ФУТБОЛ

Футболæй дунейы чемпионаты уагъд цæуынц дыккаг туры хъæзтытæ. Уæрæсейы æмбырдгонд цы дæлкъорды хъазы («А»), уым Уругвай 1:0 хыгъдæй рамбылдта Саудаг Аравийы. «B» къорды Португали 1:0 хыгъдæй фæуæлахиз Мароккойыл, ацы дæлкъорды ахæм хыгъдимæ Испан та рамбылдта Ираны.  Бирæ пуртитæ бакъуырд не ‘рцыдысты «С» къорды хъæзтыты дæр. Дани æмæ Австрали ахъазыдысты æмдыхæй – 1:1. Франц 1:0 хыгъдæй тыхджындæр уыд Перуйæ. Цымыдисон хъазт уыд Аргентинæ æмæ Хорватийы ‘хсæн. Æнæнхъæлæджы Хорватийы командæ 3:0 хыгъдæй рамбылдта чемпионаты фавориттæй сæ иу – Аргентинæйы.

***

Ирон футбол сæндидзын кæнын – ахæм хæс æрæвæрдта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав Хицауады Сæрдар Тускъаты Таймураз æмæ футболон клуб «Спартак-Владикавказ»-ы тренер Гæззаты Юрийы раз. «Æруромын хъæуы æндæр регионтæм бынæттон футболистты ацыды процесс. Уый тыххæй хъæуы республикæйы æппæт уавæртæ дæр саразын», – банысан кодта Битарты Вячеслав. Афтæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта, командæйы фарс кæй балæудзæн куыстмызд фидын, экипировкæ балхæнын, транспортæй сифтонг кæнын æмæ сбортæм цæуыны хъуыддаджы.

«Мах хъæуы стыр футбол! Цæмæй футболмæ бацæуой бирæнымæц сывæллæттæ æмæ республикæйы спорт размæ цæуа», – загъта Битарты Вячеслав.

РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар та йæ раныхасы банысан кодта, Цæгат Ирыстоны кæй ис цалдæр футболон скъолайы, кæцыты кусынц квалификациджын тренертæ. Æмæ республикæйы хъæуы профессионалон тренерты размæцыды системæйы методикæ. Уый тыххæй та хондзысты уæрæсейаг иууыл хуыздæр специалистты.

«Мах хъæуы уыцы футболон системæты фæлтæрддзинад райсын, кæцытæ бæрæг рæстæджы фæстæ сæхæдæг сæхи дардтой. Æмæ мах араздзыстæм ахæм командæ æмæ æвдисдзыстæм эффективон менеджменты цæвиттон», – загъта Тускъаты Таймураз.

«Бузныг дæн уымæй, æмæ нын комкоммæ бастдзинад  кæй ис Цæгат Ирыстоны Сæргъллæууæгимæ. Фидарæй мæ уырны, республикæ-йы футбол кæй слæудзæн йæ къæхтыл. Ацы азæй нæ хъæуы райдайын фыццаг бынæттыл тох кæнын  æмæ премьер-къордмæ рахизын», – банысан кодта Гæззаты Юри дæр.

  Хуриты Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.