Нæ царды, стыр хъыгагæн, апарахат сты онкологион низтæ. Уыцы æгъатыр низæй фæрынчын вæййынц, æгæрыстæмæй, сывæллæттæ дæр.

Фæстаг азты нæ республикæйы дæр зынгæ фæфылдæр сты онкологион низтæй рынчынтæ. Ахæм рынчынты бинонтæн сæ фарсмæ балæууын æмæ сын истæмæй баххуыс кæныны тыххæй арæзт цыдысты хæрзаудæн акцитæ дæр. Фæлæ сæйраг у, цæмæй куыд хистæр кары адæймæгтæ, афтæ сывæллæттæ дæр медицинон басгæрст цæуой, æппынкъаддæр афæдз иу хатт. Уымæн æмæ медицинæ иу ран нæ лæууы, онкологион низты ныхмæ тох кæныны фадæттæ хуыздæр, ногдæр кæнынц æмæ райдианы фидар чи фæлæууы, рагацау æй чи сбæрæг кæны, уыдон фæтых вæййынц ацы æгъатыр низыл.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Алан æмæ Æнæниздзинад хъахъхъæныны министр Джыгкайты Томасы фæхуындмæ гæсгæ ацы бонты Цхинвалмæ æрцыдис сывæллæтты хирург-онколог, медицинон зонæдты кандидат Саулаты Хъазбег. Уый нæм æрцыдис Мæскуыйæ дыууæ боны æмгъуыдмæ æмæ басгæрста, хыгъды чи лæууынц, ахæм пациентты, афтæ ма онкологион низтæй зæрдæ кæмæ æхсайы, ахæм сывæллæтты. Фæлтæрдджын дохтыр æдæппæтæй басгæрста 12 сывæллоны. Уый тыххæй мæскуыйаг дохтыр фехъусын кодта пресс-конференцийы рæстæджы 25-æм июны Информаци æмæ мыхуыры комитеты пресс-центры.

«Мæн, фыццаджыдæр, фæнды раарфæ кæнын бæстæйы сæргълæууæг Гаглойты Алан æмæ Æнæниздзинад хъахъхъæныны министр Джыгкайты Томасæн, Хуссар Ирыстонмæ мæ кæй æрхуыдтой æмæ ахæм хæрзиуæгон куыст кæй бакодтон, уый сæраппонд. Кæд æз Хуссар Ирыстоны фыццаг хатт дæн, уæддæр ам мæхи хатын, куыд мæ хæдзары, афтæ. Ме ‘рцыды сæр фыццаджыдæр уыдис, цæмæй медицинон æххуыс бакæнон онкологион патологиимæ сывæллæттæн. Дыууæ боны дæргъы сывæллæтты поликлиникæйы басгæрстон чысыл пациентты æмæ мын стыр æхсызгон у, онкологион низтæй рынчынты хыгъды чи лæууы, уыцы сывæллæтты нымæц цъус кæй у. Табу Хуыцауæн. Æдæппæтæй сты цыппар. Басгæрстон ма æдас онкологион рæсыдимæ пациентты æмæ дыууæйæн срекомендаци кодтон, цæмæй ацæуой Мæскуымæ Войно-Ясенецкийы номыл   зонадон-практикон бирæпрофилон центрмæ. Мах ацы сывæллæтты бынаты лæмбынæг басгардзыстæм æмæ сын уый фæстæ бакæндзыстæм специалон æххуыс. Хуыцау зæгъæд æмæ фидæны рынчынты нымæц ма фæфылдæр уа», – загъта Саулаты Хъазбег. Уый ма радзырдта, ацы центры цавæр хайадтæ ис, æнæмæнгхъæуæг медицинон ифтонггæрзтæй куыд ифтонг сты æмæ ца-вæр низтимæ рынчынтæн хос кæнынц, уыдæттæ. Иудзырдæй, центр дзуапп дæтты æппæт нырыккон домæнтæн.

Саулаты Хъазбег журналисттæн фехъусын кодта, зæгъгæ, ма медицинон басгæрстæй дарддæр, йе ‘рцыды нысан у, цæмæй, Хуссар Ирыстон æмæ Мæскуыйы кæм кусы, уыцы центрæн уа бастдзинæдтæ.

«Ацы хъуыддаг ахъаз уыдзæн, Хуссар Ирыстоны чи цæры, уыцы сывæллæттæн, цæмæй, куы бахъæуа, уæд æнæкъуылымпыйæ хос кæнынмæ æрцæуой Мæскуымæ ацы центрмæ. Хуссар Ирыстоны цæрджытæн сæ фылдæрæн Уæрæсейы Федерацийы æмбæстагдзинад кæй ис, медицинон полисты хицæуттæ кæй сты, уымæ гæсгæ сæ бон уыдзæн махмæ æнæаргъæй схос кæнын. Афтæ ма нæ фидæны бадзырды фæлгæтты, Хуссар Ирыстоны УФ-йы æмбæстагдзинад кæмæн нæй, уыцы бинонты сывæллæттæн дæр цæмæй сæ бон уа æнæаргъæй хос кæнын махмæ. Æнæуый та махмæ фæсарæйнаг æмбæстæгтæн хос кæнын у фидгæйæ, кæнæ та сын хос кæнæм хæрзаудæн фондты архайды руаджы», – бамбарын кодта онколог.

Æрхонгæ дохтыр ма банысан кодта, зæгъгæ, ма кæд йæ æххуыс бахъæуа, уæд цæттæ у Хуссар Ирыстоны пациенттæн хирургион операцитæ саразынмæ.

«Ам бынаты мæ бон суыдзæн операцитæ саразын, цæмæй пациентты республикæйæ ацæуыны сæр ма бахъæуа. Цхинвалы сывæллæтты рынчындон фæцыд мæ зæрдæмæ, ифтонг у нырыккон медицинон домæнтæм гæсгæ. Хъыгагæн, сывæллæтты басгарыны тыххæй цы ифтонггарз нæ фаг кæны, уый у МРТ-аппарат. Лæмбынæг кæй фæхъæуы басгарын, уыцы рынчынтæн æнæмæнгхъæуæг у æмæ стыр æххуыс та у дохтыртæн диагноз сæвæрыны хъуыддаджы. Фæлæ цард цæуы æмæ фарн йемæ хæссы, аскъуыддзаггæнæн кæмæн ис, ахæм фарст у. Цæгат Ирыстон-Аланийы сывæллæтты сæйраг онколог Бурнацаты Мадинæимæ ныхас кодтон æмæ сæм ис МРТ-аппарат æмæ уал уырдæм гæнæн ис æрвитын пациентты. Æз куыд зонын, афтæмæй уын семæ ис бастдзинад æмæ зонынц хуссарирыстойнаг чысыл пациентты тыххæй. Кæддæриддæр, куы бахъæуа, уæд æз дæр уæ фарсмæ дæн, телефонæй мæм æрбадзурыны фадат дæр уыдзæн.

Æрæджы ма кусæгон балцы уыдтæн Абхазы республикæйы, уым дæр сæрмагонд специалист кæй нæй, уый тыххæй æмæ онкологион рынчынты хыгъды чи лæууы, уыцы сывæллæтты хъуыд басгарын. Уым дæр хыгъды лæууы цыппар сывæллоны, фылдæр кæй не сты, уый стыр æхсызгон у мæнæн, куыд онколог, афтæ», – загъта дохтыр.

Саулаты Хъазбег ма ныййарджыты фæдзæхсыны тыххæй, ома, сывæллæттæн цавæр симптомтæ вæййы æмæ сæм хъус æрдарын кæд фæхъæуы, уый тыххæй бацамыдта, зæгъгæ, фыццаджыдæр куы рахатай æмæ дæ сывæллон иумæйагæй у лæмæгъ, йæ уæз куы райдайа къаддæр кæнын, фæлурс куы уа, йæ доны хуыппæн йæ хуыз куы фæива, кæнæ йын рыстытæ куы фæзына, уæд æй уайтагъд дохтыртæм хъæуы бакæнын, нырма уал педиатрмæ, стæй та сывæллæтты хирургмæ, цæмæй йæ басгарой.

Абоны бон сывæллæттæ иууыл арæхдæр цавæр онкологион низтæй рынчын кæнынц, уыдонæй æнцондæрæй кæцытæн ис схосгæнæн, уыдæтты тыххæй дæр радзырдта фæлтæрдджын онколог. «Дунеон статистикæ куыд æвдисы, уымæ гæсгæ 50 проценты сты тугимæ баст онкологион низтæ, лейкоз, лимфоз æмæ афтæ дарддæр. Уый фæстæ арæхдæр сты нуæртты централон системæйы рак – уæлуыргты (надпочечники) нейробластома, нефробластома (уыргты рак), стæг æмæ фæлмæн фыды онкологион низтæ æмæ æндæртæ», – ранымадта онколог.

Цхуырбаты Лариса

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.