«Рæстдзинады ис тых – уæлахиздзау уыдзыстæм мах!»

Улæфтыуæвæг æфсæддонимæ интервью

Уæнгвидар, бæрзонд, æцæг лæджы рæсугъддзинадæй хайджын. Тынг кæй бафæнда, уый дæр æм фау не ‘рхæсдзæн. Ирон лæппу. Мæскуыйы æфсæддон университеты рауагъдон. Уæрæсейы æфсады афицер, 27-аздзыд хистæр лейтенант, артиллерион батареяйы командир Гаглойты Таймураз.

Æрæджы йын радтой улæфæн бонтæ æмæ фæтагъд кодта райгуырæн Тъбетмæ, йæ мад, йæ кæстæр æфсымæр, йæ нана, мады æфсымæр æмæ йæ бирæ хæлæртты фенынмæ, йæ ныфс, йæ уд Ирыстоны тых æмæ фарнæй ноджы æрфидар кæнынмæ. Цалдæр фарстайы йæм радтон сæрдыгон сатæг изæры йæ хæдзары, Тъбеты хъæ-уы:

— Сæрмагонд æфсæддон операцийы, куыд зонын, афтæмæй архайыс 24 февралы райсомы цыппар сахатæй райдайгæйæ. Цавæр æнкъарæнтæ дæм уыд уыцы, æнæмæнг, историон райсомы?

— Райстам бардзырд украинаг арæныл Джанкойы ‘рдыгæй лæуут, зæгъгæ. Арæнхъахъхъæнджыты уынæм, уыдон дæр нæ уынынц. Мæнмæ гæсгæ, уыдон æнхъæлдтой, цыдæр радон ахуыртæ уадзæм мах, зæгъгæ. Мæхицæй куы зæгъон, уæд дарддæр нын цы бардзырд радтой, уый æнæнхъæлæджы хабар уыдис. Фæлæ æфсæддонæн йæ сæйраг хæс у бардзырд æххæст кæнын. Командæ æрцыд æмæ ахæцыдыстæм размæ.

Ныртæккæ сæйраг тох цæуы Донецкы Адæмон Республикæ ссæрибар кæныныл. Фыццаг бонты та бацыдыстæм Новомихайловкæмæ, кæцы хауы ДАР-мæ, стæй цæгатырдæм 15 километры дарддæр поселок Докучаевскы цур æрлæууыдыстæм. Хæцыдыстæм уый ссæрибар кæныныл. Уыцы тохы, кæй зæгъын æй хъæуы, мæ батарейæ дæр хайад иста.

— Ма мæ фæрс кæцæй, фæлæ зонын, де ’фсæддон æмбæлттæ дын стыр кад кæнынц, уымæн æмæ дæ нымайынц æнæсайд, æууæнккаг адæймагыл. Де ‘ххуысы хай никуы никæмæн бавгъау кодтай — ныхасæй уа, комкоммæ лæггадæй уа. Иу мæй æмæ æрдæджы размæ хорзæхджын æрцыдтæ Жуковы майданæй. Цæй тыххæй дын радтой ацы хæстон майдан?

— Ӕртæ мæйы размæ хæцыдыстæм Запорожскы областы, систам цалдæр поселочы: Дымовка, Сладкое, Старомайорское æмæ æнд. Уый фæстæ нæ акодтой фидаргонд районтæм æмæ уым хæстон позици бацахстам.

Уыдис фæссихор, къæбæр кодтам, кæ-сæм, æмæ дын саугъуыз æнæпилотон тæхæг аппарат нæ сæрмæ зилы. Иуцасдæр рæстæг æрцауындзæг нæ сæрмæ уæлдæфы æмæ фæстæмæ атахтис. Куыд командир, афтæ бадзырдтон рацийæ, фæрсын, кæй æнæпилотон аппарат у. Цыдæр салдат мын дзуапп радта, зæгъгæ, нæхион у. Дарддæр бадæм, къæбæр кæнæм. Иу фондздæс минутæй фылдæр нæ рацыд, афтæ ныл ныккалдтой Грады мæлæтхæссæг снарядтæ. Нырыонг дæр ма хъустæ къуырма кæны уыцы егъау срæмыгъдтыты хъӕр. Цы гæнæн уыд? Зæхмæ æрхаудтæн æмæ хъуыды кодтон, ацы тæккæ мыл æнæмæнг сæмбæлдзæнис тæвд нæмыг.

Хъыгагæн, ме ’рдхæрттæ цалдæрæй фæцæфтæ сты. Уый фæстæ æз цымыдис кодтон уыцы æнæпилотон тæхæг аппараты тыххæй. Куыд рабæрæг, афтæмæй, радиостанцы цы æфсæддон бадтис, уый фæрæдыд, раст информаци нын нæ радта. Уыцы рæдыды аххосæй, гыццыл ма бахъæуа, нæ бригадæйы лæппутæ се ’ппæт дæр бабын уыдаиккой. Хуыцауы фæндæй уыцы хъуыддаг не ’рцыдис! Нæ артиллерион хæцæнгарз æнæхъæнæй кæй баззад, уый нæ фервæзын кодта. Гаубицæ вæййы 46 снарядæй ифтонг, алкæцыйы уæз дæр сæ у 47 килограммы. Æмæ ма йыл ныр уæхæдæг ахъуыды кæнут, уыцы срæмыгъдæн кæййас хъомыс уыдаид.

Куыддæр знаджы «Град» ныхъхъус ис, афтæ мæ хæстонты бакалдтон Камазы. Цас тагъддæр, афтæ хуыздæр хъуыдис уыцы по-зицийæ ацæуын æмæ афтæмæй дæлбар æфсæддонты фервæзын кæнын, уымӕн ӕмӕ знаг нӕ координаттӕ зыдта ӕмӕ та ногӕй ныццавтаид.

Иу æхсæз-авд километры бӕрц уыцы бынатæй куы адард стæм, уæд æрлæууыдыстæм, цæфты дохтырты бар бакодтон. Уадиссаг ницы сарæзтон, фæлæ уæлдæр командæгæнджытӕ сгуыхтыл банымадтой, салдæттæ æмæ сержантты цард кæй схистæр кодтон, уый.

— Сæйрагдæр командæгæнæг, президент Владимир Путин ӕфсады разамынадӕн сæрмагондæй бафæдзæхста, зæгъгæ, уе стырдæр хæс у адæмыл ауæрдын. Фæлæ операцийы кæрон, ома, нæ уæлахизы бон ралæууыны охыл нырма бирæ фыдæбон бахъæудзæн…

— Ныртæккæ нæм фæлтæрдзинад фылдæр кæй ис, уымæ гæсгæ нын æнцондæр у знаджы ныхмæ фидар лæууын. Зонæм æй, кæм бады знаг, йæ нысан цы у æмæ уымæ гæсгæ кусæм. Хатгай цыдæр къуыхцыдзинæдтæ фæзыны æмæ сæ цыбыр рæстæгмæ рæвдз аиуварс кæнæм.

Мæ хъуыдымæ гæсгæ, иугæр райдыдтам тох кæнын, уæд æй хъуамæ кæронмæ ахæццæ кæнæм. Куыдфæндыйæ дæр уæлахиз хъуамæ уа мах. Бабыхсын хъæуы. Иу цалдæр мæйы, æвæццæгæн.

Ацы хæсты æз æрмæст Уæрæсейы нæ, æз мæ Ирыстоны сабырдзинад æмæ размæцыды сæрыл хæцын. Уымæн æмæ, Хуыцау ма зæгъæд, Уæрæсе фæцудыдта, зæгъгæ, уæд Ирыстоны хъысмæт æппынкъаддæр хъуырмæкæуинаг суыдзæн. Уымæ гæсгæ ирон адæймаг ацы сæрмагонд æфсæддон операцийы уæрæсейаг æфсады уæлахизы сæраппонд хъуамæ мацы бавгъау кæна. Кæронбæттæны та мæ фæнды не ’фсады лозунг зæгъын: «Сила в правде. Победа будет за нами!», иронау та уыдзӕн афтӕ: рæстдзинады ис тых — уæлахиздзау уыдзыстæм мах!

— Хох æмæ быдыры Дзуæрттӕй фæдзæхст у, Таймураз!..

ДАМБЕГТИ Иринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.