Хуссарирыстойнаг æвзонг шахматисткæ Тыбылты Аннæ ссис æвзæнгты ’хсæн РЦИ-Аланийы къорды уæлахиздзау (юношеская лига). Ерыстæ уагъд цыдысты Дзæуджыхъæуы. Аннæ акодта 7 партийы æмæ сæ алкæцыйы дæр рамбылдта. Ерысты фыццаг бынат кæй бацахста, уый фæрцы йын лæвæрд æрцыд æвзæнгты ’хсæн фыццаг спортивон разряд.

«Тынг райгонд дæн Аннæйы архайдæй. Уæлдай æхсызгон мын уый у, æмæ йæ ныхмæлæуджытæй æхсæз кæй уыдысты лæппутæ æмæ уыдоныл дæр кæй фæуæлахиз. Мах алы хатт дæр тренировкæтæ фæуадзæм фæтыхджындæргонд режимы æмæ уыцы хъуыддаг хорз æндавы нæ хъомылгæнинæгæты цæттæдзинадыл», — банысан кодта «РХИ-йы шахматты федераци»-йы президент Саулохты Георги.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ æрæджыйы онг республикæйы кæй нæ уыд сылгоймæгты шахматтæ. Ныр фæзындысты ахæм æвзонг, курдиатджын шахматисткæтæ, куыд Тыбылты Аннæ, Тыбылты Аланæ æмæ Уанеты Валерия. Уыдон хайад фæисынц республикæйы ерысты æмæ майдантыл фæтох кæнынц хистæр кары шахматисттимæ. Зæгъæм, ацы æртæ чызгæн 2021 азы бантыст Нарты фæткъуыйы лауреат, чиныг «Осетия и осетины»-йы автор Челехсаты Хъазбеджы призтæ рамбулыны сæраппонд турниры дыккаг бынат бацахсын. Ацы турнир та нымад у республикæйы иууыл хуыздæр ерыстæй сæ иуыл.

 

ГРЕКЪАГ-РОМАГ ХЪÆБЫСХÆСТ

Владимиры уагъд æрцыд грекъаг-ромаг хъæбысхæстæй дунейы къласы спорты дæсны Э. А. Никифировы номарæн турнир. Ерысты 72 кг уæзы категорийы æвзист майдан рамбылдта Теблойты Давид. 18-аздзыд ирон спортсмен финалы хæцыд Мæскуыйы областы минæвар Турпал-Али Исаевимæ, кæцы Давидæй у цыппар азы хистæр. Фæлæ уымæ æнæкæсгæйæ Теблойы фырт йæхи æвдыста хъæддыхæй. Фембæлд фæцис 13:9 Турпал-Али Исаевы пайдайæн.

Хуриты Батрадз