Æхсæнадæмон проект «Этнолагерь – 2018. Аланты фæд»-ы фæлгæтты Хуссар Ирыстонмæ æрцæуæг ирон диаспорæты минæвæрттæ дидинджытæ сæвæрдтой, Цхинвалы 5-æм астæуккаг скъолайы кæрты мемориалон уæлмæрды цы кувæндон ис, уый раз. Этнолагеры хайадисджытæй иу – Цориаты Шева   æрхæндæг зæрдæйæ банысан кодта, зæгъгæ, хорз зоны ацы уæлмæрды истори.

«Республикæйæн трагикон бонты ам цы æрцыд, уый мах хорз зонæм. Æмæ сымахимæ иумæ мах дæр никуы ферох кæндзыстæм Ирыстоны фæмардуæвæг хъайтарты рухс нæмттæ», – загъта Цориаты Шева.

Проект «Аланты фæд»-ы хайадисджытæ базонгæ сты Гуырдзыстоны агрессийы æндæр æвдисæндартимæ. Уыдон федтой, РХИ-йы Профцæдисты хæдзары бахизæны чи ныссагъд, спырхуæвæг гуырдзиаг танкы уыцы мæсыг.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.