Апрелы мæйы Цхинвалы Сывæллæтты сфæлдыстады галуаны фæнд кæнынц ауадзын æрвылазон республикон театралон фестиваль «В гостях у сказки», зæгъгæ, ахæм номимæ. Сывæллæтты сфæлдыстады галуаны директоры хæдивæг Æрсойты Зæринæ куыд фехъусын кодта, афтæмæй фестивалы хайад райсын сæ бон у нæ республикæйы иумæйагахуырадон уагдæттæн. «Ацы фестивалы хайад райсдзысты нæ горæты æппæт скъолатæ дæр фыццаг кълæстæй æхсæзæм кълæсты онг. Ам сæйраг у, цæмæй скъоладзау фæсивæд бацæттæ кæной театралон равдыстытæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыдонæн аргъ кæндзæнис компетентон жюри. Фестиваль ауадзыны нысан у, цæмæй кæстæр кары ахуырдзауты актерон дæсныйад райтынг уа æмæ фæбæрæг уа се сфæлдыстадон курдиат. Алкæцы скъолайы дæр сывæллæтты бацæттæ кæндзысты сæ ахуыргæнджытæ. Чи куыд бацæттæ кæндзæнис фестивалмæ, уымæн та мах уыдзыстæм æвдисæнтæ», – банысан кодта уый.

Æрсойты чызг ма нын куыд фехъусын кодта, афтæмæй фестивалы хайадисджытæн сæ театралон равдыст рæстæгмæ гæсгæ 25 минутæй фылдæр ма хъуамæ цæуа, уыцы рæстæгмæ хауы декорацитæ сæвæрын дæр. «Алы скъолайæн дæр йæ бон у йæ равдисын æрмæст иу театралон равдыст. Ам хайадисджыты нымæцыл дзырд нæ цæуы, сценари цал архайæджы дома, уыййасæй дзы райсдзысты хайад. Мах ныридæгæн нæ горæты скъолатæй райстам куырдиæттæ фестивалы хайад райсыны тыххæй, ныр та æнхъæлмæ кæ-сæм районтæм. Кæд æмæ афтæ рауайа æмæ иу сюжетыл æвæрд театралон равдыст цалдæр скъоламæ уа, уæд уымæн ницы уыдзæнис. Уымæн æмæ номинаци-тæ цалдæр сты. Чизоны, чидæр сæйраг ролтæ хуыздæр сæххæст кæна иннæтæн оригиналон дæр уа сæ декораци æмæ афтæ дарддæр. Фæстиваль кæй у æмæ конкурс кæй нæ уадзæм, уымæ гæсгæ жюрийæн зын нæ уыдзæнис сывæллæтты арæхстдзинады фæдыл хатдзæгтæ саразын. Фестиваль цæудзæнис нæ галуаны актон залы. Табуафси, хонæм алкæй дæр», – банысан кодта Зæринæ. Уый ма куыд загъта, афтæмæй уæлахиздзауты сбæрæг кæндзысты æндæр æмæ æндæр номинациты æмæ хорзæхджын та æрцæудзысты дипломтæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæй.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.