Нæ æнусы дуне афтæ тагъд ивы, æмæ йæ хатгай адæймагæн йæ бон аййафын нæ вæййы.

Бирæтæн уарзон æмæ хъарм æнкъарæн ностальгия, ома ивгъуыды мысын, разынд æдыхдзинадмæ хæстæг æмбарынад. Размæ тырнын, ног цард аразын зын у. Бирæтæ равзарынц хъаст кæнын, мысын раздæры бонтæ, æмæ тæрсгæ-ризгæйæ кæсын фидæнмæ.

Ахæм модæйы фæзынды бирæ-тæ аххос кæнынц ныры тыхст заманы. Адæм бирæ алыгъуызон информаци кæй исынц, уый сын сабыр цард ферох кæнын кодта. Алырдыгæй сыл згъæлы маст æмæ фæдисы хъæр. Фыдбылыз алы заман дæр вæййы. Фæлæ рæстæг фылдæр æвзары æр-мæстдæр хуыздæр уысмтæ. Хуыздæр æмæ адджындæр æн-къарæнтæ. Цас кæстæр стæм, уыйбæрц нæм æнцондæр æмæ æнæмæтдæр кæсы цард. Æмæ уыцы æнæмæтдзинадагур сты ретрокультурæйы фæсдзæуинтæ дæр.

Царды фæндагыл цæугæйæ, фæстæмæ куы акæсæм æмæ нæ нæ зæрдæ раздæры бонтæм куы ахæссы – уыцы æнкъарæн хуыйны ивгъуыды нысан.

Алчи дæр нæ йæ сабийы бонтæй рацыд. Æмæ сæ алчи хъармзæрдæйæ фæмысы. Арæх ис фе-хъусæн ахæм ныхæстæ: «Раздæр хуыздæр уыд», «Абон та ма цæй æгъдау и, мæнæ мах заманы…» æмæ афтæ дарддæр.

Ностальгия æрмæст хицæн адæймаджы зæрдæйы не ‘рцæры, фæлæ – æнæхъæн фæлтæрты зонды дæр. Афтæмæй абон бæлвырдæй уынæм, дунейы фæсивæд сæхи куыд ивазынц поп-культурæйы уидæгтæм. 60- 90-æм азтæ раздæхтысты цардмæ кæцыдæр ногдзинæдтимæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, арæх мæхи æрцахсын ахæм хъуыдыйыл, æмæ ног зарæг фыст нал цæуы. Зарæггæнджытæ хæлæф кæнынц кæддæры фыст ныхæстæ æмæ музыкæйыл. Аивынц сæ ног рæстæджы домæнтæм гæсгæ, æмæ рауадзынц зарæг сæхи номимæ. Уый мæнмæ раст нæ кæсы, фæлæ уыцы уылæн рагæй бамбæрста дуне. Уæдæ дзаумайы æгъдау дæр раздæхт фæстæмæ. Цухъхъатæм æмæ разгæмттæм нæма бахæццæ стæм, фæлæ клеш джинс æмæ гомгуыбын цыбырдыстæ бындур сæвæрдтой фæсивæды дарæсдоны. Модæйæ фæзæгъынц, цалхарæзт кæй у, цикликон, æмæ кæддæриддæр здæхы фæстæмæ. Афтæ рауад ацы хатт дæр.

Ностальгия цæуы фæрсæй-фæрсмæ æндæр терминимæ. Ууыл бирæ дзырдта англисаг му-зыкалон критик æмæ журналист Саймон Рейнольдс. Ныффыста ностальгияйы тыххæй чиныг – «Ретромания. Поп-культура в плену собственного прошлого».

Йæ куысты критик дæтты анализ нырыккон поп-культурæ æмæ сæрмагондæй музыкæйæн. Фыццаг хатт чиныг мыхуыры рацыд 2011 азы. Уым Саймон йæ ныхас аразы хурыскæсæны поп-культурæйы тыххæй йе ‘рыгон бонты бындурыл – ахъомылæй баййæфта «постпанкы» замантæ, хъомылæй «рейвты» заман. Дзырдта социологтимæ, равзæрста YouTube-ы феномен æмæ фæскультуралистты куыстытæ. Чиныг кæсгæйæ, ис рахицæнгæнæн дыууæ кæрæдзийыл баст сæргонды. Фыццаг сæргонды мидис дзуры, нырыккон попкультурæ йæ ивгъуыд афон сонт уарзт кæй кæны, ууыл. Исты ног саразыны бæсты æнæруромгæ ивы æмæ æндæр хуызы æвдисы, кæддæр цы æрхъуыды кодтой, уый. Дыккаг сæргонды та ныхас цæуы, 2000-æм азты райдианæй ног, цымыдисаг æрхъуыдытæ æмæ æнтыстдзинæдтæ кæй нал гуыры, ууыл. Уыцы уавæр Рейнольдс хоны «ретромания».

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.