Хуссарирыстойнаг спортсменкæ Бекъойты Анастасия фæуæлахиз Краснодары уагъдцæуæг Уæрæсейы чемпионаты U20, ома, 21 азы онг кæуыл цæуы, уыцы спортсменты ‘хсæн. Анастасия фыццаг бынат бацахста 800 метрмæ лидзынæй. Уый ацы дистанци алыгъд 2 минут æмæ 21.82 секундмæ. Йæ тренер у Гæззаты Аслан. Ерысты ма хорз бæрæггæнæнтæ равдыстой Джиоты Марат æмæ Наниты Давид.

Наниты Давид Уæрæсейы чемпионат U20 æфсæйнаг къори æппарынæй бацахста цыппæрæм бынат, Джиоты Марат  та Уæрæсейы чемпионат U17 барьертимæ 300 метрмæ лидзынæй ссис фæндзæм.

 

УÆГЪДИБАР ХЪÆБЫСХÆСТ

Хуссарирыстойнаг богал Пухаты Роланд Уæрæсейы æмбырдгонд командæйы сконды атахт сербаг горæт Нови-Садемæ, цыран хайад райсдзæн 18 онг кæуыл цæуы, уыцы спортсменты ‘хсæн уæгъдибар хъæбысхæстæй Европæйы чемпионаты. Тренер Коцты Тамерланы хъомылгæнинаг хæцы 92 кг уæзы категорийы.

***

Августы мæйы Олимпион хъæзтытæ уагъд æрцæудзысты Парижы. Уырдæм бахауынмæ сæхи цæттæ кодтой уæрæсейаг хъæбысæйхæцджытæ. Уый фæдыл раздæр хайад истой лицензион турнирты. Фæлæ æнæн-хъæлæджы дунеон Олимпион комитет ерыстæм нæ бауагъта УФ-йы тыхджындæр богалты, уыдон нымæцы Сидахъты Зауырбег æмæ Найфонты Артуры дæр. Дунеон комитет йæ сайтыл цы релиз ныммыхуыр кодта, уымæ гæсгæ Олимпион хъæзтытæм бауагъта æрмæстдæр 10 хъæбысæйхæцæджы. Уыдон ‘хсæн сты уæгъдибар хъæбысхæстæй архайæг Багаты Арслан (86 кг), грекъаг-ромаг хъæбысхæсты минæвар Остъаты Алан (87 кг) æмæ сылгой-мæгты хъæбысхæстæй архайæг Кæсæбиты Алинæ (63 кг).

ХУРИТЫ Батрадз

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.