РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли йæхимæ райста паддзахадон  акционерон æхсæнад «Россети»-йы делегацийы компанийы генералон директор Павел Ливинскийы сæргълæудæй.

Хуссар Ирыстоны фарсæрдыгæй фембæлды уыдысты Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, Сæудæджерад, транспорт æмæ энергетикæйы комитеты сæрдар Бекъойты Геннади, уæрæсейаг фарсæй – Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов, паддзахадон  акционерон æхсæнад «Цæгат Кавказы Æхсæнрегионалон дихгæнæн хызæгон компани»-йы генералон директор Юри Зайцев æмæ æндæр официалон адæймæгтæ.

Президент бузныджы ныхæстæ загъта Уæрæсейы къухдариуæгады адресыл, афтæ ма Уæрæсейы Феде-рацийы Энергетикæйы министрады къухдариуæгадæн, Хуссар Ирыстоны проблемæтæм сæ хъус лæмбынæг кæй дарынц æмæ республикæйы æнæкъуылымпыйæ электроэ-нергийæ сифтонг кæныны фарстмæ министрад оперативондзинад кæй равдыста, уый тыххæй.

«Абоны фембæлд уагъд цæуы Уæрæсейы Федерацийы Энергетикæйы министр Александр Новакимæ ныхасы фæстæ, кæцы уыд Санкт-Петербурджы  дунеон экономикон форумы. Махæн æхсызгон у  «Россети»-йы компаниимæ æмгуыст кæнын, уынаффæ кæндзыстæм республикæмæ æнæкъуылымпыйæ электроэнерги уадзын сифтонг кæныны фарстатыл», – загъта Бибылты Анатоли.

Паддзахады сæргълæууæджы ныфс ис, бадзырдты фæстиуæг æнтыстджын кæй уыдзæн, уымæй.

Йæ рады Павел Ливинский  банысан кодта, зæгъгæ, «нæ разы цы ахсджиаг хæстæ лæууы, уыдонæй сæ иу у Хуссар Ирыстоны æнæкъуылымпыйæ электроэнергийæ ифтонг кæнын».

«Нæхирдыгæй фарс мæ банысан кæнын фæнды уый, æмæ Хуссар Ирыстонмæ электроэнеги кæй цæуы 110 киловольтон хæххытыл, кæцытæ цæуынц Уæрæсейы Федерацийы территорийæ хæххон зын уавæрты. Фидар резервон хахх саразын у, нæ разы цы сæйраг хæстæ лæууы, уыдонæй сæ иу  æмæ йæ аскъуыддзаг кæндзыстæм æнтыстджынæй, цæмæй республикæйы адæм ма хатой Уæрæсейы æрдыгæй электроэнергийы къуылымпы-дзинæдтæ, сæйраджыдæр зымæгон рæстæджы», – загъта паддзахадон  акционерон æхсæнад «Россети»-йы генералон директор.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.