НОМДЗЫД БОГАЛЫ ЦЫТÆН

Цхинвалы уагъд æрцыд Олимпион хъæзтыты дыууæ хатты призер, дунейы цыппар хатты чемпион, номдзыд богал Къудухты Бесикы номарæн турнир уæгъдибар хæбысхæстæй. Ерысты хайад райстой 150 æвзонг богалæй фылдæр. Уыдон уыдысты РЦИ-Алани, Дзау, Къуайса æмæ Цхинвалæй. Ерыстæм æрцыдысты Бесикы бинонтæ æмæ æввахс хиуæттæ. Сæ хъæлдзæгдзинадæй хицæн кодтой Бесикы сывæллæттæ Георги æмæ Ева. Уыдон уæндон æмæ сæрибарæй хъазыдысты се’мкар сывæллæттимæ.

Ерысты официалонæй байгом кæныны церемонийы туниры организатортæ æмæ хайадисджытæн раарфæ кодта Уæлдæр спортивон дæсныйады скъолайы директор Тыбылты Гамлет. Уый бузныг загъта Бесикы мад Лейлæйæн йæ раттæг адæмæн ахæм хъæбул кæй схъомыл кодта, уый тыххæй.

Бесикы æввахс хиуæтты номæй бузныджы ныхæстæ загъта йæ фыды æфсымæр Тамаз.

«Куыддæрæй базыдтам Цхинвалы Бесикы номарæн турнир уыдзæн, афтæ сфæнд кодтам æнæмæнгæй дæр æрцæуын. Бузныг нæ фæнды зæгъын йæ организатортæн æмæ хайадисджытæн. Мах ма алы хатт дæр ацæуæм Краснодармæ дæр цыран уагъд фæцæуыгнц Бесикы номарæн турниртæ», – банысан кодта Къудухты Тамаз.

Ерыстæм æрбацæуæг спортуарзджытæ федтой бирæ рæсугъд тохтæ. Хуыздæр богалтæ хорзæхджын æрцыдысты майдантæ, кубоктæ æмæ Кады грамотæтæй.

ФУТБОЛ

Уагъд æрцыдысты футболæй РЦИ-Аланийы чемпионаты 9-æм туры хъæзтытæ. Цхинвалы «Спартак» уазæгуаты хъазыд Джæуджыхъæуы «Юность»-имæ. Фембæлд фæцис 6:2 хыгъдæй цхинвайлæгты пайдайæн. «Спартак»-ы сконды фæйнæ дыууæ хатты расгуыхтысты Хацырты Вадим æмæ Танделаты Ренат, ноджы ныхмæлæууæг командæйы кулдуары пуртитæ бакъуырдтой Пухаты Руслан æмæ Джиджджойты Сослан. Командæйы сæйраг тренер Хъоцыты Сослан куыд фехъусын кодта, афтæмæй сын 17-æм июны ис тынг ахсджиаг хъазт. Уæд фембæлдзысты чемпионаты лидертæй сæ иу, ивгъуыд азы чемпионаты уæлахиздзау Дзæуджыхъæуы “Металлург»-имæ.

НОМАРÆН МЕМОРИАЛ

Ныр 3-аг аз фæд-фæдыл шахматтæй уагъд æрцыд зындгонд шахматист, шашкæтæй Советон Гуырдзыстоны чемпион, фыссæг Гобозты Валерийы мемориал. Ерыстæ уагъд æрцыдысты ХИПУ-йы раздæры конференц-залы, цыран ныр арæзт æрцыд шахматты секци. Уыцыиу рæстæджы ерыстæ уагъд цыдысты куыд хистæр кары шахматистты ‘хсæн, афтæ скъоладзауты хсæн дæр.

Турнир официалонæй байгом кæныны церемонийы раныхас кодта дзæнæттаг Гобозты Валерийы æмкусæг, ирон филологи æмæ райдиан ахуырады методикæ æмæ педагогикæйы декан Тыбылты Ингæ. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй Валерийыл 16-æм июны сæххæст уыдаит 70 азы. Фыссæджы биографи æмæ сфæлдыстады тыххæй радзырдтой ирон филологийы деканаты студенттæ. Университеты вокалон-инструменталон ансамблы уæнгтæ Хъодалаты Мария æмæ Кокойты Аннæ та поэты фыст æмдзæвгæйыл сæххæст кодтой зарæг.

Æрæмбырдуæвджытæн ацы спортивон бæрæгбоны тыххæй раарфæ кодта ХИПУ-йы ректор Тедеты Вадим. Афтæ ма организатортæн радта сæрмагонд лæвар, кæцы фæстæдæр лæвæрд æрцыд ерысты уæлахиздзауæн. Шахматисттæн ма раарфæ кодта университеты уазæгуаты уæвæг горæт Сочийы диспансертæй сæ иуы сæйраг дохтыр Джиоты Борис.

Гобозты Валерийы хиуæтты номæй турниры организатортæ æмæ хайадисджытæн бузныг загъта Гобозты Станислав.

Уый фæстæ райдыдтой хъæзтытæ. Ерыстæ цыдысты дыууæ боны дæргъы. Сæ фæстиуджытæм гæсгæ турниры уæлахиздзау ссис Саулохты Георги, кæцы рамбылдта, цы партитæ акодта, уыдон иууылдæр. Дыккаг бынат бацахста Тыбылты Ирбег æмæ æртыккаг та ссис Плиты Батрадз. Цымыдисон рауадысты скъоладзауты ‘хсæн ерыстæ дæр. Ам иууыл фылдæр очкотæ æрæмбырд кодта Къæбулты Алан æмæ ссис турниры уæлахиздзау. Дыккаг бынатыл ацыд Икъоты Марат æмæ æртыккаг та ссис Хъотайты Еленæ.

 

«Ацы аз ма нæ фæнды ауадзын æртæ турниры. Уыдонæй сæ иу уыдзæн июлы. Уæд нæ фæнды ауадзын РХИ æмæ РЦИ-Аланийы командæты ‘хсæн хæларадон хъазт. Мæнмæ гæсгæ, уый дæр рауайдзæн тынг цымыдисон», – загъта Саулохты Георги.

Хуриты Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.