Нæ горæты цæрджытæй арæх фехъусæн ис ахæм ныхæстæ, зæгъгæ, дам, бафæллайæм алыгъуызон гуыппытæм хъусынæй. Бæрæгбоны бæсты, зæгъ,  нын Ног бонтæ свæййынц нуæрттæ халæн. Амалиуæггæнджытæ æмæ базаргæнджытæй иуæй-иутæ æхцайы тыххæй сæ цæсгом афтæ фесæфтой æмæ сæм ницы уал хъары, нал дæр барадхъахъхъæнæг органтæй тæрсынц. Кæд сæ бафæдзæхсынц, уæддæр сын басæттæн нал ис, æрласынц æмæ ауæй кæнынц алыгъуызон пиротехникæ. Ног азы размæ дæр æмæ уый фæстæ дæр-иу уынгтæй райхъуыстысты, ныры онг чи нæма уыд, ахæм æнахуыр стыр гуыппытæ. Уый нæ хивæнд базаргæнджытæй кæцыдæртæ æрластой æмæ ауæй кодтой, йæ хъомыс тыхджындæр кæмæн у ахæм гуыппгæнæнтæ. Ног азы фыццаг боны нæ горæты цæрæн массивы мæ цæст схæцыд брæтты чысыл бакыл, кæцыйæн йæ иу фарс уыд фаст. Кæцыдæр æнæзонд «хъайтар» бавдæлд æмæ бакы ныппæрста гуыппгæнæн æмæ брæтты чысыл бак та тæнæг æфсæйнагæй арæзт у æмæ куыд хъуамæ бафæрæзтаид. Нæ хæстæфхæрд горæт-хъайтар Цхинвалæн исты æххуыс бакæныны бæсты иуæй-иу æдзæсгом адæймæгтæ фыдауæдæн цæмæн кæнынц. Иннæ ахæм пиротехникæ спырх кæныны фæстиуæгæн «БАМ»-ы микрорайоны хъыгдард баййæфтой цæрджыты гаражты æмбæрзтытæ æмæ сæ хицæутты се сцалцæг кæныны тыххæй бахъæудзæн æнæхъуаджы уæлæмхас финансон хæрдзтæ.

Дæргъвæтин хæстон азты нæ адæм тынг бафæлладысты алыгъуызон хæцæнгæрзты гуыппытæ æмæ гæрæхтæй, æгæрыстæмæй, бирæтæм бæрæгбонон фейерверкты хъæлæба дæр хъыг фæкæсы. Æмæ никæмæн ис цæрджыты æнцойад халыны бар. Нæ паддзахад райста закъон пиротехникæйæ нæ пайда кæныны тыхæй æмæ хъуамæ хъахъхъæд цæуа.

ДЖИОТЫ Екатеринæ