Радон хатт та хуссарирыстойнаг теннисисттæ хайад райстой Абхазы стъолы теннисы федера-цийы фыццаг президент Омар Кварчияйы номарæн турниры. Ныр сын бантыст дыууæ майданы рамбулын. Фыццаг бынат бацахста Къуылыхты Заринæ, æртыккаг та ссис Лалыты Азæ. Сæ тренер у Остъаты Лидия.

Хуссарирыстойнаг теннисисттæн ма Абхазмæ сæ балцы рæстæджы арæзт æрцыд экскурси Новый Афонмæ.

Ныр хуссарирыстойнаг тенниссисткæтæ сæхи цæттæ кæндзысты Хъызлары уагъдцæуæг тур-нирмæ, кæцы уыдзæн программæ «Будущее России»-йы фæлгæтты.

 

ГРЕКЪАГ-РОМАГ ХЪÆБЫСХÆСТ

19 августы Иорданийы райдайдзæн 18 азы онг кæуыл цæуы, уыцы богалты ‘хсæн дунейы чемпионат грекъаг-ромаг хъæбысхæстæй. Ерысты Уæрæсейы æмбырдгонд командæйы сконды хайад райсдзæн ирон спортсмен Мæргъиты Марат. Уый йæ тыхтæ фæлвардзæн 60 кг уæзы категорийы.

 

СПОРТИВОН ХЪÆБЫСХÆСТ

Уæрæсейы спортивон хъæбысхæсты федераци фехъусын кодта бæстæйы æмбырдгонд коман-дæйы  гауызы мастерты ‘хсæн дунейы чемпионаты хайад чи райсдзæн, уыдон номхыгъд. Командæмæ бахаудта хуссарирыстойнаг богал Зассеты Алан дæр. Ерыстæ уагъд цæудзысты 6-14 октябры хорватаг горæт Поречы.

Зассеты Алан ацы аз ссис БРИКС-ы хъæзтыты бронзæйон призер, афтæ ма гауызы дæсныты ‘хсæн рамбылдта Уæрæсейы Кубок.

 

ХУРИТЫ Батрадз

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.