Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар Гасситы Петр йæхимæ райста кульутрон-историон проект «Маяки дружбы. Россия сближает»-ы фæлгæтты «Кунаки Южная Осетия – Итиль»-ы активистты къорды,  проекты къухдариуæггæнæг Руслан Гусаровы сæргълæудæй.

Гасситы Петр раарфæ кодта æмæ бузныджы ныхæстæ загъта, проекты организаторæн æмæ йæ хайадисджытæн. Банысан кодта, зæгъгæ, ацы проект ахъаз кæны Кавказы адæмты ‘хсæн хæлардзинад сфидар кæнынæн.

«Проект иттæг хорз у, æмæ фыццаджыдæр здæхт у, цæмæй бирæ регионты фæсивæдæн фадат уа се ‘мгæрттимæ базонгæ кæнынæн. Уый хорз фæрæз у, ног адæймæгтимæ, сæ культурæимæ, традицитимæ, цардмæ цы цæстæнгасæй кæсынц, уыдæттимæ базонгæ уæвынæн. Уыимæ иумæ, Кавказы цы стереотиптæ ис, уыдон халгæйæ», – загъта Гасситы Петр.

Йæ рады, Руслан Гусаров бузныджы ныхæстæ загъта спикерæн ахæм хъарм зæрдæимæ сæ кæй айста æмæ банысан кодта, æппæт хицауадон структурæты æппæт хуссарирыстойнаг адæмы ‘рдыгæй сæм цы ахаст ис, уый. Проекты автор банысан кодта, иумæйаг æхсæнадон-пайдайаг куыст æмæ зонындзинæдтæ кæм исой, ахæм улæфт фæсивæдæн фадат дæттынц Кавказы республикæтæй се ‘мгæрттимæ базонгæ кæнынæн. Афтæ ма загъта, зæгъгæ, уыдон æрмæст куыд уазджытæ, афтæ кæй не ‘рцыдысты, фæлæ иумæйагæй исты пайдайы хъуыддаг саразынмæ дæр, афтæ ма культурæйы цыртдзæвæнтæ бахъахъхъæныны проблемæмæ хъус æрдарынмæ дæр. Афтæ фæзынд проект «Маяки дружбы» æмæ уал фыццаг этапы уыцы маяктæ систы Кавказы мæсгуытæ. Иу къуырийы мидæг фæсивæд кувæндон æмæ пырх мæсыджы сыгъдæг кæндзысты кæрдæг æмæ дуртæй, уымæн æмæ мæсгуытæн сæ фылдæр пырх цæуынц бирæ факторты æндæвдадæй.

«Хуссар Ирыстон махæн традицион æгъдауæй ссис нæ проект æххæст кæныны регион. Æмæ кæд фыццаг бындурон проект хуыйны «Маяки Дружбы. Башни Кавказа», уæд ацы азæй райдайгæйæ, проект уæрæхдæр кæны æмæ райста ног ном – «Маяки Дружбы. Россия сближает». Ацы аз та проектмæ бафтыд «Волгарека кооперации»-йы этап», – загъта Руслан Гусаров.

Уымæй уæлдай ма уый банысан кодта, Кавказы æмæ Поволжьейы æндæр æмæ æндæр регионтæй проекты цы фæсивæд архайы, уыдон æвзæрст цыдысты культурологийы, æдасдзинады, психолигийы фадыджы æмæ уый фæстæ тесты хуызы лæвæрдтой фæлварæнтæ. Фембæлды рæстæджы проекты хайадисджытæ дзырдтой сæ тæлмæнтæ, банысан кодтой ирон адæмы уазæгуарзондзинад æмæ хъарм ахаст, закъондæтынадон органы сæргълæууæгæн та бакодтой зæрдылдарæн лæвæрттæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты информацион-аналитикон службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.