Бекъойты Эдуарды номыл нæ горæты 6-æм астæуккаг скъолайы 2«в» къласы къласгæс Козаты Галинæ тырны, цæмæй сывæллæтты базонгæ кæна нæ горæты фендтаг бынæттимæ. Галинæ нын куыд радзырдта, афтæмæй аивгъуыйгæ азы уыдон сывæллæттимæ уыдысты нæ горæты Дзулфыцæн комбинат æмæ Тыбылты Алыксандры номыл паддзахадон университеты бæстæзонæн музейы. Сывæллæттæ райгондæй баззадысты экскурссийæ, ныууагътой сыл хорз тæлмæнтæ. Æрæджы та уыдон бабæрæг кодтой нæ горæты Национ музей. Уый фæстæ та бацыдысты Уæлвæткон уавæрты министрады 1-æм зынгхуыссынгæнæн-ирвæзынгæнæг хаймæ. Ам сывæллæтты зæрдæмæ афтæ тынг фæцыдис æмæ сæ бирæты бафæндыд фидæны ацы хаххыл кусын. Кусджытæ райзæрдæйæ сывæллæтты зонгæ кодтой сæ куыстимæ. Ацы къласы ахуыргæнинаг Дзæгъиаты Хетæг нын куыд радзырдта, афтæмæй уымæн дæр тынг фæцыд йæ зæрдæмæ зынгхуыссынгæнджыты куыст. Уæлдай цымыдисдæр æм фæкастис, зынгсирвæзт куыд хуыссын кодтой, уый.

Козаты Галинæ стыр бузныг зæгъы зынгхуыссынгæнæг – ирвæзынгæнæг хайы сæргълæууæг Дудайты Андрей, йæ хæдивæг Æлборты Альберт, хъарагъулы хистæр Гаглойты Алан, шофыр Козаты Алан, командир Санахъоты Витали æмæ æндæртæн, сывæллæттыл райзæрдæйæ кæй сæмбæлдысты æмæ сæ сæ куысты сусæгдзинæдтимæ кæй зонгæ кодтой, уый тыххæй.

Козаты Галинæ йæ ахуыргæнинæгтимæ дарддæр фæнд кæнынц нæ горæты æндæр уагдæттæм дæр экскурситæ саразын.

Кокайты Зæринæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.