Цхинвалы дыккаг хатт уагъд æрцыд æвзæнгты ‘хсæн республикæйы чемпионат ленк кæнынæй. Куыд æртæ къуырийы размæ, афтæ та ныр дæр ерысты хайад райстой 200 æвзонг спортсменæй фылдæр. Ацы хатт та уыдон ерыс кодтой сæрибар стилы ленк кæнынæй. Январы кæрон спортуарзджытæ трибунæтыл кæй нæ цыдысты, уымæ гæсгæ ныр ерыстæ сарæзтой дыууæ этапæй. Сихоры онг ерыс кодтой кæстæр кары спортсментæ, сихорæй фæстæмæ та – хистæр кары ленкгæнджытæ. Ерысты хайадисджытæн та раарфæ кодта Президент Тыбылты Леонид. Паддзахады сæргълæууæг куыд банысан кодта, афтæмæй республикæйы къухдариуæгад дарддæр дæр кусдзæн спорты размæцыды хъуыддаджы.

«Æвзонг спортсментæн мæ фæнды раарфæ кæнын æмæ сын зæгъын æнтыстытæ сæ архайды. Хъуамæ æппæт тыхтæй дæр архайæм, цæмæй нæ сывæллæттæн æппæт уавæртæ дæр уа алыварсонæй размæ цæуынæн, уыдон нымæцы спорты дæр. Ацы фæдыздæхты цы куыст цæуы, уымæн ныридæгæн ис хорз фæстиуджытæ. Иумæйагæй сисгæйæ фидарæй зæгъæн ис, æмæ республикæйы спорт размæ кæй цæуы. Арфæ  кæнын ныййарджытæн æмæ тренертæн, уæлдай дæр та – Евгения Терлеевайæн, кæцыйæн цыбыр рæстæгмæ бантыст ленк кæныны спорты размæцыды тыххæй куыст æмбæлонæй сæвæрын», – банысан кодта Президент Тыбылты Леонид.

Кæд æмæ республикæйы ленк кæныны спортæй архайын абаргæйæ æрæджы райдыдтой, уæддæр уый ссис спорты популярон хуыз. Ленк кæныны секцитæм тренировкæтæм цæуы 700 ахуырдзауæй фылдæр.

Ерысты хайадисджытæн ма раарфæ кæнынмæ спортивон комплекс «Олимп»-мæ æрбацыд РХИ-йы Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти.

«Фыццаг хатт дæн спорты ацы хуызæй ерысты. Мæ цинæн кæрон дæр нæй, спорты нæ сывæллæтты размæцыдæн кæй ис ахæм хорз уавæртæ, уый тыххæй. Банысан кæнын мæ фæнды уый,  æмæ республикæйы Президент Тыбылты Леонид стыр хъусдард кæй здахы спорты размæцыдмæ. Паддзахады сæргълæууæг йæхæдæг ерыстæм кæй æрбацæуы, уый дæр ууыл дзурæг у. Æххæстгонд ма цæуы программæ «Спорт в шаговой доступности». Стæй ма фæстаг азты спорты материалон-техникон базæйы тыххæй цы арæзт æрцыд, æппæт уыдон дзурæг сты, республикæйы спортивон фидæн кæй у перспективон», – загъта Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти.

Спорты специалисттæ куыд банысан кодтой, афтæмæй та ерыстæ организацигонд æрцыдысты бæрзонд æмвæзадыл. Уыцы хъуыддаджы стыр хайбавæрд ис уæрæсейаг специалист Евгения Терлеевайæн. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй уый размæ ерыстæм абаргæйæ,  спортсментæ фæхуыздæр кодтой сæ  бæрæггæнæнтæ.

Ерысты фæстиуджытæм гæсгæ фыццаг бынæттæ бацахстой: Тыджыты Дианæ, Тедеты Моникæ, Тедеты Ирмæ, Александра Серветник, Æлборты Аланæ, Бестауты Виктория, Быценты Арсен, Плиты Аслан, Тадтаты Арсен, Чиаты Михаил, Джуссойты Олег æмæ Бестауты Бега.

Ерысты хайадисджытæн раарфæ кæнынмæ ма бассейнмæ æрбацыдысты  æмæ уæлахиздзауты æмæ призерты схорзæхджын кæныны церемонийы хайад райстой РХИ-йы Фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы комитеты сæрдар Зассеты Сергей æмæ Ахуырады министры хæдивæг Гаглойты Элиса.

Хуриты Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.