Дарддæр кæнынц, РХИ-йы министрадтæ æмæ ведомствоты къухдариуæггæнджытæ Мыхуыр æмæ информацийы паддзахадон комитеты пресс-центры сæ афæдзы куысты тыххæй цы хыгъдтæ дæттынц, уыдон.

Ныр та журналисттæ фарстатæ лæвæрдтой Бастдзинад æмæ дзыллон коммуникациты комитеты сæргълæууæг Джиголаты Хасанмæ.

Райдианы уый радзырдта, Инвестпрограммæйы фæрцы нæ республикæйы территорийыл цы бæрзондтехнологион ифтонгады, ома, нымæцон телеуынынад скусыны фæдыл куыст кæронмæ кæй фæцис. «Уыцы ифтонгадæн хицæн æрцыд 150 милуан сомы. Нæ республикæйы территорийыл нымæцон сигнал райсыны нысанæн æвæрд æрцыд аст базæйон станцы. Уыдонæй цыппар сарæзтам ногæй, иннæ цыппар монтаж æрцыдысты компани «Остелеком»-ы телесигналы базæтыл. Нымæцон телесигналæй ифтонг æрцыд республикæйы цæрджыты 92 проценты, иннæ хай рæстæгмæ пайда кæндзæнис аналогон телеуынынадæй.

Уый ма æрдзырдта, 2020 азы цадæггай ахизын кæй хъæуы нымæцон телесигналмæ. Цардимæ цы ног технологитæ æмдзу кæны, уыдонмæ гæсгæ Ирыстоны телеуынынад дæр хъуамæ рæстæджы домæнтæн дзуапп дæтта. Нымæцон телеуынынады руаджы бирæ хатт фæхуыздæр уыдзæнис телеуынынады нывты гъæд. Æрмæст 2015 азы размæ нæ цæрджытæ цы телевизортæ балхæдтой, уыдон уыцы формат нæ ахсынц. Нымæцон алæвæрд райсыны тыххæй зæронд телевизорты хицæутты хъæуы дециметрон диапазоны антеннæ самал кæнын. 2015 азæй фæстæмæ уагъд телевизортæн та сæхи мидæг ис ВМВ-72 мультиплекстæ, уымæ гæсгæ уыдон æнæ антеннæ дæр хорз ахсынц ацы сигнал.

Пресс-конференцийы рæстæджы ма Джиголаты Хасан æрдзырдта интернет-бастдзинады лæггæдты тыххæй дæр.

«Интернет æмæ мобилон бастдзинады лæггæдты фæдыл тарифон опцитæ фæкъаддæр кæнын æмæ лæггæдты гъæд фæбæрзонддæр кæныныл рагæй куыста хицауад. Уавæрæй рахизыны нысанæн нæ республикæмæ хуынд æрцыд «Юг-Телеком». Ацы компани разынд иттæг æууæнкджын интернет къабазы. Компани ныридæгæн сифтонг кодта горæты æмткæй, горæтмæ хæстæг хъæутæй цалдæры, Дзау æмæ районы хъæуты. Ныртæккæ кусынц Гуфтайы. Уый фæстæ та ахиздзысты Цхинвалы районы Дменис æмæ  Сатихъары хъæутæм. «Юг-Телеком» уæй кæны интернет лæггæдты дыууæ тарифон планы – 800 æмæ 900 сомы аргъ чи у, ахæмтæ. Ацы компанийæ райгонд сты не ‘мбæстæгтæ», – дзырдта Джиголаты Хасан.

Дзырдта ма, стационарон телефонон баст-дзинады АТС-тæ æдзæллаг уавæры кæй сты, уыцы риссаг фарстыл дæр. Абоны бон республикæйы уыцы бастдзинадæй пайда кæнынц 1500 абонентæй фылдæр. Уыдон сæйраджыдæр сты паддзахадон структу-рæтæ. Фæлæ сæм куырдиæттæ арæх бадæттынц цæрджытæ дæр. Уæлдайдæр – ацæргæ адæм. Уымæн æмæ ацы хуызы бастдзинад иуæй асламдæр у мобилонæй, аннæмæй та у æдасдæр. Фæлæ АТС-тæ зæронд кæй сты, стæй горæты уынгты аразыны рæстæджы кабелтæ кæй бахъыгдард сты, уымæ гæсгæ алкæмæн йæ куырдиат сæххæст кæнын сæ бон нæу.

Бастдзинад æмæ дзыллон коммуникациты комитеты къухдариуæггæнæг ма куыд зæ-гъы, афтæмæй кæд абоны бон Хуссар Ирыстоны мобилон бастдзинады иунæг монополист æрмæстдæр «Мегафон» у, уæддæр гæнæн ис æмæ фидæны фæзына ноджыдæр, «Мегафон»-имæ конкуренци чи кæна, ахæм оператор. Уыцы программæйыл ныртæккæ цæуы планон куыстытæ комитеты. «Нæ республикæйы хæдбардзинад нын нырма бирæ бæстæтæ нæ банымадтой, уый тыххæй бирæ бастдзинады оператортæ нæ разы кæнынц немæ кусын, ома, санкциты бын ма бахауæм. Уый размæ бадзырдтæ цыд уæрæсейаг компани «Тел 2»-мæ. Уыдон æрцæуыныл нæ разы кæнынц, фæлæ цæттæ сты сæ ифтонггæрзтæ рауæй кæныныл. Уый фæдыл мах консультацимæ æрбахуыдтам специалистты, кæцытæ загътой сæ фиппаинæгтæ. Цæмæй, дам, ахæм зæронд ифтонггæрзтæ скусой, уый тыххæй хъæуы стыр æхцайы фæрæзтæ. Хуыздæр уаид ногтæ балхæнын. Уый фæдыл мах фарст æрæвæрдтам Хицауады раз», – загъта Джиголаты Хасан.

Комитеты сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ, кæд æмæ Хицауад хорзыл банымайа ведомствойы программæ, уæд 2023-2024 азты нæ республикæйы территорийыл фæзындзæн бастдзинады ног оператор.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.