АУАГЪТА МАСТЕР-КЛАСС

Хуссарирыстойнаг æвзонг спортсментæн спортивон галуан «Олимп»-ы мастер-класс ауагъта профессионалты ‘хсæн таиландаг боксæй иууыл уæззаудæр уæзы категорийы дунейы аст хатты чемпион Алексей Игнашов. Уый сын лæмбынæг радзырдта спорты ацы хуызы сусæгдзинæдты тыххæй. Афтæ ма сын радзырдта йæ профессионалон карьерæйы тыххæй дæр. Уый хорз зонгæ у ахæм зындгонд спортсментæ, куыд Федор Емельяненко æмæ Сергей Харитоновимæ. Рингыл сæмбæлд ахæм зындгонд спортсмен, куыд Бадр Хариимæ æмæ æндæртимæ. Æвзонг лæппутæ стыр цымыдисимæ хъуыстой Игнашовмæ æмæ æппæтдæр арæзтой, цæмæй сфæлхатт кæной, цы сын амыдта, уыдæттæ. Уый стыр хъусдард аздæхта ныхмæлæууæджы атакæйæ ахизын куыд хъæуы æмæ уыцы рæстæджы цæмæй сæхæдæг ацæуой контратакæйы.

«Тынг æхсызгон мын у, Хуссар Ирыстонмæ кæй æрцыдтæн, уый. Стыр цымыдис мæм æвзæрын кæны ацы регион. Мæ хъуыдымæ гæсгæ ахæм мастер-класстæ фылдæр хъæуы уадзын рæзгæ фæлтæрæн. Уыдонæн ис стыр перспективæ дунеон ерысты сæхи равдисынæн. Уæлдайдæр та ахæм спортивон галуаны, цыран тренировкæтæ уадзынæн ис æппæт æнæмæнгæхъæуæг уавæртæ. Дарддæр дæр-иу ардæм æрцæудзынæн æрмæст мæхæдæг нæ, фæлæ ма æндæр спортсментæ дæр. Фæнды мæ, цæмæй фæсивæд размæ цæуой æрмæст физикон нæ, фæлæ ма монон æгъдауæй дæр», – банысан кодта Алексей Игнашов.

ДЗЮДО

Финляндийы уагъд цæуы, 21 азы онг кæуыл цæуы, уыцы спортсменты ‘хсæн Европæйы чемпионат дзюдойæ. Ерысты фыццаг бон йæ уæлахиздзау ссис ирон спортсменкæ Хуыбылты Ирэнæ. Уый 48 килограммы уæзы категорийы финалы фæуæлахиз французаг Буклийыл.

Ирэнæ у æвзæнгты ‘хсæн 2018 азы Аргентинæйы уагъдцæуæг Олимпиаг хъæзтыты уæлахиздзау.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.