2 октябры Хуссар Ирыстон – Паддзахад-Аланийы Президент Бибылты Анатоли йæхимæ райста Уæрæсейы адæмон артист Сергей Никоненко, Уæрæсейы сгуыхт артист Александр Марчаковски æмæ Æппæтадæмон конкурсты лауреат Антон Жуковы. Артисттæ Хуссар Ирыстонмæ æрцыдысты Культурæйы министрад æмæ «Россотрудничество»-йы разамонæг Михаил Степановы фæхуындмæ гæсгæ.

Фембæлд цыбыр ныхасæй байгом кодта «Россотрудничество»-йы разамонæг Михаил Степанов æмæ ныхасы бар радта Бибылты Анатолийæн.

Йæ раныхасы Президент банысан кодта, зæгъгæ, уе ‘рцыд махæн, не ‘ппæтæн дæр хæссы стыр æхцондзинад. Уымæн æмæ Ирыстоны цæрæг адæм дæу, дæ бирæ кинонывты фæрцы зонынц хорз. Стыр кад дын кæнынц дæ адæймагдзинад æмæ цы 223 кинонывы архайыс уыдоны дæ арæхстдзинады тыххæй. Уæлдай стыр кад дын кæнæм ды дæ алы кинонывы дæр кæй феххæст кæныс, царды ахсджиаг æмæ æнæмæнгхъæуæгдæр чи у, уыдоныл арæзт ролтæ. Киноты ды, дæ арæхстдзинадæй, адæмы разæнгард кæныс фыдыбæстæ уарзынмæ, адæмтимæ хæларæй цæрынмæ. Парахат кæныс рæстдзинад, хæлардзинад æмæ уæздандзинад.

«Ды фылдæр архайыс хæстон киноты. Уый тыххæй дын сæрмагондæй зæгъын стыр  бузныг. Уымæн æмæ уыцы уæззау бонтæн нæй ферохгæнæн. Ацы фарстыл дзургæйæ ма мæ банысан кæнын фæнды уый, æмæ уе ‘рцыд кæй баиу, не ‘мзæххон, Советон Цæдисы хъайтар Цоциты Василийы райгуырдыл 100 азы сæххæсты бонимæ», – загъта Президент.

Ирон адæм сæ равзæрдæй фæстæмæ æфсымæрон ахастытæ дарынц Уæрæсемæ. Нæ дыууæ бæстæты ‘хсæн ахастытæ лæмæгъ никуы уыдысты, фæлæ фæстаг рæстæджыты кæнынц, хуыздæр, зæгъгæ, уыд Президенты хъуыды.

«Къорд «Бесмертный полк»-ы ном кæй хæссы уый дæр у раппæлинаг хъуыддаг. Уымæн æмæ уымæй дæр бæрæг у уæ уды сконд. Фæстаг азты «Бесмертный полк»-ы акци хуыздæрæй-хуыздæр кæй аразæм, уый дæр у раппæлинаг”, – дзырдта Бибылты Анатоли

Æмæ ма кæронбæттæны йæ ныхæсмæ бафтыдта:

– Сергей Петры фырт! Ноджы дæр дын стыр бузныг, кæй нæм æрцыдтæ, уый тыххæй, ныфс мæ ис ацы фембæлды нын фæстаг кæй нæ уыдзæн, уымæй.

Уый фæстæ Бибылты Анатоли дидинджытæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрдтæ радта уазджытæн.

Йæ раныхасы Сергей Никоненко загъта бузныг ахæм хæларадон æмæ æфсымæрон ахастыты тыххæй.  Цыбыртæй æрдзырдта йæ цард, йæ куыст æмæ йе сфæлдыстадон архайды тыххæй.

Фарстытæ æмæ дзуаппытæ

Уыцы бон ма Сергей Никоненко хицауады æмбырдгæнæн залы фембæлд дзыллон информацийы фæрæзты минæвæрттимæ æмæ сын сæ фарстытæн радта дзуаппытæ.

– Сергей Петры фырт, зæгъ ма, артисты хæстæй дарддæр ма исты æхсæнадон æмæ паддзахадон хæстæ æххæст кæныс?

– Æххæс кæнын.  Мæскуыйы дæн Сергей Есенины музейы директор. Исчи уæ Мæскумæ куы æрцæуа уæд, табуафси, æрбацæут-иу махмæ дæр, фендзыстут æмæ базонгæ уыдзыстут бирæ цымыдисон цаутимæ.

– Зæгъ ма, Сергей Есенины æмдзæвгæтæй дын уарзондæр кæцы у æмæ цæмæн?

– Сергей Есенины æмдзæвгæтæ æз уарзын, æмхуызон. Куы фæхъæуы, уæд сæ фæкæсын, адæмæн фембарын кæнын сæ хъуыды. Раст куы зæгъон уæд, уырыссаг класиктæй стырдæр аргъ кæмæн кæнын, уыдонæй иу у Сергей Есенин.

– Дæ къах æрæвæрдтай Ирыстоны зæх-хыл, тынгдæр дзы дæ зæрдæмæ цы фæцыд, науæд уайдзæфы аккагæй цы федтай?

– Раппæлдзынæн уæ хъарм æмæ рæсугъд бæстæйы уындæй, уæ сыгъдæгзæрдæ æмæ уарзæгой адæмæй. Стæй куыд нæ хъуамæ ра-кæнон  уæ  ирон  уæливыхты æмæ уæ уазал арахъхъы кой. Уайдзæф кæнын нæ уарзын æмæ   никуы дæр фæкæнын.

– Æрæджы уыдтæ Абхазы. Уырдыгæй та цахæм æнкъарæнтимæ аздæхтæ?

– Æрæджы нæ, фæлæ иу азы размæ. Абхазы мæ царды бирæ хæттыты уыдтæн. Æмæ улæфынмæ уыдтæн, зæгъгæ?

Улæфынмæ дзы уыдтæн æрмæстдæр иу хатт, уæддæр мæ акодта мæ цардæмбал. Иннæ хæттыты истон кинонывтæ.

– Фидæнмæ скусдзæнис нæ ног театр. Уæ къорды уæнгтимæ уæ куы фæхонæм, уæд нæм æрцæудзыстут?

– Кæд мæ тынг фæндыд æмæ суыдаин театры артист, уæддæр не сдæн. Æрцæудзыстæм æви нæ уый тыххæй уын ныртæккæ мæ бон ницы у зæгъын. Кæд нæ фæхонат уæд ахъуыды кæндзыстæм.

– Ирон артисттæй цалдæр хайад фæисы Уæрæсейы киностудиты, феххæст кæнынц ахсджиаг ролтæ. Кæимæ дзы дæ зонгæ æмæ куыд аргъ кæныс  сæ арæхстдзинадæн?

– Хъыгагæн, Ирон артисттæй никæимæ истон кино, уымæ гæсгæ мын æнцон нæу ацы фарстæн сдзуапп кæнын. Æнæуый фехъуыстон сæ арæхстджын архæйдтыты кой.

– Фылдæр дæ цавæр кинотæ фæнды исын?

– Хæстон, фæтк æмæ æгъдауыл дзырд кæм цæуы, ахæмтæ. Нæй ахæм фронт знаджы ныхмæ æз кæм нæ тох кодтон. Уый, кæй зæгъын æй хъæуы, киноты. Æмæ уын зæгъон, ахæм кинонывтæн сæ исын дæр нæу æнцон. Хæсты дугæй федтон æмæ бахъуыды кодтон æрмæстдæр уæлахизы залпытæ куы лæвæрдтой, уыдон. Хъуыды ма кæнын мæхиуæттæй цалдæр хæстмæ куы цыдысты, уыцы нывтæй дæр цыдæртæ.

 

ИЗÆР ФÆЦИ КОНЦЕРТÆЙ

Уыцы бон ма изæры 5 сахатыл Сергей Никоненко йæ къордимæ концерт радта киноконцертон зал «Чермен»-ы. Концерт æнæхъæнæй дæр амад уыд Стыр Фыдыбæстæйон хæсты æрцæугæ цаутыл. Артисттæ хæстон архайдтытыл æххæст кодтой инсценировкæтæ, цагътой музыкæ, æххæст кодтой хæстон зарджытæ.

Концертмæ цы адæм æрбацыд уыдон æмæ артисты ‘хсæн ахæм хæларадон ахаст сæвзæрд æмæ концертæй æддæмæ цæугæйæ æвдыстой æрмæстддæр райгонды æнкъарæнтæ.

Гæззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.