Нæ æхсæнад сæ разæнгарддзинад æрмæст хæстон дуджы нæ равдисынц. Уый бæрæг у нæ абоны цардæй дæр. Бузныг Хуыцауæн, ныртæккæ адæм ифтыгъд сты сæ сабырадон цард аразыныл. Æмæ цавæрдæр ахсджиаг фарст куы фæзыны, уæд сæ бон у сæ хъуыды зæгъын. Фæлæ алцæмæн дæр арæнтæ ис – адæмæй алкæмæн дæр йæхи хъуыды вæййы, фарст та æрмæстдæр иу, фылдæр хатт та афтæ вæййы æмæ йын иуырдæм йедтæмæ аскъуыддзаггæнæн нæ вæййы.

Фæстаг азты бирæ дзырд цæуы, нæ горæты Зæронд хид кæй хонæм, уый алыварс. Иутæ зæгъынц, хид нал бæззы эксплуатаци кæнынæн æмæ йæ бынаты саразын хъæуы ног, йæхи хуызæн чи уа, ахæм, æндæрты фидар хъуыды у, цæмæй бахъахъхъæд æрцæуа, куыд историон цыртдзæвæн, афтæ.Уæдæ куыннæ ис ахæмтæ дæр, кæцытæ ацы фарстмæ кæсынц уæлæнгай цæстæй, ома, йæ кæд ногæй саразой, уæд хорз,кæннод дæр уадз, æмæ лæууæт.

Нæ республикæйы разамынады хъуыды у, цæмæй хид ногæй арæзт æрцæуа æмæ уый æнæбындур нæу. Сæ къухы ис компетентон спецалистты экспертизæйы хатдзæгтæ. Æмæ, цымæ æнæ уыдон нæхæдæг нæ уынæм, нæ цæстыты раз хид куыд «цуды», уый.

Хистæр фæлтæр хорз хъуыды кæнынц, ацы хидыл раздæр уæзласæн машинæтæ дæр куыд цыдысты. Стæй сын бар нал уыд, хидæн тæссаг кæй уыд, уымæ гæсгæ. Ныр та рог машинæты дæр нал уадзынц ауылты цæуын. Рацæудзæн рæстæг æмæ хидæн тæссаг суыдзысты фистæгæй цæуджытæ, кæнæ та иннæрдæм – фистæгæй цæуджытæн тæссаг уыдзæн хидæй. Ахæм у нæ царды закъон – алцы дæр рæстæджы дæлбар ис æмæ алцæмæн дæр йæхи уæвыны æмгъуыд ис.

Хид фехалын æмæ йæ бынаты ног хид саразыны ныхмæ чи сты, уыдоны дæр кæмдæр бамбарæн ис. Нæ горæты, зæгъæн ис, кæм хæсты, кæм рæстæджы аххосæй нал баззад, сæ архитектурон бакастæй æвæлхатт объекттæ æмæ сæ нæ фæнды, цæмæй уыдоны номхыгъдмæ бахауа Зæронд хид дæр.

Цæмæй иу хъуыдымæ æрцæуой, уый тыххæй паддзахады разамынады æмæ æхсæнады минæвæрттæн вæййы фембæлдтытæ, æрæджы уый фæдыл Хицауад цæугæ æмбырд ауагъта хидæн йæхи цур дæр, фæлæ иу хъуыдымæ не ‘рцыдысты. Ацы бонты та культурæйы министрад тымбыл фынг сарæзта Анахарсисы номыл централон библиотекæйы. Ардæм æрбацыдысты Хицауады сæрдар Джуссойты Константин, арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Зæгъойты Эдуард, культурæйы министр Зæгъойты Радæ, историон-культурон экспертизæйы фæдыл паддзахадон къамисы уæнгтæ, зонадон кусджытæ, инженертæ-аразджытæ, æхсæнадон минæвæрттæ, журналисттæ.

Тымбыл фынг байгом кодта культурæйы министр Зæгъойты Радæ æмæ банысан кодта, зæгъгæ,Зæронд хид ныртæккæ цы уавæры ис, уымæй йын дарддæр нал ис эксплуатацигæнæн. Афтæ кæй у, уымæ гæсгæ республикæйы разамынады  ацы фарсты фæдыл фæнды фехъусын æхсæнады хъуыды дæр, цæмæй райст æрцæуа объективон уынаффæ.

Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Зæгъойты Эдуард йæ раныхасы куыд  банысан кодта, афтæмæй Зæронд хиды проблемæ аскъуыддзаг кæнын хъæуы æввахс рæстæджы. Æмæ зæрдыл æрлæууын кодта, зæгъгæ, хиды арæзтад хаст æрцыд 2020-2022  азтæн РХИ-йы социальон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæмæ. Уый ма фехъусын кодта, зæгъгæ, уæрæсейаг специалисттæ бакодтой сгарæн куыстытæ, сбæрæг ын кодтой йæ техникон уавæр æмæ йæ банымадтой аварионыл.

Ног хид саразыны хъуыдыйыл тымбыл фынджы хайадисджытæй бирæтæ разы нæ уыдысты æмæ фарсты фæдыл райтынг дискусси. Культурæйы министрады историон æмæ культурон бынты хайады хистæр Багаты Ларисæ загъта ныхмæвæрд хъуыды, ома, Зæронд хиды хъæуы бахъахъхъæнын.Тымбыл хиды хайадисджыты уый базонгæ кодта уæрæсейаг специалистты, уæлдæр категорийы инженер-реставратор Иван Стрельбицкийы хатдзæгимæ æмæ дзы хиды мæгуырау уавæры тыххæй ницы нысан ис. Хидæн историон нысаниуæг кæй ис, уымæ гæсгæ æрсидт, цæмæй бахъахъхъæд æрцæуа, куыд нæ культурæйы æмæ историйы иу хай, афтæ.

ХИПУ-йы хистæр ахуыргæнæг Табуты Нелли рахæцыд Багаты чызджы хъуыдыйы æвварс, зæгъгæ, Цхинвалы фæстагдæр символтæй сæ   иу у ацы хид æмæ ахсджиаг у йæ бахъахъхъæнын. Æмæ загъта ахæм ныфс, нæ разамынад сæ хъуыдымæ кæй байхъусдзæн æмæ фадæттæ кæй ссардзæн йе сфидар кæнынæн, профессионалонæй йæ среставраци кæнынæн æмæ бахъахъхъæд кæй æрцæудзæн нæхицæн æмæ фидæны фæлтæртæн дæр.

Раст ахæм хъуыдыйыл хæст уыдысты «уыцыфарсы» цæрджытæ дæр.

Хуссар  Ирыстоны зонад-иртасæн институты директор Гаглойты Роберт йæ раныхасы куыд банысан кодта, афтæмæй уый дæр у хид бахъахъхъæныны æвварс. Уыимæ баст сты бирæ историон ахсджиаг фарстытæ, уымæй дарддæр ма у Цхинвалы символтæй сæ иу. «Æмæ махæн бар нæй æбæрн цæстæй акæсæм ацы архитектурон арæзтадмæ. Республикæ æгæр бирæ сафы йæ историон архитектурон цыртдзæвæнтæй”, – банысан кодта уый.

Хицауады сæрдар Джуссойты Константин лæмбынæг байхъуыста тымбыл фынджы раныхасгæнджытæм æмæ банысан кодта, хиды арæзтады тыххæй уынаффæ кæй райста  раздæры хицауад æмæ хаст кæй æрцыд 2019 азы Инвестпрограммæмæ. Загъта, зæгъгæ, хиды фæдыл дарддæр уынаффæтæ ист цæудзысты фыццаджыдæр æдасдзинады фарстаты бындурыл.

Йæ ныхæстæм гæсгæ раздæр уый уыд ахæм фæндоны фарс, цæмæй реставраци æрцæуа горæты историон хай. Æмæ бацæттæ кодта æмбæлон проект дæр.

Æз дæр æхсызгонæй бахъахъхъæнин Зæронд хиды, фæлæ махмæ ис эксперты хатдзæгтæ, кæцытæм гæсгæ хидæн йæ 70 проценты у аварион. О, уый, гæнæн ис, 50 кæнæ 70 азы дæр ма фæлæууа, фæлæ гæнæн ис ныккæла къуырийы дæргъы”, – банысан кодта Хицауады сæрдар.

Тымбыл фынджы фарсмæ ма дзырдæуыд, зæгъгæ, фæстæдæр пырх кæй æрцæудзысты донбылгæрон зæронд хæдзæрттæ дæр æмæ афтæмæй бынтондæр фесæфдзæн горæты зæронд хуыз. Афтæмæй та ацы хатт дæр иу хъуыдымæ не ‘рцыдысты Зæронд хиды фæдыл. Фæндон бахастæуыд, цæмæй ауагъдæуа хæдбар лабораторион иртасæн экспертизæ.

Хъæуы нæ ног хид

Ам зæгъын æмбæлы, ацы хид фыццаг объект кæй нæ у нæ горæты, кæцыйы тыххæй фарст æвæрд цыдис ахæм хуызы. Хидæй дарддæр ма нæ горæты уыдис къорд зæронд бæстыхайы, кæцытæн уыд историон æмæ архитектурон нысаниуæг. Фæлæ, хъыгагæн, хæсты рæстæджы, зæххæнкъуысты æмæ адæймагæн йæхи аххосæй дæр, ныр уыдоны нал фендзыстæм, нал сыл схæцдзæнис нæ цæст.

Цæвиттон, эксплуатаци кæнынæн нал сбæззыд кинотеатр “Ирыстон” æмæ пырх æрцыд. Хæсты азарæй басыгъд нæ Паддзахадон университеты сæйраг корпус. Кæд хæсты азарæй нæ, уæддæр басыгъд Паддзахадон драмон театры бæстыхай дæр. Уыдоны тыххæй дæр бирæ дзырд цыдис, цæмæй реставраци æрцæуой æмæ бахъахъхъæд æрцæуа сæ раздæры архитектурон хуыз. Æгæрыстæмæй театры æмæ университеты бæстыхæйттæ æндидзын кæнын дæр райдыдтой, æххæст сæ æрцыд дзæвгар куыстытæ, фæлæ уæддæр, фæстагмæ, скъуыддзаг æрцыд, цæмæй пырх æрцæуой æмæ сæ бынаты ног бæстыхæйттæ сырæзой. Æмæ зæронд университеты бынаты сырæзт, нырыккон домæнтæн дзуапп чи дæтты, ахæм рæсугъд бæстыхай. Зæронд театры бынаты та сырæзт йæ халдих фасадимæ ног бæстыхай, кæцы нымад цæуы Цæгат Кавказы театры хуыздæр бæстыхæйттæй сæ иуыл.

Бирæ быцæу ныхас цыдис театры бæстыхайы фарсмæ ног уазæгдон “Ирыстон»-ы тыххæй дæр. Бирæтæ уыдысты зæронд бæстыхай бахъахъæныны æвварс. Афтæмæй та бæстыхай базæронд æмæ дзуапп нал лæвæрдта абоны домæнтæн. Ныр нæ цæстыты раз лæууы ног, рæсугъд бæстыхай йæ раздæры халдих, æмæ дзы ног цæмæн сарæзтой, уый тыххæй ничиуал ницы дзуры, ныхъхъус сты. Ныр та æрбалæууыд Зæронд хиды рад.  Зæронд хид фæлæггад кодта, цы æмбæлд, уымæй бирæ фылдæр. Фæлæ уый нæ нысан кæны æмæ ма нын цалдæр æнусы фæлæггад кæндзæнис. Алчидæр хъуамæ æмбара, ницы ис æнусон а-дунейыл. Æмæ хъуамæ равзарæм чи кæлæддзаг кæны æмæ дыууæ машинæйы фæрсæй фæрсмæ кæм нæ ахиздзысты, уыцы хид дарддæр баззайа, æви йæ бынаты ног, уæрæх, аивдæр хид арæзт æрцæуа.

Зæгъын хъæуы уый æмæ нæ горæты машинæтæй азмæлæн нал ис. Зæронд хиды фарсхæцджытæ та домынц, цæмæй реставрацигонд æрцæуа æмæ уа фистæгæйцæуджытæн хид.  Æмæ стæй йæ уавæр куы февзæрдæр уа, уæд ма нын ахæм фадат уыдзæнис? Нæхи тыхтæй, нæ бон бауыдзæнис йæ саразын?

Мæ хъуыдымæ гæсгæ, байхъусын хъæуы специалисттæм, хиды абоны уавæр хуыздæр чи зоны, уыдонмæ, стæй нæ республикæйы разамынадмæ дæр, уымæн æмæ уыдон дæр ацы горæты схъомыл сты, ам цæрынц. Æмæ сæ нæ горæтæн æмæ йæ цæрджытæн дæр, хорздзинадæй дарддæр кæй ницы бафæнддзæнис, уый мæн фидарæй уырны.

            БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.