Тъæнджы мæйы 22 боны райсомы 7 сахатыл  æрлæууыд Плиты Жаннæйы зæрдæ

Ивгъуыд æмæ нырыккон дуджы зынгæдæр композитортæй сæ иуыл банымадта Плиты Жаннæйы  Цæгат Ирыстоны Композиторты цæдисы сæрдар Махъоты Ацæмæз.

«Плиты Жаннæ у – дунеон æмвæзады композитор, кæцыйæн йæ ном баззадис историйы.  Йе сфæлдыстад никуы уыдзæн рох, йæ уацмыстæ йын алкæддæр æххæст кæндзысты, кæддæриддæр цымыдисаг æмæ хъæугæ уыдзысты. Æз æй  æвæрын София Губайдулина, Родион Щедрин, Александр Чайковскиимæ иу рæнхъыл. Жанна у – планетарон масштабы адæймаг. Ахæм æмвæзады адæймаг, цахæмтæ сты Гергиты Валери, Билаонты Долорес, Дудараты Вероникæ. Йæ арфбындурон ирон уидæгтæ ноджы æрфидар сты Ленинграды консерваторийы хуыздæр традицитæ æмæ зонындзинæдтæй æмæ афтæмæй иттæг хорз базыдта дунеон, советон, уырыссаг, ирон музыкæ æмæ дзы спайда кодта йе сфæлдыстады.» /Махъоты Ацæмæз/

Цымыдисаг, æнтыстджын æмæ уыимæ трагикон уыдис Жаннæйы цард. Цалдæр къуырийы ма баззад йæ 75 азы юбилеймæ, афтæмæй «залты мит ныууарыд» йæ «царды æфцæгыл». 2015 азæй фæстæмæ уыдис уæззау рынчын. Ам, Цхинвалы та æрцардис ногæй – фыдгæнæджы аххосæй бахаудта уатмæ æмæ йæ нæ ныууагътой йе ‘мхæрæфырт хотæ Мæскуыйы иунæгæй. Ӕрластой йæ райгуырæн бæстæмæ, райгуырæн горæтмæ æмæ йæм зылдысты. Аудыдтой йыл кæддæриддæр хицауиуæг структурæтæ: Президенты администраци, Культурæйы министрад, арæх-иу æй абæрæг кодтой йæ зонгæтæ, хæстæджытæ. Мæскуыйы цæргæйæ бынтон иунæгæй та баззадис йæ иунæг лæппу, Ӕрсойты Артуры зианы фæстæ.

Алæмæты курдиатджын уыдис йæ хъæбул дæр. Суинаг композитор Чайковскийы номыл Мæскуыйы консерватори фæуд кодта æмæ фæстаг курсы ахуыр кодта, афтæмæй йыл 2005 азы æрцыдис æнамонд цау.

Йæ хъæбулы  мæлæты азы бонмæ, 2006 азы, Жаннæ бацæттæ кодта концертон программæ «Фырты ныхас мадимæ».  Программæмæ бахаста æмæ йæхæдæг сæххæст кодта концерты æмном композици. Ам Жаннæ йæ лæппуйы æмæ йæхи музыкалон гармонитæй «сбыдта» ахæм зæрдæмæхъаргæ уацмыс æмæ концертмæ æрбацæуæг адæм сæ цæссыгæй сæхи фехсадтой. Жаннæйы космосон, уæлзæххон зæлтæ баиу сты Артуры фæлмæн мелодикæимæ æмæ дзы рауадис æцæг шедевр – уæлтæмæн, уæларвон музыкæ.  Уый уыдис ныййарæг æмæ хъæбулы æхсæн уарзондзинады гимн.

Уыцы трагедийы размæ йын сфæлдыстады цытæ бантыстис, уыдон ранымайын æнцон нæу. Фæлæ сæ æнæмæнг æрымысын хъæуы.

Плиты Василийы чызг Жаннæ райгуырдис Цхинвалы. Ахуыр кодта Орджоникидзейы музыкалон училищæйы, специалон фортепианон хайады æмæ уый каст куы фæцис, уæд бацыдис Ленинграды консерваторимæ фортепианон факультетмæ, фæстæдæр та – композицийы факультетмæ. Дзæвгар рæстæг фæкуыста Цхинвалы музыкалон училищæйы директорæй. 1976 азы Жаннæ ссис Советон композиторты цæдисы уæнг.

Нырма æвзонг адæймагæй ацыдис  Мæскуымæ. Уым Маяковскийы номыл метростанцы цур композиторты кооперативон хæдзары йын уыдис иууатон фатер æмæ уым цардис йæ хъæбулимæ 6-æм уæладзыджы. 13-æм уæладзыджы та цардис йæ фыды æфсымæр, зындгонд ирон композитор, ирон профессионалон композиторон скъолайы бындурæвæрджытæй сæ иу, фыццаг ирон оперæ «Къоста»-йы автор Плиты Христофор Сосланы фырт.

Йе сфæлдыстадон бынтæ бирæ сты Жаннæйæн – 6  симфонийы, 3 балеты, бирæнымæц камерон, вокалон, инструменталон уацмыстæ. Ноджы ма фыста музыкæ фыццаг ирон анимацион кинонывтæм, Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны драмон театрты спектаклтæм.  Сæрмагонд бынат бацахста Жаннæйæн йæ зæрдæйы æмæ йе сфæлдыстады Беслæны æвирхъау трагеди æмæ йæ зæрдæйы æнкъарæнтæй райгуырдис симфони «Недосказанное».

1993 азы Токиойы II-аг æхсæндунеон конкурсы Плиты Жаннæ пьесæ «Мираж»-æй райста сæрмагонд приз.1998 азы – анимацион кинойы æхсæндунеон фестивалы Гран-при, дыууæ азы фæстæ – IX-æм æхсæндунеон кинофорумы йæ музыкæ анимацион киноныв «Волшебная свирель»-мæ рамбылдта  «Золотой витязь».

Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон преми та йын радтой 2002 азы балет «Арвайдæн»-мæ фыст музыкæйы тыххæй. Балет æвæрд æрцыд Цæгат Ирыстоны Паддзахадон музыкалон театр «Арвайдæн»-ы Нарты кадджытæм гæсгæ сюжетыл. Мæхæдæг федтон уыцы спектакль Мæскуыйы Малый Театры сценæйыл æмæ мæ никуы ферох уыдзысты уыцы æнкъарæнтæ, уыцы аив уæлæдарæс, уыцы кæфтытæ, уæлдайдæр та – музыкæ. Жаннæйы зæрдæйы гуырд музыкæ.

Европæ æмæ Уæрæсейы хуыздæр оркестртæ æххæст кæнынц йæ музыкæ. Маэстро Гергиты Валери у Жаннæйы  увертюрæ «Бæрæгбонон»-ы дирижер.  Ранымад æнтыстытæм ма бирæ цыдæртæ бафтауæн ис.

Зындгонд композитор, бирæ азты дæргъы Уæрæсейы Композиторты цæдисы сæрдар Тихон Хренников Плиты Жаннæйы тыххæй фыста; «Фыдызæххæй нæ хицæн кæнгæйæ, ногдзинæдтæм-иу  атырныдта. Бынтон ног композиторон фæрæзтæй пайда кæнгæйæ, иузæрдион уыдис традицион, тоналон музыкæйæн». Тихон Хренников ма Жаннæйы хуыдта æнахуыр рæсугъд,  фантастикон уацмыстæ кæй бон у æрымысын,  ахæм зынгæ симфонист,

Мæскуы, Композиторты хæдзар, 2010 азы ноябры. Фестиваль «Московская осень». Къух бакæнæн нæй залы. Сценæмæ рацыди композитор, сбадтис роялы цур, ныццагъта æмæ ныззарыд… иронау.  Уый уыдис Уæрæсейы  Паддзахадон премийы лауреат Плиты Жаннæ.

Уыцы концерты хъуыстон композици «Фырты ныхас мадимæ» дыккаг хатт. Цæссыг та феггуырст ногæй. Фæлæ мæнæ концерты кæрон азæлыд бынтон цардвидаргæнæг, райдзаст композици «Мæ зæрдæ зары»…

Ахæмæй йæ базыдтон Жаннæйы.  Цард æмæ сфæлдыстад уыйбæрц уарзта æмæ йе стыр зын æмбæхста æцæгæлон адæмæй, йæхи ныффидар кодта. Бирæ бæллицтæ æмæ пълæнттæ  йæм уыдис. Арæх-иу дзырдта:

– Цыфæндыйæ дæр цард йæ цыд кæны, æмæ цыфæндыйæ дæр цæрын хъæуы. Æрхæндæг æнкъарæнтæ зæрдæмæ уадзын нæ хъæуы.

Бузныг, Жаннæ, кæй нын уыдтæ æмæ уыдзынæ дæ уæларвон, курдиатджын музыкæйы æнустæм. Æцæг дунемæ фæцæуыс æмæ дын Барастыр йæ цъæх нæууыл дзæнæттон бынат саккаг кæнæд.

Дамбегти Ирина