Не ‘взонг республикæйы æппæтдæр арæзт цæуы адæмы æмæ рæзгæ фæлтæры хæрзæбонæн. РХИ-йы Ахуырад æмæ зонады министрад сæрмагонд паддзахадон программæйы фæлгæтты республикæйы скъолаты кафджыты къордты ифтонг кæны ирон национ уæлæдарæсæй. Ахæм лæвар ацы аз райстой нæ горæты 12-æм астæуккаг скъола æмæ гимназ «Альбион»-ы хореографион къордтæ. Ацы лæварæрттæм скъолатæ æнхъæлмæ кастысты дзæвгар рæстæг. Скъолаты зард æмæ кафты коллективтæн дарæс бахуыйын кодта нæ республикæйы Ахуырад æмæ зонады министрад 2017-2019 азты монон хъомылады паддзахадон программæйы фæлгæтты. Ирон орнаменттæм гæсгæ дарæс у аив фæлыст. Лæппуты дарæсы комплекты ис кæрдтæ, хъаматæ, сыгъдæг сæракæй хуыд цырыхъхъытæ, цухъхъатæ æд бæрцытæ, уæлдзарм худтæ, куырæттæ, хæлæфтæ. Чызджыты дарæсы комплект та конд у дзыккутæ, разгæмт-тæ, худтæ, сæрбæттæнтæ, рæттæ æмæ сæракын къахыдарæсæй.

Кафæн дарæс закъазгонд æрцыдысты зындгонд хореограф Майя Четионмæ, дизайн та сын сарæзта Дзигойты Каринæ. Чызжытæн алы кафтæн дæр ис хицæн дарæс. Æдæппæтæй кафæн дарæс сты 11 фæлысты, уыдонæй  8 фæлыст сты «Симд»-ы  æмæ 3 та – «Хонгæ кафт»-æн. «Симд»-æн сæ къабатæ сты æрвгъуыз, «Хонгæ кафт»-æн  та  – æвзистхуыз. Майя Четион куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ кафджытæ сæ национ уæлæдарæсы фæрцы сценæмæкæс-джытæм адæттынц ирон адæмы удыгъæд æмæ традициты æндæвдад.

Ацы дыууæ скъолайы хореографион къорды кафджытæ сæхæдæг дæр сæ ног уæлæдарæсы сæ арæхстдзинад равдыстой Ахуырады министр Гасситы Натали æмæ Майя Четионы раз. Ахуырады министрад ныфс бавæрдта, ацы аз ма ахæм лæвар кæй райсдзысты ноджыдæр дыууæ скъолайы.

Гимназ «Альбион»-ы аивадон къухдариуæггæнæг Дзабиты Екатеринæ стыр бузныг загъта  РХИ-йы Хицауадæн, Ахуырады министрад æмæ ацы программæйыл чи бакуыстой, уыдонæн се ‘ппæтæн дæр. «Кафæн уæлæдарæс у тынг аив фæлыст. Ахæм лæвар не скъола фыццаг хатт райста, сывæллæттæ уæлæдарæсыл фæцин кодтой ахуыргæнджытæй тынгдæр. Раздæр нын нæ уыд кафæн уæлæдарæс, фæлæ уæддæр нæ сывæллæттæ хайад истой алыгъуызон фестивалты. Арæх-иу ракуырдтам формæтæ Майя Четионæй, Сывæллæтты сфæлдыстады галуанæй, Аивæдты Лицейæ, «Симд»-æй. Уыдоны руаджы-иу арæх бацахстой призон бынæттæ. Æввахс рæстæджы (15-æм февралы) уагъд æрцæудзæн кафджыты конкурс скъолаты æхсæн æмæ дзы фыццаг хатт мах дæр хайад исдзыстæм нæхи ног уæлæдарæсы», – банысан кодта Дзабиты Екатеринæ.

Уый ма куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ се скъолайы ис тынг курдиатджын сывæллæттæ. Арæх хайад фæисынц дунеон фестивалты. Цæвиттон, горæт Мæскуыйы æмæ Орелы систы фыццаг къæпхæны лауреаттæ. Æрæджы, 3-æм январы, уыдыстæм горæт Мæскуыйы дунеон фестивалы, кæцыйы 8 номинацийæ махæн лæвæрд æрцыд 4 фыццаг æмæ 4 та – дыккаг бынæттæ.

12-æм астæуккаг скъолайы ахуыры хайы сæргълæу-уæг Дзæгъиаты Еленæ дæр стыр райгондæй баззад ацы зæрдиаг куыст чи бакодта, уыдонæй. «Конкурсты рæстæджы-иу, цæмæй не скъолайы хореографион къорд дæр хайад райстаид, уый тыххæй-иу сын мæхæдæг бахуыдтон уæлæдарæс, афтæ ма-иу ракуырдтам ансамбль «Симд»-æй дæр»,- банысан кодта Дзæгъиаты Еленæ.

Алы хореографион ансамблы репертуары кæфтытæ «Симд» æмæ «Хонгæ»-йæ дарддæр ис æндæр номыртæ дæр æмæ сæ сæххæст кæнынæн æнæмæнгхъæуæг у сæрмагонд уæлæдарæс. Ацы скъолаты  кафджыты къорды ныфс ис, æввахс рæстæджы «Хонгæ» æмæ «Симд»-æй дарддæр ифтонг кæй æрцæудзысты æндæр кæфтыты уæлæдарæсæй дæр.

Кокайты Зæринæ                                                                                          

 Чертхъоты Жаннæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.