Республикæ Хуссар Ирыстоны Централон æвзарæн къамис хъусын кæны, 2019 азы 9 июнмæ снысангонд РХИ-йы æвдæм æрсидт  Парламенты депутатты æвзæрстытæм цæттæ кæныны æмæ ауадзыны куыстытæ кæй райдыдтой.

РХИ-йы Централон æвзарæн къамисы адрес: Сталины уынг, 18.

***

«Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгты æвзарæн барты сæйраг гарантитæ æмæ референдумы хайад райсыны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцион закъоны 22-æм статьяйыл бындуриуæг кæнгæйæ, РХИ-йы Централон æвзарæн къамис курæг у политикон партитæ, æвзарджыты инициативон къордтæ æмæ паддзахадон хицауады бынæттон органтæй, цæмæй ацы аз 12 апрелмæ æрбавдисой сæ кандидатурæтæ 2019 азы 9 июны уагъдцæуæг Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты депутатты æвзæрстыты фæдыл фадыгон æвзарæн къамисы скондмæ бахæссыны тыххæй.

РХИ-йы Централон æвзарæн къамисы

Сæрдар ПЛИТЫ Беллæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.