САМБО

Хуссарирыстойнаг спортсмен Карсанты Тамерлан ссис самбойæ æппæтуæрæсейон турниры бронзæйон призер. Ерыстæ уагъд цыдысты Беслæны. Дзауы районы самбойы скъолайы хъомылгæнинаг архайдта 50 кг уæзы категорийы. 3-аг бынат бацахсыны тохы уый 8:1 хыгъдæй рамбылдта бынæттон богалы. Йæ тренер Хъоцыты Тамерланы ны-хæстæм гæсгæ, уый райгондæй баззад йæ хъомылгæнинаджы ар-хайдæй.

ХЪÆБЫСХÆСТ

Францаг горæт Ниццайы уагъд æрцыд уæгъдибар æмæ грекъаг-ромаг хъæбысхæстæй дунеон турнир. Турниры уæлахиздзау ссис ирон богал Остъаты Алан. Уымæн аккаг ныхмæлæууæг нæ разынд 87 кг уæзы категорийы.

ДЗЮДО

Ирон дзюдоисттæ Мæргъиты Мераб, Галуаты Феликс æмæ Цхуырбаты Ален систы португалийаг горæт Одивеласы уагъдцæуæг Европæйы гом турниры призертæ. Уыдон архайдтой УФ-йы æмбырдгонд командæйы сконды. 100 кг уæзы категорийы æвзист призер ссис Мæргъиты Мераб. Галуаты Феликс (73 кг) æмæ Цхуырбаты Ален (100+ кг) та систы бронзæйон призертæ.

Хуриты Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.