Цхинвалы гимнази «Альбион»-ы уагъд æрцыд чызджыты ‘хсæн Хуссар Ирыстоны чемпионат шахматтæй. Хайад дзы райстой 12 æвзонг шахматисткæйы. Чемпионат уагъд цыд швейцариаг системæмæ гæсгæ æмæ рауад тынг цымыдисон. Фæстаг туры онг цыд карз спортивон тох фыццаг бынат бацахсыны сæраппонд.

«Чызджыты ‘хсæн хицæнæй ерыстæ тынг стæм хатт вæййынц. Фылдæр хатт уыдон хайад фæисынц нæлгоймæгтимæ иумæйаг ерысты æмæ уым  бæрæг æрцæуы сылгоймæгты ‘хсæн хуыздæр бæрæггæнæн кæмæн вæййы, уый. Фæлæ ныр та сфæнд кодтам хицæн турнир ауадзын. Æмæ рауад тынг æнтыстджын», – банысан кодта РХИ-йы шахмæтты федерацийы президент Саулохты Георги. 

Чызджыты ‘хсæн РХИ-йы чемпионат ныр уагъд æрцыд дыккаг хатт. Йæ организатортæ куыд зæгъынц, афтæмæй сæ разылæууæг хæстæ сæххæст кодтой.

«Нæ республикæйы хорз перспективæтæ ис сылгоймæгты шахматты размæцыдæн. Ивгъуыд азимæ абаргæйæ ныр бæрæг фæхуыздæр ис ерысты хайадисджыты цæттæдзинад. Ууыл дзурæг ма у уый дæр, æмæ ерысты фавориттæй цалдæр кæй фембылды сты, ома, иннæ хайадисджытæ дæр бæрæг фæхуыздæр кодтой сæ хъазт», – загъта РХИ-йы шахматты федерацийы президенты хæдивæг Цхуырбаты Андрей.

Æмæ æцæгæй дæр чемпионаты уæлахиздзау ссис Хуыбиаты Аннæ, кæцы нæ хаудта ерысты фаворитты номхыгъдмæ. Ерысты ивгъуыд азы уæлахиздзау Тыбылты Аланæ ныр призерты нымæцмæ дæр нæ бахаудта. Дыккаг бынат бацахста Уанеты Валерия, æртыккаг та ссис Тыбылты Аннæ.

Хицæнæй нымад цыдысты 12 азы онг кæуыл цыд, уыцы шахматисткæты бæрæггæнæнтæ. Ам иууыл хуыздæр йæхи равдыста æмæ фыццаг бынат бацахста Хуыбиаты Миланæ, дыккаг бынатыл ацыд Гæбæраты Элинæ æмæ æртыккаг бынат та бацахста Æлборты Янæ.

Ерысты организатортæ æрмæст призерты не схорзæхджын кодтой, фæлæ ма зæрдылдарæн лæвæрттæ радтой чемпионаты иннæ хайадисджытæн дæр.

 

Уæгъдибар хъæбысхæст

Ирон богал Найфонты Артур рамбылдта Парижы Олимпиадæмæ лицензи. Уый уæгъдибар хъæбысхæстæй Бакуйы уагъдцæуæг турниры 86 кг уæзы архайгæйæ, акодта æртæ тохы. Райдианы уал æнцонтæй фæуæлахиз Эстонийы минæвар Аймар Андрусыл – 10:0. Дарддæр дæр ахæм хыгъдæй рамбылдта латвийаг Ивар Самусонокы. Финалы 1\4 хайы йæ ныхмæлæууæг уыд Грецийы спортивон кад хъахъхъæнæг дагъыстайнаг богал Даурен Куруглиев. Ацы спортсментæ хорз зонынц кæрæдзийы. Даурен раздæр хæцыд Уæрæсейы æмæ-иу арæх сæмбæлдысты гауызыл. Ныр дæр та тох рауад æндыгъд. Найфоны фырт та равзæрста раст тактикæ æмæ фæуæлахиз 2:1 хыгъдæй. Дарддæр 4:0 хыгъдæй фæуæлахиз Гуырдзыстоны минæвар Владимир Гамкрелидзейыл æмæ йын лæвæрд æрцыд Олимпиадæмæ лицензи.

Олимпион лицензи ма рамбылдта Кæсæбиты Алинæ. Уый та сылгоймæгты хъæбысхæстæй ерысты хæцыд 62 кг уæзы категорийы.

ХУРИТЫ Батрадз

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.