Республикæ Хуссар Ирыстоны боны цытæн уагъд æрцыд командон турнир шахматтæй. Ерысты хайад райстой республикæйы 15 скъолайы командæйы. Уыдон дихгонд уыдысты дыууæ дæлкъордыл. Бæрæгбоны цытæн æрæмбырдуæвджытæн раарфæ кодтой фæсивæдон политикæ æмæ спорты фæдыл комитеты сæрдар Хубежты Руслан æмæ «РХИ-йы шахматты федераци»-йы президент Саулохты Георги.

«Рæзгæ фæлтæр хъуамæ зоной нæ республикæйы истори, йæ сæйрагдæр бæрæгбонтæ. Тынг æхсызгон нын у афтæ бирæ ахуырдзаутæ нæм хайад кæй райстой, уый. Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ нæм районтæй хайад кæй исы цыппар командæйы. Ныфс мæ ис иннæ аз нæ ерысты хайадисджыты нымæц ноджы фылдæр кæй уыдзæн», – банысан кодта Саулохты Георги.

Хуриты Гивийы номыл Цъинагары астæуккаг скъолайæ ерыстæм æрцыд дыууæ командæйы. Уыдонæн шахматтæ амоны скъолайы директор Гуссойты Ласко. «Сывæллæттæн тынг æхсызгон вæййы ерыстæм сæ куы фæхонынц, уый. Ныр æркодтон дыууæ командæйы æмæ æвдисынц хорз цæттæдзинад», – фехъусын кодта Гуссойты Ласко.

Турниры уагæвæрдмæ гæсгæ финалмæ хъуамæ ахызтаиккой сæ дæлкъордты фыццаг бынæттæ чи бацахсой, уыцы командæтæ. Сæ партитæ  акæнгæйæ иууыл хуыздæр бæрæггæнæнтæ равдыстой æмæ финалы фембæлдысты гимнази «Альбион» æмæ Цъинагары скъолайы чызджыты командæ, кæцы æнæнхъæлæджы разынд йæ дæлкъорды архайæг командæтæй иууыл цæттæдæр. Сæйраг тохы хуыздæр ахъазыдысты гимнази «Альбион»-ы ахуырдзаутæ æмæ систы ерысты уæлахиздзаутæ, цъинагайрæгтæ та бацахстой дыккаг бынат. Æртыккаг та ссис гимнази «Рухс»-ы командæ.

Шахматты федерацийы президент Саулохты Георги йæ комментариты сæрмагондæй рахицæн кодта цъинагайрæгты, уыдон равдыстой тынг хорз цæттæдзинад.

«Нæ ерысты хайадисджыты фылдæр хай сты шахматон скъола «Белая ладья»-йы хъомылгæнинæгтæ. Уыдон хорз цæттæ вæййынц. Æмæ уыдон ‘хсæн дыккаг бынат бацахсай, уый стыр æнтыст у. Иумæйагæй сисгæйæ, нæ турнир рауад тынг хорз. Уымæ стыр хайбавæрд бахастой Фæсивæдон политикæ æмæ спорты фæдыл комитет æмæ гимназ «Альбион» æмæ сын зæгъын стыр бузныг», – загъта Саулохты Георги.

Традицимæ гæсгæ  хорзæхджын æрцыдысты æрмæст турниры уæлахиздзаутæ нæ, фæлæ ма лæвæрттæ райстой ерысты иннæ хайадисджытæ дæр.

УÆГЪДИБАР ХЪÆБЫСХÆСТ

Наро-Фоминскы уагъд æрцыд 24 азы онг кæуыл цæуы, уыцы богалты ‘хсæн Уæрæсейы чемпионат уæгъдибар хъæбысхæстæй. Ерысты 97 кг уæзы категорийы фыццаг бынат бацахста Козырты Сергей. Уый финалы 3:2 хыгъдæй рамбылдта дагъыстайнаг спортсмен Гаджимурад Кадиловы.

Ирыстоны хъæбыхæсты скъолайы минæвæрттæй ма ноджы иу сыгъзæрин майданы хицау та ссис Багаты Алан. Уый та 92 кг уæзы категорийы финалы рамбыдта Дагъыстаны иннæ минæвар Мустафа Малачдибировы.

Ерысты дыккаг бынат бацахста Хъызынты Дзамболат. Бронзæйон призертæ та систы Кортиаты Шота (125 кг) æмæ Сабанты Александр (61 кг).

ХУРИТЫ Батрадз

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.