Цхинвалы районы ветеринар­тæ æппæт амæлттæй дæр арха­йынц сæ куыст æмбæлон æгъда­уæй æххæст кæныныл, сæ бæр­ны­уæвæг хъæууон цæрджыты фос низтæй бахизыныл, куыд сæ фо­сы продуктивондзинад, афтæ ма сæ нымæц фылдæр кæныныл дæр. Зæ­гъын хъæ­уы, районы хъæ­утæ кæ­рæдзимæ бын­тон æв­вахс кæй не сты, уымæ гæс­гæ æвзарынц зын­дзинæдтæ дæр, фыццаджыдæр, сæрмагонд служ­бæйон транспорт сын кæй нæй, уый аххосæй. Фæлæ уæддæр иу кæнæ иннæ низы ныхмæ æмбæ­лон профилактикон куыст бакæ­нын у сæ комкоммæ хæс æмæ æх­хæст кæнынц сæ разылæууæг хæс­тæ. Амæйразмæ ветеринар­тæ Дзукъаты Инессæ æмæ Сот­титы Фатимæ уыдысты Къостайыхъæуы æмæ стуртæн арæзтой судзинтæ пастереллезы ныхмæ. Куыд загътой, афтæмæй сæм низты ныхмæ ис æнæмæн­гхъæ­уæг хостæ. Ацы низ у инфек­цион æмæ дзы рынчын кæнынц куыд стуртæ, афтæ ма хæдзарон æн­дæр цæрæгойтæ дæр.
Фос æмæ цæрæгойтæ цы низ­тæй рынчын кæнынц, уыдон ны­мæц у дзæвгар куыд зæгъæм эм­кар, фадниз æмæ æндæртæ. Уы­донæй фæрынчын вæййынц æн­дæр æмæ æндæр рæстæджыты, ветеринарийы кусджытæ сын зо­нынц се ‘мгъуыдтæ æмæ раз­вæл­гъау се скуынæг кæныны ныхмæ райсынц æнæмæн­гхъæ­уæг ма­дзæлт­тæ. Ахæм зæр­диаг æмæ æнæзæрдæхудт куыст кæй кæ­нынц, уый тыххæй сæ райгонд сты хъæууон фæллойгæнджытæ.

ХУЫБИАТЫ Никъала

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.