Къуайсайы уагъд æрцыд Дзауы районы чемпионат стъолы теннисæй. Призтыл тох кодтой 32 спортсмены. Ерысты хайадисджытæн раарфæ кодтой районы администрацийы спорты хайады сæргълæууæг Джиоты Алик, стъолы теннисы федерацийы президент Джиоты Мириан æмæ Къуайсайы спортивон залы директор Битеты Сæрмæт. Ерысты бæрæггæнæнтæм гæсгæ лæппуты хсæн фæуæлахиз Хуыгаты Артур, æвзист призер ссис Теблойты Аслан, пьедесталы æртыккаг къæпхæнмæ та схызт Наниты Хетæг. Уыдон иууылдæр сты Къуайсайæ.

Чызджыты ‘хсæн фыццаг ссис къуайсайаг Теблойты Камиллæ, æвзист майдан рамбылдта Дзауы минæвар Тыджыты Миланæ æмæ бронзæйон хорзæх та бафтыд къуайсайаг Хуыгаты Викторияйы къухты. Уæлахизмæ тырнындзинад приз лæвæрд æрцыд Хуыцъейы минæвар Джиоты Асланæн, спортуарзджыты сæрмагонд приз та райста къуайсайаг Хъæцæзты Бэлæ.

ФУТБОЛ

Дзæуджыхъæуы футболон командæ «Алани»-йæн нысан æрцыд ног сæйраг тренер. Клубимæ 1,5+1 азы системæмæ гæсгæ контрактыл йæ къух æрфыста Олег Василенко. Специалист йæ рæстæджы куыста ахæм командæты, куыд «Сатурн», «Жемчужина-Сочи», «Динамо» Минск, «Краснодар», «Анжи», «Урал», «Сочи», РФШ, «Тракай», «Балтика», «Авангард», «Мордовия» æмæ «Факел».

Йæ тренерон штабмæ хуынд æрцыд Денис Попов. Уый кусдзæн сæйраг тренеры æххуысгæнæджы бынаты. Йæ рæстæджы хъазыд ахæм командæты куыд ÆЦСК, «Кубань», «Торпедо» æмæ «Химки»-йы. «Æфсддонты» сконды ссис Уæрæсейы чемпион æмæ бæстæйы Кубокы уæлахиздзау. Хъазыд Уæрæсейы æмбырдгонды сконды.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.