Хуссарирыстойнаг шахматисттæ æнтыстджынæй сæхи равдыстой Гаграйы уагъдцæуæг дунеон турнир «Белое и черное»-йы. Турниры хайад райстой 88 спортсмены. Уыдон уыдысты Абхазы районтæ, Хуссар Ирыстон æмæ Ростовы областæй. Нæ республикæйы спортивон делегацимæ бахауæг 7 спортсменæй – цыппарæн бантыст хорзæхтæ райсын. Цхинвалмæ сыгъзæрин майданимæ æрæздæхт Тыбылты Аланæ. Уымæн аккаг ныхмæлæууæг нæ разынд 12 азы онг спортсменкæты ‘хсæн. Ерысты æртыккаг бынæттæ та бацахстой Тыбылты Аннæ æмæ Джыгкайты Артур. Аннæ архайдта 17 азы онг кæуыл цæуы, уыцы шахматисткæты ‘хсæн, Артурæн та ахæм æн-тыст йæ къухты бафтыд 12-аздзыд сывæллæтты ‘хсæн. Турниры «Уæлахизмæ тырнындзинады приз» та лæвæрд æрцыд Уанеты Валерияйæн.

«Мæ хъуыдымæ гæсгæ, нæ хъомылгæнинæгтæ рав-дыстой тынг хорз бæрæггæнæнтæ. Сæйраджыдæр мæ банысан кæнын фæнды уый, æмæ командæйы цы æртæ чызджы уыдис, уыдон æртæ дæр кæй райстой хорзæхтæ. Тренер Къодоты Андреимæ алы изæр дæр куыстам нæ хъомылгæнинæгтимæ, цæттæ сæ кодтам сæ ныхмæлæуджытимæ сæ цахæм тактикæйæ хъæудзæн хъазын, уыдæттæй. Æмæ нын бантыст», – банысан кодта «РХИ-йы шахмæтты федераци»-йы президент Саулохты Георги.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ хуссарирыстойнаг æвзонг шахматисттæ фыццаг хатт кæй ацыдысты Абхазмæ дунеон турниры хайад райсынмæ. Тренер Къодоты Андрейы ныхæстæм гæсгæ ахæм балцтæ æвзонг спортсментæн ахъаз сты æрмæст фæлтæрддзинад райсынæн нæ, фæлæ ма командæйы уæнгты ‘хсæн æнгомдæр кæны хæлардзинад, базонгæ вæййынц æндæр бæстæты спортсментимæ.

«Сæйраджыдæр мæ  фæнды зæгъын нæ командæйы уæнгтæ кæй тох кодтой кæронмæ. Ома, æвдыстой фидар удыхъæд. Афтæ ма нæ командæйы уæнгтæн сæ ахастытæ фидардæр кодтой. Куыд сæ бон уыд, афтæ æххуыс кодтой кæрæдзийæн», – фехъусын кодта Къодоты Андрей.

Хуссарирыстойнаг спортивон делегацийы сæргълæууæг Саулохты Георгийы ныхæстæм гæсгæ ма командæ-йæн бантыстаид ноджы фылдæр майдантæ рамбулын. Фæлæ-иу нæ спортсменты арæх бахъуыд кæрæдзиимæ ахъазын дæр, цыран-иу фесæфтой баллтæ. Саулохты Георги ма куыд банысан кодта, афтæмæй стыр бузныг зæгъынц Президент Гаглойты Аланæн ерыстæм ацæуынæн сын кæй баххуыс кодта, уый тыххæй.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.