Цы бантыст саразын, цы ма уыд гæнæн саразын, цы проблемæтыл æмбæлы йæ куыстуат æмæ куыд скъуыддзаг æрцæудзысты ацы аз, уый тыххæй информацион тыгъдад «Спутник – Хуссар Ирыстон»-ы дзырдта Паддзахадон унитарон куыстуат «Энергоресурс – Южная Осетия»-йы генералон директор Къæбысты Ацæмæз.

Къуайса кæд сифтонг уыдзæн газæй

«Энергоресурс – Южная Осетия»-йы директоры уый тыххæй бафарстой журналисттæ æмæ сын загъта: «Президенты хæслæвæрдмæ гæсгæ мах сарæзтам Къуайсайы газифтонгады проект. Уый ныридæгæн бавдыстам РХИ-йы Хицауадмæ. Проектмæ гæсгæ Къуайсайы онг нывæндæм æхсæз газуарæн станцæйы. Уыдонæй иу уыдзæн Начърепайы хъæуы, дыууæ Надарваз æмæ Кировы хъæутæм базилæнты, аннæ дыууæ Даргъæрдуз æмæ Бзиты цæрæн пунктты. Фæстаг станц та арæзт æрцæудзæн Къуайсайæн йæхи мидæг».

Къæбысты Ацæмæз куыд загъта, афтæмæй Къуайсайы газифтонгады проекты аргъ у 17 милуан сомы. Нырма бæрæг нæу кæй фæрæзтæй арæзт æрцæудзæн проект, фæлæ ацы хъуыддаг ма хъуамæ ныддаргъ уа. Къуайсайы цæрджытæ æнæрхъæцæй æнхъæлмæ кæсынц.

2015-2017 азы æнæфыст хæстæ

Нæ республикæйы газ æмæ электроэнергийы тарифтæ баззадысты ивгъуыд азы æмвæзадыл. Ууыл стыр куыст бакодта республикæйы разамынад. Уæрæсейы энергоресурсы раз нæ хæстæ цас сты æмæ куыд фыст цæуынц, зæгъгæ, уый фæдыл та Къæбысты Ацæмæз афтæ радзырдта: «Уыцы хæс у иу миллиард сомы бæрц. Рухсы хæс 655 милуан сомы, газыл та дарæм 408 милуан сомы. Фæлæ ацы хæстæ сты 2015-17 азы цы бахардз кодтам, уыдон. Дыууæ Хицауады бадзырдмæ гæсгæ абон уыдон баззадысты хæсæй, æмæ сæ хъуамæ фидæм цадæггай». Загъта ма, зæгъгæ, абоны бон рухс фидыны дисциплинæ фæхуыздæр. Фæлæ нырма дæр электроэнерги рационалонæй нымад нæ цæуы, уымæн æмæ иуæй-иутæ алыгъуызон махинацитæ кæнынц, цæмæй сæ рухс æмæ газы хæстæ ма фидой. Фиддонты дисциплинæ чи халы æмæ электроэнерги чи давы, уыдоны нымæц фæкъаддæр кæныны тыххæй райстам ног программæ. Адæймагадæн æнæ энергоресурстæй у зын цæрæн, бахардзгонд рухс æмæ газæн та æнæфидгæ нæй. Ахæм бæстæ нæй, адæм сыл фидгæ кæм нæ кæнынц. Хъуамæ алчи дæр бæрндзинад æнкъара Уæрæсейы Федерацийы раз.

«Энергоресурс – Южная Осетия»-йы куыстуаты дæлбар арæзт æрцыд ног бригадæ, кæцы бæрæг кæны газы хæтæлты æдзæллаг уавæр æмæ сæ иуварс кæны. Уыцы куыстытæ аразынц æнæаргъæй. Специалон бригадæ зилы хæдзари-хæдзар, амындтытæ æмæ фæдзæхстытæ чи не ʻххæст кæны, уыдоны та ивар кæны», – фарстайы фæдыл ныхæстæм ма бафтыдта «Энергоресурс – Южная Осетия»-йы генералон директор.

Электронымайæнтæй ифтонг æрцæудзæн республикæ

Къæбысты Ацæмæз ма куыд загъта, афтæмæй ацы аз адарддæр кæндзысты республикæйы ног электронымайæнтæй сифтонг кæныны куыстытæ. «Йæ нысан у электрохæххытыл рухс дæттыны рæстæджы технологон сæфтытæ фæкъаддæр кæнын. Ныртæккæ цы ног нымайæнтæ æвæрæм, уыдон автоматикон æгъдауæй ««Энергоресурс – Южная Осетия»-йы сервермæ дæтдзысты бахардзгонд электроэнергийы зонæнтæ. Уый хорз ахъаз уыдзæн, контролертæ нал зилдзысты хæдзари-хæдзар, электроэнергийы давдтытæ та фæкъаддæр уыдзысты. Ивгъуыд азы кæрон ахæм нымайæнтæ æвæрд æрцыд Шанхай æмæ Гудзабары. Ныр та сæ æвæрын райдайдзыстæм Цæрæн массивы. Цадæггай ифтонг æрцæудзысты районтæ се ʻппæт дæр. Уый фæстæ та дæрддзæф хъæутæ».

Электронымайæнтыл дзургæйæ ма Къæбысты лæппу загъта, зæгъгæ, ис ма нæм ноджыдæр иу хорздзинад. Фиддонтæ æгæр куы сбирæ уой, бæрæг лимитмæ куы схизой, уæд абонент электрохызæгæй автоматикон æгъдауæй ахицæн уыдзæн.

513 рухсцæджындзы æмæ 39 километры рухсы телтæ

«Энергоресурс – Южная Осетия»-йы коллектив æппæт тыхтæй дæр архайы, цæмæй цæрджытæ æнæкъуылымпыйæ пайда кæной электроэнергийæ. Мæ куыстуаты цы кусджытæ кусы, уыдонæй алчидæр уарзы йæ куыст æмæ йæ æххæст дæр кæны æнувыдæй. Бирæ хъæуты рухсы цæджындзтæ бамбыдысты, телтæ ныскъуыдтæ сты. Сæрдыгон хъарм бонты тынг тæссаг нæу, фæлæ боныгъæд куы фæивы, тымыгътæ æмæ къæвдабонтæ бирæ куы ахæссынц, уæд зæронд цæджындзтæ афæлдæхынц. Уый аххосæй зымæджы бирæ хъæуты цæрджытæ фæцух сты рухсы хæрзиуджытæй. Æмткæй 32 хъæуы ивд æрцыдысты цæджындзтæ æмæ сыл ивæзт æрцыд 39 километры тел. Ацы аз ахæм куыстытæ кæнæм Дменисы хъæуы, ныридæгæн сæвæрдтам 19 æфсæн-бетонон цæджындзы. Ацы хъæуы арæзт æрцæудзæн уæлæмхæс трансформаторон дæлстанц. Уымæн æмæ цæрджытæ хъаст кодтой рухсы хъомысадæй. Ам куыстытæ куыддæр фæуæм, афтæ ахиздзыстæм Присы хъæумæ. Уым дæр сæвæрын хъæуы трансформаторон дæлстанц, æвæргæ та скæндзыстæм 15 цæджындзы. Куыддæр ацы куыстытæ Цхинвалы районы фæуæм, афтæ нæ зæрды ис Ленингоры районы Раздæхæнмæ ацæуын æмæ ма Дзауы районы хæххон хъæу Шихантурмæ дæр. Ацы куыстытæ сæрды бонты хъæуы бакæнын се ʻппæт дæр», – радзырдта Къæбысты Ацæмæз.

Уымæй уæлдай ма «Энергоресурс – Южная Осетия»-йы гендиректор радзырдта, зымæджы бонты аварион уавæртæ куы æрцæуы хæххон бынæтты, уæд кусджытæ уайтагъд куыд ацæуынц бынатмæ, рухсы хæххытæ сæндидзын кæнынмæ.

УАЗÆГТЫ Марфа

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.