Горæты боны юбилей Къуайса банысан кодта бæрæгбонон мадзæлттæй, цыран хайад райстой РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, горæт Къуайсайы администрацийы сæргълæууæг Гæззаты Роберт æмæ республикæйы районты администрациты къухдариуæггæнджытæ.

Бæрæгбонмæ культурæйы хъæууон хæдзæрттæ бацæттæ кодтой хъæздыг культурон-хиирхæфсæн программæ горæты цæрджытæ æмæ уазджытæн. Цхинвалæй йе сфæлдыстадон номыртимæ æрбацыд ансамбль «Амонд», вокалисткæ Кристина Гогинова æмæ æндæр артисттæ.

Пухаты Эрик зæрдæбын арфæ ракодта горæт-юбилярæн, бафæндыд æй уымæн æнтыстытæ. «Зынаргъ хæлæрттæ! Абон мах нысан кæнæм æрмæст горæты юбилей нæ, кæцы ног статусы рацард 10 азы, фæлæ Къуайсайы æппæт æмæхсæнады царды ахсджиаг рæстæг, кæцы рацыд аккаг историон фæндагыл. Районы экономикон вазыгджындзи-нæдтæм нæ ксæгæйæ, Къуайса бахъахъхъæдта йæ хъомыс, йæ цардарæзты фæндагыл цæу-гæйæ. Фæстаг рæстæджы арæзт æмæ капиталон цалцæг æрцыдысты культурон объекттæ, медицинон уагдæттæ, скъолатæ, спортивон арæзтæдтæ æмæ æндæртæ.

Æмæ нæ хæс у, цæмæй адарддæр кæнæм ацы позитивон рацарæзтытæ, регионæн йæ раздæры сæудæджерадон хъомыс раздахгæйæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, нырма бирæ проблемæтæ ис, уыцы нымæцы фæндагон инфраструктурæимæ баст проблемæтæ дæр. Фæлæ Хицауад æппæт тыхтæй дæр спайда кæндзæн, цæмæй Къуайсайæ арæзт æрцæуа цæрынæн хæрзвадат бынат цæрджыты æппæт фæлтæртæн. Фæнды мæ горæты æппæт цæрджытæн арфæ-йы ныхæстæ зæгъын сæ куысты, райгуырæн къуыммæ сæ уарзондзинады æмæ æнувыддзинады, активон цардуагон позицийы тыххæй, кæцы Къуайсайæн фадат дæтты иугонд организмæй, æмвæнд æхсæнадæй баззайынæн.

Мæ зæрдæ уын зæгъы дидинæфтыд! Уадз, алы къуайсайаджы, алы бинонты цард дæр æххæст уæд фарнæй, уды хъармдзинадæй, циндзинадæй æмæ фидæны хуыздæр ныфсæй. Мæ зæрдæ зæгъы алкæмæндæр æнæниздзинад, сабырдзинад æмæ амонд!», – банысан кодта Пухаты Эрик.

РХИ-йы Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.