрын, хъысмæтæй разы уæвын, миддуне уарзт æмæ хæрзаудæн хъуыддæгтæй рæвдауынмæ. Рæстæджы сусæг улæфт, æрдз æмæ дунесконды комулæфтмæ сæ фæхоны фæлдзусады узæлд. Генийы ореолыл цин кæнынмæ сæ нæ февдæлы – куыстæй, мæтæй, сагъæстæй – хъуырмæ вæййынц. Æрвылбоны хъынцъымтæ сæ ахонынц сфæлдыстады фæндагыл – рæстдзинады нысанмæ – арвгæроны зæрдæхсайæн тыгъдадмæ.

Стыр фыссæг – стыр темæты бæрны бацæуы. Æмæ уымæн хорз æвдисæн у Джусойты Нафийы сфæлдыстад. Нæ цытджын фыссæг йæ хъару цы нæ темæйы бавзæрста (поэт æмæ поэзи, цард æмæ литературæ, фыссæджы бæрн чиныгкæсджыты разы, уарзт æмæ фыдæх, хъысмæт æмæ сгуыхт, цард æмæ мæлæт æмæ æнд.), ахæм нал баззад. Йе ‘нæкæрон уацмысты мидæг Нафи дзыллæмæ хуымæтæг æвзагæй хæццæ кодта монон æмæ фæткæвæрдадон æнкъарынад, цæмæй фæлывд æмæ рæстдзинад, æцæг æмæ мæнг, кæрæдзийæ хицæн кæнын фæразой, уый тыххæй. Æмæ йын уыцы фæрныг куысты мидæг чысыл нæ бантыст йæ иубæстон адæмы хуссарæй – цæгатмæ раст зондыл æвæрынæн. Йæ бон цас уыдис, уыйбæрц æфтыдта Ирыстоны монон æмæ фæткæвæрдадон къæбицы исбоныл. Дзыллæйы зæрдæйы ахæм хъуыды фидар кæнын йæ бон бауыдаид æрмæстдæр цытджын фыссæгæн æмæ ахуыргондæн. Джусойы-фырт иу дæр æмæ иннæ дæр уæвгæйæ, дзагармæй æфтыдта нæ адæмы фарныл. Æнусон хæзнатыл ахуыргæнгæйæ, уый схъомыл кодта ирон фысджыты цалдæр фæлтæры. Афтæ зæгъæн ис йæ зонадон, аивадон æмæ æхсæнадон куыстыл иумæ сагъæсгæнгæйæ.

Рæстæг æмæ тыгъдадыл уæлахизгæнгæйæ, стыр æрмдзæфы пехуымпартæ æхсидгæ æмæ æдæрсгæ фæлгæсын райдайынц зæххы къорийы фидæнмæ. Æмæ дзы фенынц сæ фæдонты дарддæры фæндаг, æхсæнады мононфæлдзусадон æрдзыхъæд, адæймаджы химбарынад æмæ йæ хъуыдыты рæгъ. Стыр æрмдзæфы фидиуæг, дун-дунейы бастдзинад удгоймагимæ нывæндгæйæ, уый агуры æмæ ссары нывгæнæджы зондахаст. Кæддæр Гете (Эккерманимæ ныхæсты мидæг) раргом кодта “Хуызы тыххæй ахуырады” йæ рæбинаг хъуыдытæ. Уым цытджын поэт æппæтæй бæрзонддæр систа адæймаджы удварны æвæрæнтæ империон, сфæлдыстадон æмæ зонадон хуызы сахуыр кæнын. Уый уымæн афтæ рауайы, æмæ æрдз гом чиныгæй уæлдай нæу, кæс æмæ йæ кæс. Стыр æрмдзæфы уадæмбал æрмдзæф у æнусон базон-базон, аивадон размæцыды бæрзонд уазнысан, йæ удгоймагады цыдæриддæр ирдæй бахсиды, уый. Уымæ гæсгæ цытджын удыхъæды хицау бирæвæрсыг æууæлтæй йæхи бабæтты чиныгкæсджыты цымыдисимæ, æмæ нæм æххæстæй разынынц йæ монон дунейы æрдхæрæны миниуджытæ.

Æрмæстдæр ахæм æххæст æмæ фæлдзусадон удыхъæды æрцагурдзæн йæхицæн ахстон стыр æрмдзæфы рæвдауæг удгоймаг. Уыцы фæлдзусад ын фадат радты уд – уæлдай сфæлдыстадон куыст кæнынмæ. Алы Стыр нывгæнæг дæр йæхæдæг йæхи снывæнды арвæрдыны хуызтæй, стъалытæм фæндаг дæр ын уыдон бацамонынц; хуры тынау, æй сæхимæ сласынц. Стыр æрмдзæфы хицауæн йæ бон фæлдисын вæййы, цалынмæ дис кæныны æууæлтæ нæ фесафы, уæдмæ. Суанг интуитивон æнкъарæнтæ дæр хъуамæ хата сурæтвæлдисæг удварн (удыхъæд). Æрымысæм-ма Гетейы иннæ зындгонд максимæ дæр: “Æнкъарæнтæ нæ сайынц, сайгæ сæнттæ æмæ сагъæстæ кæнынц”. Уымæ гæсгæ, Стыр æрмдзæф нывæндæджы, йæ алыварс дунемæ фæлгæсгæйæ, мах интуитивон æгъдауæй банкъарæм йæ сусæгтæ æмæ базон-базонтæ. Уыдоны æрттывды рухсагурæг уд фены идеалон, æххæстадон æмæ æрвон уазнысантæ, уымæн æмæ не Сфæлдисæг адæймагимæ дзуры æрмæст символтæй, аллегоритæй, фæсномыгтæй. Æмæ кæд хъуыддаг иугæр афтæ у, уæд Стыр æрмдзæф нывæндæг дæр йæхæдæг йæхицæн свæййы базон-базон.

Гъе уымæ гæсгæ, цытджын фыссæджы сурæт, цæстфæливæг кристаллы æрттывдау, алы фæлтæры размæ дæр равдисы ног æууæлтæ æмæ ног тигътæ. Нывгæнæгæн аивады сæрвæлтау йæхи бахъахъхъæнын æнцон хъуыддаг нæу. Дæ цард сфæлдыстадæн снывонд кæнын æрмæст гениты къухы бафты. Æмæ сæм æнусон кад дæр уый тыххæй æрцæуы. Стыр æрмдзæфы хицауæн Хуыцау курдиат йæ удыхъæды куы ныуулæфы, уæд йæ уацмыстæн аивадон хуыз радтын зын хъуыддаг нал вæййы. Афтæ рауад йæ хъысмæт нæхи Къостайæн дæр. Поэты фидарæй уырныдта йæ миддунейы “рухсхæссынады” хъомыс. Уыцы рухсхæссынады тынтæ йæ ныр дыккаг æнус иу кæнынц æнæкæрон чиныгкæсджыты цымыдисдзинадимæ. Æцæгдзинады тыгъдады мин цауæн сæ сæйрагдæр æрцахсын æнцон хъуыддæгтæй нæу. Фæлæ махмæ вазыгджындæр кæсы цытджын нывгæнæджы тырнынады æппæт архайды мидæг удæгас, монон æмиуад агурын адæймаджы монады комулæфтимæ. Ахæм монон сгуыхты фæрцы Къоста ссардта æнæмæлæт бынат йæ дзыллæйы зæрдæйы.

Стыр æрмдзæфы хицау аивадон хуызы нывæнды цард, чиныгкæсæг йæ цæстытыл ауайы зондджын æмæ фендджын адæймагæй, уымæ гæсгæ йæ къухы бафты царды цаутæн сæ тæккæ цымыдисагдæр равдисын. Ахæм курдиаты зынг Хуыцау кæмæн радты, уый, æнæмæнгæй, вæййы цыргъзонд æмæ цæстуарзон. Йæ удварны йе ‘нтыстдзинадæй сæрзилæн уавæр никуы вæййы, уымæ гæсгæ йæ хъайтартæ дæр сæрибар вæййынц ахæм миниуджытæй. Стыр æрмдзæфы хицауæн йæ аивадон мадзал амад цæуы, йæ сурæтты лæгъз кæй нæ кæны, уымæй. Сфæлдыстадон уынынады хицау уæвгæйæ, уый чиныгкæсæджы дæр сæвæры уыцы хаххыл, æмæ йæ, уыцы-иу рæстæг, адæймаджы йæ цауты астæу равдисы æххæстæй. Йæ уацмысы райдайæнæй йæ кæронмæ, уый рæстдзинады хаххæй нæ хизы, афтæмæй амоны йæ мидисамады хахх. Рæстдзинадæй иуварс кæй нæ хизы, уый фæрцы йæ аивадон æрмдзæф хæлгæ нæ кæны, фæлæ æрдзон хуызы рæзгæ. Гъе уый фæрцы Стыр æрмдзæфы сфæлдисæджы къухы бафты чиныгкæсджыты дисы æфтауын, цæмæй дзы алчидæр æхсызгонæй сагъæс кæна, цы дуджы æмæ цы рæстæджы цæры, ууыл.

Стыр æрмдзæф нывæндæгæн уый вæййы хиирхæфсыны фæрæз нæ, фæлæ аивадон мадзалы райдайæн. Дзырды фæрцы кæсджыты уд ирвæзынгæнæн хуымæтæджы æууæл нæ вæййы, фæлæ фæлгонцты рæгъ аразыны мадзæлттæй иу. Адæймаджы психологи равдисын æнцон хъуыддаг никуы уыдис цыфæнды стыр фыссæгæн дæр. Фæлæ стыр æрмдзæфы диссаг уый мидæг вæййы, æмæ æдзух дæр цæуы йæхи донвæдыл. Хи азфыстæй – хъайтарты азфыстмæ хид саразын алкæддæр фæлварæн фæндаг вæййы. Æнæ уымæй æрдзон хуызы сæ удварны фыссæджы комулæфтæн бауадзæн нæй. Стыр æрмдзæфы хицау хæрзæгъдаудзинады монон æнкъуыстыты уавæры куы бахауы, уæд сбæрæг вæййы йæ аивадон тых æмæ хъомысы иудзинад (æмиуад). Стыр æрмдзæфы хицауы алы уацмыс дæр фыст вæййы абон æмæ фидæны сæрвæлтау. Дзырдаивады бирææнусон фæлтæрддзинад дæр ууыл дзурæг у.

Стыр æрмдзæфы хицауы къухы æнтыстдзинад бафты, Хуыцауы фæдзæхст кæй нæ рох кæны, уый фæрцы. Æрлæууын-ма кæнæм нæ зæрдыл, цы хуызы уыдта не Сфæлдисæг зæххон адæймаджы – “йæхи сурæт æмæ йæхи хуызæджы”. Кæй зæгъын æй хъæуы, нæ разагъды фысджытæй сæ хъайтарты ахæм хуызы чи уыдта, уыдон систы Стыр æрмдзæфы фидиуджытæ. Æнусон чиныг – Библийы хуымæтæджы нæ загъдæуы: “Бæласæн аргъ кæнут йæ дыргътæм гæсгæ”.

 ХОЗИТЫ Барис

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.