Республикæ Хуссар Ирыстоны ис вазыгджын политикон уавæр. Æххæстгæнæг хицауады ‘рдыгæй æвæрд æрцыд цензурæ æмæ къуындæг кæнынц административон æгъдауæй Республикæйы закъоныл æвзæрст Парламенты. Цалдæр хатты рацæуын нæ бауагътой ПТРК «Ир»-ы эфиры программæтæ «Парламентон Фидиуæг» æмæ «Детали». Уыдон адæмы рæгъмæ хæссынц РХИ-йы закъондæттынадон орган æмæ йæ депутатты архайды фарстытæ. Мах домæм, цæмæй ацы аиппæвæрæн хъуыддагæн кæрон æрцæуа, æнæзакъон архайдтыты аххосджын чи у, уыдон та æфхæрд æрцæуой закъон куыд домы, афтæ карзæй.

Куыд зонæм, афтæмæй «Паддзахадон информацион фæрæзты фæрцы Паддзахадон хицауады органты архайд рухсмæ хæссыны фæткы тыххæй» Закъоны 7-æм статьяйы дзырд цæуы, паддзахадон информацион фæрæзтæ хæсджын кæй сты, цæмæй къуыри дыууæ хатты уæддæр эфиры уадзой афæлгæстон рухстауæн программæтæ æрдæг сахаты дæргъы Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты, йæ комитеттæ æмæ къамисты куысты фæстиуджыты тыххæй, Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцийы сæйраг уагæвæрдты мидис æмæ дзы пайда куыд цæуы, уый, Республикæ Хуссар Ирыстоны чи архайы, уыцы закъæттæ æмæ æндæр барадон актты тыххæй.

Уæлдæр банысангонд статьяйы фæлгæтты ПТРК «Ир»-ы эфиры рацæуы программæтæ æртыццæджы  – «Детали» æмæ сабаты – «Парламентон фидиуæг».

Ацы уагæвæрд хæлд æрцыд, æмæ 2017 азы 21-æм январы æмæ 2017 азы 25-æм январы ацы программæтæ æвдыст не ‘рцыдысты. Сæ ацы къахдзæфæй паддзахадон информацион фæрæзтæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты æнæхай фæкодтой æвзарджыты сæ рахæсгæ закъондæттынадон фæндæттимæ цы иунæг фæзуаты базонгæ кæнынц, уымæй.

Дæргъвæтин рæстæджы дæргъы паддзахадон информацийы фæрæзтæ сæхæдæг, науæд та искæйы амындмæ гæсгæ лæууынц, дзыллæйы æвзæрст адæймæгты хъæлæс æвзарджытæм цæмæй фæхæццæ уа, уый ныхмæ. Уый дæр у архайæг закъонлæвæрды ныхмæ мадзал, уымæн æмæ закъоны комкоммæ дзырд цæуы телекæсджытæ æмæ радиомæхъусджыты паддзахадон хицауады архайды тыххæй алыварсонæй зонгæ кæныны тыххæй.

Уымæй дарддæр ма, закъоны фыст ис, паддзахадон информацион фæрæзты хъуамæ уа хъусинæгтæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты куысты, Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты, Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады куысты тыххæй, æмæ адон хъуамæ уагъд цæуой хицæн блокæй. Кæд федтат сымах фæстаг хатт Парламенты куысты тыххæй сюжеттæ?

Афтæмæй та парламенты куыст æрмæст сесситæй нæу. Уый у комитеттæ мæ къамисты куыст. Уыдон кусынц бæстæйæн ахсджиаг закъонтыл. Уый ма у, депутатты куыст, сæ зындзинæдтимæ нæм чи æрбацæуы, нæ уыцы æмбæстæгтимæ.

Цал хатт нæ рацыдысты ПТРК «Ир»-ы эфиры нæ программæтæ, уал хатты мах ныффыстам фыстæджытæ Паддзахадон информаци æмæ мыхуыры комитетмæ, Прокуратурæмæ. Дзуапп абон дæр нæ райстам. Æрмæст федтам, Информаци æмæ мыхуыры комитеты Сæрдар телеуынынады йæхи куыд раст кодта, уый. Уый æнцой кодта закъоныл нæ, фæлæ йæхи субъективон хъуыдыйыл, æмæ нын æрæвæрдта, нæ программæтæ эфиры цæмæй рацæуой, уый тыххæй цалдæр домæны. Мах Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты Сæрдары раныхасæн аргъ кæнæм, куыд РХИ-йы Парламентыл тыхæндæвд, йæ архайдмæ йын ныхилын æмæ РХИ-йы Конституцийы бар кæмæн нæй, ахæм æргом цензурæ.

Фæнды нæ ноджыдæр иу хатт паддзахадон хицауады æппæт органты хъусдард аздахы, кусын кæй хъæуы Закъоны бындурыл. Закъон та, уæлдайдæр та сæйраг закъон – Конституцийы дзырд цæуы, ома, закъондæттынадон, æххæстгæнæн æмæ тæрхонгæнæг органтæ сты хæдбар, æмæ сын нæй бар кæрæдзийы архайдмæ ныхилой. Уæдæ Парламенты раз, йæ программæтæ эфирмæ лæвæрд цæмæй æрцæуой, ахæм домæнтæ æвæрынæй дæр комокммæ хæлд цæуы Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституци, афтæ ма хæлд цæуынц Уголовон кодексы, бæрнон бартæй карздæрæй спайда кæныны тыххæй уголовон бæрндзинады дзырд кæм цæуы, уыцы нормæтæ.

Мах домæм, цæмæй Республикæ Хуссар Ирыстоны архайæг закъондæттынад хæлд мауал цæуа.

Мах, Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты депутаттæ, кусæм барадон паддзахад саразыныл, æмæ нæ никæцы административон тыхæндæвдад нæ фæиппæрд кæндзæн ацы нысанæй!

Мах здахæм паддзахадон информаци æмæ мыхуыры фæрæзты хъусдард «Паддзахадон информацион фæрæзты Паддзахадон хицауады органты архайд рухсмæ хæссыны фæткы тыххæй» Закъоны 5-æм статьямæ гæсгæ паддзахадон дзыллон информацион фæрæзтæ хæсджын кæй сты, цæмæй Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдары ацы хъусынгæнинаг æппæт гуырахстæй ныммыхуыр кæной.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты информацион-аналитикон службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.