Уæдæ афтæ, Хуссар Ирыстоны равзæрстой ног Парламент. Сусæг хъæлæсæппæрсты фæстиуæгæн Парламенты спикерæй равзæрстой парти «Ныхас»-ы минæвар Мæргъиты Аланы.
Парламенты сæргъ слæууын «Ныхас»-æн бантыст йе ‘нтысты руаджы. Партион номхыгъдтæм æмæ иумандатон округтæм гæсгæ, парти райста алкæмæй фылдæр – 10 мандаты. Æндæр политикон тыхтимæ диалогмæ кæддæриддæр цæттæ чи уыдысты, уыцы депутаттæ дæр рахæцыдысты «Ныхас»-ы фарс.

«Иууон Ирыстон» фембылд ис. Партион номхыгъдты парти «Ныхас» æмæ «Иууон Ирыстон»-æн æмхуызон фæстиуджытæ уыд, фæлæ иумандатонтæ «Ныхас»-æн фылдæр уыдысты – цыппар депутаты, «Иууон Ирыстон»-æн та – иу.

Æдæппæт «Ныхас»-æн ис 10  депутаты – 6 партион номхыгъдтæй æмæ цыппар та – районтæй.

Иууон Ирыстон»-æн та ис 7 депутаты – 6 номхыгъдтæй, иу та – районæй.

Цымыдисон уый у, æмæ «Иууон Ирыстон» алкæцы æвзæрстыты дæр сафы йæ æвзарджыты. Æрхæссæм нымæцтæ:

2014 азы «Иууон Ирыстон»-æн уыд 20 депутаты, 2019 азы – 14, 2024 азы та- æрмæстдæр 7.

Фембылды фæстæ «Иууон Ирыстон» разы нæу æвзæрстыты фæстиуджытыл, æмæ фæаххосджын кæныны тыххæй агуры æнæбындур факттæ.

  1. Хъæлæстæ нымайын.

«Иууон Ирыстон» Централон æвзарæн къамисы аххосджын кæны, ома, дам, партитæ цы проценттæ райстой, уыдон дихгонд æрцыдысты, æнæбæлвырдгонд æмæ хæлд бюллетентæ нæ бахынцгæйæ.

О, фæлæ 2019 æмæ 2022 азты æвзæрстыты рæстæджы дæр хъæлæстæ афтæ нымадтой. Уæд, куыд разамындгæнæг парти, афтæ ахæм хъуыддаг алцæмæй дæр «Иууон Ирыстон»-ы зæрдæмæ цыд. Се ‘рдыгæй ницы протесттæ уыд.

Диссаг у? О, диссаг у.

Дарддæр – ноджы цымыдисондæр. Республикæ Хуссар Ирыстоны Централон æвзарæн къамисы сконды хъæлæсæппæрсты фæстиуæг банымайыны тыххæй  уынаффæтæ чи райсы, уыдон сты 15 адæймаджы. Уыдоны ‘хсæн ис парламентон пар-титæй алкæцыйы  мæнæвæрттæ дæр.

Æппæт быцæуаг фарстатæ дæр скъуыддзаг цæуынц фылдæр хъæлæсты руаджы.

Централон æвзарæн къамисы уæнгтæ афтæ схъæлæс кодтой Парламентон æвзæрстыты хатдзæгтæ сфидар кæныны тыххæй. 11 – разы уыдысты уынаффæйыл, йæ ныхмæ та – 4.

Дзæуджыхъæуы æвзарæн фадгуыты цæй тыххæй аххосджын кодтой, уыдон дæр æнæбындур уыдысты. Кæцыдæр пабликтæ нынныв кæнынц  политикон карзсюжетон триллеры сценари: «мæнгард» хицауиуæгад æвзарджытæм бахъуызын кодта, йæ чернила кæмæн фесæфы,  катайаг ахæм ручкæтæ.

Ам дæр рæстдзинад бæрæгæй зыны – оппозиционерты логикæйы ис, кæрæдзийыл чи нæ хæцы, ахæм бынæттæ.

Æмæ ма ноджы иу ахсджиаг факт – 700-йæ фылдæр хæлд бюллетенты фылдæр хай  балæвæрдтой парти «Ныхас»-ы тыххæй (70 проценты бæрц), Адæмон партийы тыххæй – 30 проценты  æмæ «Иууон Ирыстон»-ы тыххæй та – æрмæстдæр 17 хъæлæсы. Бюллетенты оттисктæм гæсгæ, уый уадидæгæн сбæрæг кодтой. Уый алчи дæр зоны.

Афтæ зæгъын уæ фæнды, æмæ «ныхасæгтæ» сæ проценттæ сæхæдæг акъуырдтой?!

Æцæгæй та æппæтдæр хуымæтæг у. Оппозицийы минæвæрттæй Цæгат Ирыстоны хъæлæстæ балхæнын чи хъавыд, уыдон æрцахстой цæгатирыстойнаг тыхон структурæтæ. Куы йæ бамбæрстой, уыцы æвзарæн фадгуыты сын ницы рауайдзæн, уæд сфæнд кодтой  провокаци сафгæ черниладжын ручкæтимæ. Уый фæстæ, цæмæй рæстдзинад мачи базона, уый тыххæй хъæр-хъæлæба самадтой.

Уый уын рæстдзинад Дзæуджыхъæуы æвзарæн фадгуыты тыххæй.

***

«Иууон Ирыстон»-ы минæвæрттæ ма ноджы цы аххосаджы тыххæй дзурынц, уыдонæй сæ иуы дзырдæуы: «Цæгат Ирыстонæй æрцæуджытæ хъæлæс лæвæрдтой, бынæттон æвзарджытæн та бюллетентæ не сфаг».

  1. Хуссар Ирыстоны алкæцы æвзæрстыты дæр хайад райсынц, республикæйы æмбæстæгтæй Цæгат Ирыстоны чи цæры, уыдон. Уый сæ закъонон бар у.

Æппæт политикон партиты фарсхæцджытæ дæр тырнынц, цæмæй сæ хæстæджытæ, зонгæтæ æмæ хæлæрттæ хъæлæс радтой фæуæлахизы шанстæ фæфылдæр кæныны тыххæй. Цымæ искæмæн уый сусæггаг у?

2019 азы парламентон æвзæрстыты рæстæджы Цæгат Ирыстоны æвзарæн фадгуыты нысан æрцыдысты фæткхалæн цаутæ, «Иууон Ирыстон»-ы минæвæртты æрдыгæй гæртам дæттыны элементтимæ.

  1. 2022 азы президентон æвзæрстыты дæр уыд Цхинвалмæ адæмы æрласыны факттæ.

Хицауиуæгады парти ахæм схемæты нæ рабæрæг,  афтæ ма нæй, фæткхалынæдтæ чи бæлвырд кæны, ахæм бирæнымæц фото/видео æрмæджытæ.

«Ныхас» ахæм схемæтæй куы спайда кодтаид, уæд, хæрзцъус хъæлæстæ кæй хъуыд,  сæ уыцы  иумандатон кандидатты сдепутаттæ кодтаиккой, зæгъæм, Гатайты Лалийæн  не сфаг æрмæстдæр дыууæ хъæлæсы,  Зассеты Аланæн – 30 хъæлæсы. Фæлæ афтæ нæ бакодтой. Цыфæнды æгъдауæй дæр Парламенты бынæттæ райсынмæ хицауиуæгад нæ тырны.

2019 азы Зассеты Алан фæуæлахиз Цæрæн массивы районы, фæлæ йын йæ уæлахиз гуымир æгъдауæй байстой æмæ уыцы районы депутат ссис «Иууон Ирыстон»-æй кандидат.

Уыцы инциденты тыххæй уыд хæцæнгарзæй уынгты æхсыны цаутæ дæр.

Саразæм хатдзæг. Уыцы бон цæстдарджыты æрдыгæй нæ уыд хъæстытæ, нæ уыд фæткхалыны видео æмæ фото æрмæджытæ дæр.

Æххæст фæткæвæрд

Раздæры хицауиуæгады рæстæджы чи сырæзт æмæ уыцы сконды чи баззад, уыцы Централон æвзарæн къамис банымадта æвзæрстыты хатдзæг, уый та у, æвзæрстыты хатдзæгыл чи бандæвтаид, ахæм серье­зон фæткхалæн цаутæ кæй нæ уыд, уый  бæлвырдгæнæн.

***

Ныр та равзæрстам, парти «Ныхас»-ы адресыл цы азымы ныхæстæ цыд, уыдон æнæбындур кæй уыдысты. Æркæсæм «Иууон Ирыстон»-ы æцæг мотивтæм æмæ Парламенты куысты бойкоты  фæстæ цы лæууы, ууыл ауынаффæ кæнæм.

Саразæм хатдзæгтæ:

  1. «Иууон Ирыстон»-ы тынг не ‘ндавынц æвзæрстыты фæткхалынадтæ. Рæстдзинады тыххæй дзурынц хуымæтæг адæмы цæстмæ, реалон хабар чи нæ зоны, уыдоны тыххæй. Сæ сæйраг нысан у фидæны президентон æвзæрстыты Бибылты Ацæмæзы тыххæй æнцонвадат уавæртæ саразын.

Ныры демарш дæр йæ æвзæрстыты кампанийы старт уыд. Пиар-технологитыл куы дзурæм, уæд сæ ногæй ницы ис. Реалон бонвæтк куынæ вæййы, уæд, æхсæнады хъусдард раздахыны тыххæй ахæм мадзæлттæй арæх спайда кæнынц.

Фæаххосджын кæнын æмæ бойкот здæхт сты протестон электораты хъæлæстæ æрæмбырд кæнынмæ. Уыдон сæхи æвдисынц сæйраг оппозиционертæй.

Оппозицийы уæвын кæддæриддæр рамбулæджы бынаты вæййы. Дæ бон у хъæр кæнай, аххосджын кæнай. Уый хорз мадзал у адæмы раз зæронд тæригъæдтæ æмбæрзынæн –  æнæбындур хъæртæй сайды уæвæг адæмы фарстатæн дзуаппытæ нæ раттын бафæлварын…

Уый руаджы уыдон фæнды, «Иууон Ирыстон»-æн йæ бон æвзарæгæн раттын кæй ницы у, уый бамбæхсын. Æвзæрсты ногæй ницы федтам уыдон æрдыгæй. Сæйраг уый у, æмæ уыдон ницы равдыстой размæдзыд республикæ æмæ адæмы царды уаг фæбæрзонддæр кæныны тыххæй. Æппындæр  НИЦЫ.

  1. Бойкоты дыккаг нысан – Президент Гаглойты Аланы фæтыхджынгонд позицитæн ныхкъуырд радтын, ахæм ныв равдисын, цыма нормалон æвзæрстытæ ауадзын æмæ легитимон фæзуаты архайын йæ бон нæу хицауиуæгадæн. Парламентон æвзæрстытæ Гаглойы фырты фарсхæцджытæн ацыдысты æнтыстджынæй. Æдæппæт райстой иууыл фылдæр мандаттæ. Президенты капилкæмæ бафтыд ноджы иу бонус – æвзæрстыты агъоммæйы кампани ацыд сабыр уавæрты æмæ æнæ эксцесстæй.

Ацы фактортæ фидар кæнынц Хуссар Ирыстоны Президенты позици, уыцы нымæцы республикæйæн æддейæ дæр. Ахæм уавæрты оппозици тырны Гаглойты Аланы имиджæн цыфæнды фадæттæй дæр разиан кæнынмæ.

  1. «Иууон Ирыстон» цы технологитæй пайда кæны, уыдонæн цыбырæмгъуыдон перспективæйы чизоны уа бæрæг эффект, фæлæ ахæм мадзал æнтыстмæ не ‘ркæндзæн.

Æдзухон хъаугъатæ æмæ æнæбындур критикæ цæрджыты зæрдæмæ нæ цæуы. Адæм бафæлладысты ныхмæлæуджытæй æмæ сæ хъæуы сабырдзинад, бæстæйы рæзт, ног кусæн бынæттæ æмæ фылдæр æфтиæгтæ. Уый тыххæй та Парламент æмæ æххæстгæнæн хицауиуæгад хъуамæ иумæ конструктивонæй архайой æмæ уыимæ иумæ размæ кæной республикæйы интерестæ.

Ноджы ма иу æппæрццаг хъуыддаг – чъизи технологитæ æвзæр æндавынц Хуссар Ирыстоны имиджыл. Гуырдзыстоны сæ хъус лæмбынæг дарынц, Республикæ Хуссар Ирыстоны цы цæуы, уымæ æмæ цыфæнды рæдыдæй дæр спайда кæнынц сæхи интересты тыххæй.

Сæрмагонд æфсæддон операци уадзæг æмæ æппæт Ныгуылæны ныхмæлæууæг Уæрæсе Хуссар Ирыстоны хъаугъатæ æмæ чысыл интригатæ нымайы æнæзонд æмæ æнæпайда хъуыддагыл. Республикæ, æппæт тыхтæ размæцыдмæ аздахыны бæсты йæ рæстæг сафы мидæггаг конфликттыл.

Адæмы фæнды депутатты фенын размæдзыды æмæ нæ ныфс ис, уыдон кæй кусдзысты, сæ амбициты тыххæй нæ, фæлæ – æвзарджыты хæрзиуæгæн.

ТГ «ЧП-Цхинвал»

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.