Дзауы районы скъола-интернат байгом кæндзысты ног ахуыры азмæ. Уый тыххæй фехъусын кодта Дзауы районы сæргълæууæг Магкоты Уырызмæг. Бæстыхайы цалцæггæнæн куыстытæ æххæст кæны хуссарирыстойнаг подрядон организаци «Кавказ», Æхсæнадæмон хыгъдон бангы финансон æххуысы фæрцы. Цалцæггæнæн куыстытæн хицæн æрцыд 15 милуан сомы бæрц.

«Æппæт арæзтадон куыстытæ фæуыдзысты 2018 азы 15 августмæ, графикмæ гæсгæ. 1-аг сентябры сывæллæтæн фадат уыдзæн ног клæстæм бацæуын æмæ сæ ахуыр райдайынæн», – загъта Магкоты Уырызмæг.

Цалцæггæнæн куыстыты рæстæджы скъоладзаутæ æмæ ахуыргæнджытæ æрвыст æрцыдсты Дзауы скъоламæ, цыран сын арæзт æрцыд æнæмæнгхъæуæг уавæртæ.

«Скъола-интернаты ныртæккæ ахуыр кæны 62 сывæллоны. Цалцæггæнæн куыстыты рæстæджы сæ акодтам Дзауы астæуккаг скъоламæ, цыран сын сарæзтой æппæт уавæртæ, цæмæй ахуыр кæной æмæ мацы цух уой», – банысан кодта Дзауы районы сæргълæууæг.

2014 азы басыгъд бæстыхайы 2-аг уæладзыг. Йæ ныхæстæм гæсгæ, уый дæр арæзт æрцыд.

«Ныртæккæ специалисттæ куыстытæн сæ фылдæр хай фесты, мах ныр хъуамæ рахизæм территорийы хæрзарæзтадмæ. Скъола-интернаты территорийыл уыдзæн дыууæ спортивон фæзуат. Сæ иу уыдзæн баскетбол æмæ волейболæй кæм хъаздзысты, ахæм. Уый дæр аразы хуссарирыстойнаг подрядон организаци «Кавказ» æхсæнадæмон хыгъдон бангы финансон æххуысы фæрцы. Дзауы районы Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады æххуысæй куыст цæуы территорийы 260 метры бæрц æмбонд скæныныл дæр», – загъта районы сæргълæууæг.

Уымæй дарддæр ма  проектмæ гæсгæ скъолайы арæзт æрцæудзæн футболон фæз.

Магкоты Уырызмæджы ныхæстæм гæсгæ, арæзт агъуысты уыдзæн нырыккон ахуырадон кабинеттæ æмæ уæрæх цæрæн хатæнтæ, кæцытæ арæзт сты нырыккон домæнтæм гæсгæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.