Хуссар Ирыстоны Парламент радон рабадты хорзыл банымадтой Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон Думæимæ Сразыдзинады проект. Ацы фарст уынаффæ кæнынмæ рахаста Æддагон политикæ æмæ æхсæнпарламентон бастдзинæдты фæдыл комитеты сæрдар Дриаты Заза.

Уæрæсейы Федерациимæ Сразыдзинад кусы, фæлæ уырдæм хаст цæуынц ивындзинæдтæ. Дриаты Заза куыд банысан кодта, афтæмæй ног редакцийы фидарæй бæрæг цæуы, Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламент æмæ Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон Думæ цахæм фадгуыты æмгуыстад кæндзысты, уый.

«Парламентон æмгуыстады актуализаци здæхт у Уæрæсейы Федерацийы æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн æппæтварсон ахастытæ фæарфдæр кæнын политикон, барадон, социалон-экономикон, гуманитарон фадгуыты, афтæ ма æдасдзинады фадыджы. Ацы Сразыдзинад ахъаз кæндзæн Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн дарддæр дæр хæлæрадон ахастытæ æмæ стратегион партнерондзинад фидар кæнынæн», – загъта Дриайы фырт.

Парламенты Сæрдар Æлборты Алан банысан кодта, зæгъгæ, Паддзахадон Думæимæ æмгуыстады фæдыл Сразыдзинад ахастытæ ракæндзæн ног æмвæзадмæ.

«Хуссар Ирыстоны Парламент æмæ Паддзахадон Думæйы ‘хсæн Сразыдзинадыл къухтæ фыст æрцыд 2013 азы. Уымæ нæ кæсгæйæ, Паддзахадон Думæимæ æмгуыстад нæ цыд бæрæг аххосæгтæм гæсгæ. Æмæ ныр мах фæнды, цæмæй Федерацийы Советимæ куыд кусæм, афтæ кусæм Паддзахадон Думæимæ дæр. Бæстæты ‘хсæн æмархайды фарстатыл мах уынаффæ кодтам нæ коллегæтимæ Паддзахадон Думæйы», – загъта спикер.

Уый размæ Дриайы фырт куыд загъта, афтæмæй Сразыдзинадыл къухтæ фыст æрцæудзысты Хуссар Ирыстоны, æмæ банысан кодта, зæгъгæ, дзы хайад райсдзæн Паддзахадон Думæйы Сæрдар Вячеслав Володин дæр.

 

***

Знон уыд Парламенты радон сесси. Боны фæткы фарстатæй иу уыд Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны Парламентты ‘хсæн æмгуысткæнынады тыххæй сразыдзинад.

Æддагон политикæ æмæ æхсæнпарламентон бастдзинæдты фæдыл парламентон комитеты сæрдар Дриаты Заза загъта, зæгъгæ, ацы документ  Ирыстоны дыууæ хайы Парламентты ‘хсæн æмгуысткæнынады ракæндзæн ног æмвæзадмæ.

Дриайы фырты ныхæстыл сразы Парламенты Сæрдар Æлборты Алан дæр æмæ банысан кодта сразыдзинады æнæмæнгхъæуындзинад æмæ ахсджиагдзинад.

«Сразыдзинадыл бакуыстой  цалдæр сæвзæрсты депутаттæ æмæ мæ уыдонæн фæнды бузныг зæгъын. Ацы сразыдзинады куыст махæн тынг ахсджиаг у. Уый тыххæй та алы депутат дæр хъуамæ æххæст хъомысæй куса йæ цæгатирыстойнаг коллегæтимæ», – банысан кодта Парламенты спикер.

Депутаттæ Сразыдзинадыл æмхъæлæсæй сразы сты.

 

Вейпты æмæ æндæр фарстаты фæдыл уынаффæтæ

Депутаттæ сразы сты электронон сигареттæ æрласыны, уадзыны, парахат кæнын æмæ сæ реализаци кæныны тыххæй  закъон фæкарздæр кæныныл.

Закъоны проект хорзыл банымадтой фыццаг бакасты рæстæджы, фæлæ  депутаттæ закъон фæкарздæр кæныны тыххæй æндæр фæндæттæ дæр кæй бахастой, уый тыххæй йыл ноджыдæр бакуыстой. Бахаст æм æрцыд ахæм фæндон, цæмæй электронон хуызы никотин парахат кæныны тыххæй дыккаг хатт административон æфхæрд цы амалиуæггæнджытæ баййафой, уыдонæн ист æрцæуой сæ лицензитæ.

Социалон политикæ æмæ æнæниздзинад хъахъхъæныны фæдыл парламентон коми-теты сæргълæууæг Плиты Александр банысан кодта, зæгъгæ, закъон райстæуыд 2021 азы августы, фæлæ æххæстæй не скуыста.

«Кæд закъон райстам, уæддæр вейптæ парахат кæнынц республикæйы. Закъон та райстам, сывæллæттæ электронон сигареттæй тынг кæй пайда кодтой, уый фæстиуæгæн нæм ахуыргæнджытæ æмæ ныййарджытæ кæй æрбахатыдысты, уый тыххæй. Ахæм сигареттæ æнæниздзинадæн стыр зиан кæй  хæссынц, уый сбæрæг кодтой дохтыртæ æмæ карз санкцитæ дæр  уый тыххæй райстам.

Закъонмæ цы ивындзинæдтæ бахастам, уыдонæй сæ иу у ахæм сигареттæ æмбæхст ран æфснайыны тыххæй æфхæрд, дыккаг ивындзинад та у административон æфхæрд фæкарздæр кæнын, физикон цæсгæмттæн 3 мин сомæй 5 мин сомы онг, амалиуæггæнджытæн 100 мин сомæй 150 мин соммæ, иваргонд продукци сконфискаци кæнгæйæ», – бамбарын кодта Плиты Александр.

Парламенты вице-спикер Гасситы Петр фæндон бахаста, цæмæй 20 азы онг кæуыл нæма сæххæст, уыцы æмбæстæгтæн мауал уæй кæной тамакойы продукци.

«Мах дзурæм электронон сигаретты уæй кæнын æрæхгæныныл, фæлæ хуымæтæг сигаретты кой нæ кæнæм, кæд уыдон фылдæр зиан хæссынц организмæн, уæддæр. Æвæццæгæн, æрæхгæнын хъæуы кæцыфæнды тамакойы продукци уæй кæнын, 20 азы кæуыл нæма цæуы, уыцы æмбæстæгтæн», – загъта Гасситы Петр æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, ацы инициативæ æрбацыд Мидхъуыддæгты министрадæй.

Ацы фæндоны тыххæй Æлборты Алан банысан кодта, зæгъгæ, фарст вазыгджын у æмæ  йыл хъæуы лæмбынæгдæр æруынаффæ кæнын.

Хъæлæсæппæрсты фæстиуæгæн закъоны проекты райст æрцыд.

Сессийы рæстæджы депутат Гаглойты Алан Ирбеджы фырт фехъусын кодта, кæй хизы «Рæстдзинады тыххæй» депутатон баиугæндæй.

Уый куыд бамбарын кодта, афтæмæй «Рæстдзинады тыххæй» депутатон баиугæнд арæзт æрцыд дыууæ азы размæ. Йе сконды уыд фондз депутаты, уыцы нымæцы йæхæдæг дæр.

«Бирæ нын бантыст иумæйаг куысты рæстæджы. Уыцы баиугæнды мæ уæвынадæн ницыуал нысаниуæг ис æмæ дзы уæд хъуамæ рахизон. Уый тыххæй аразын æмбæлон хъусынгæнинаг», – загъта Гаглойты Алан.

Сессийы рæстæджы депутаттæ райсой «Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады тыххæй» «РХИ-йы Конституцион закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» закъоны проект, РХИ-йы хицæн закъондæттæн акттæм ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» закъоны проект, «РХИ-йы Сæйраг тæрхондоны Президиумы сконд сфидар кæныны тыххæй» Парламенты уагæвæрдмæ ивындзинæдтæ  бахæссыны тыххæй» закъоны проект, «РХИ-йы Паддзахадон бюджеты тыххæй» закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» закъоны проект.

Осиаты Индира  

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.