10-æм  февралы Уæрæсейаг хæдбар телекомпани НТВ-йы каналыл райдайдзæн сывæллæтты дыккаг æппæтадæмон вокалон конкурс «Ты супер!». Ацы проект фадат дæтты Уæрæсейы Федерацийы республикæты скъола-интернаттæ æмæ æвæгæсæг сабиты хæдзæртты хъомылгæнинæгтæн сæ музыкалон курдиат раргом кæнынæн, уæрæх аудиторийы раз æрлæууынæн.

Проект «Ты – Супер!» организаци æрцыд дыууæ азы размæ хæдбар телеканал НТВ æмæ  радио æмæ информацион  портал Sputnik-ы партнерон æмгуыстады æмæ  Уæрæсейы Федерацийы Ахуырад æмæ зонады министрады æххуысы фæрцы. Æппæт финансон хæрдзтæ йæхимæ райста телеканал  НТВ.

Куыд ивгъуы азты, афтæ та ныр дæр, азы кæрон проекты къухдариуæгад ауагъта кастинг республикæтæ Сомихстон, Азербайджан, Беларуси, Казахстан, Кыргыстан, Латви, Литвæ, Молдави, Таджикистан, Узбекистан, Эстони, Гуырдзыстон, Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны скъола-интернаттæ æмæ сабиты хæдзæртты 7 азæй 18 азы кары онг хъомылкæнинæгты ʻхсæн. Кастинг уадзыны тыххæй информацион портал Sputnik-Хуссар Ирыстон сси проекты хуссарирыстойнаг партнер æмæ фадат радта нæ республикæйы сабитæн телехиды руаджы комкоммæ эфиры кастингы хайад райсынæн. Кастингы рæстæджы конкурсы хайад райсынмæ æвзæрст æрцыд цхинвайлаг 16 аздзыд чызг, аивæдты лицейы 10-æм къласы ахуыргæнинаг Плиты Ланæ. Ланæ куыд зæгъы, афтæмæй уый конкурсы хайад райсынмæ хуынд кæй æрцыд, уый йын уыд тынг æхсызгон.

«Æз тынг уарзын зарын æмæ кафын, афтæ музыкалон инструменттыл цæгъдын дæр.  Цæмæй кастингы хайад райстаин, уый тыххæй мæ бахъуыд иу боны æмгъуыдмæ алыгъуызон стилтыл æхсæз зарæджы сахуыр кæнын. Уыдон комкоммæ эфиры азарыны фæстæ та æз аныхас кодтон жюрийы уæнгтимæ æмæ мæ уый фæстæ фæхуыдтой Мæскуымæ конкурсы хайад райсынмæ», – радзырдта Ланæ.

Ланæйыл ма аст азы куы цыд, уæд æнæнхъæлæджы фæхъуыд йæ фыд. Не сфæрæзта ахæм уæззау маст йæ мады зæрдæ дæр, æмæ æртæ æнахъом сабийы баззадысты сидзæртæй. Ланæйæн ис кæстæр хо æмæ æфсымæр. Уавæр хынцгæйæ, сидзæр сабиты  Уæ-рæсейæ йæхимæ ракодта сæ фы-ды мад Цхинвалмæ æмæ ныртæккæ цæрынц ам.

Ланæ куыд зæгъы, афтæмæй уый æппæтварсонæй цымыдис кæны музыкалон аивадмæ, куыд-дæр Цхинвалмæ æрцыд афтæ бацыд фортепиано, аккордеон æмæ ирон фæндыры къордмæ. «Фыццаг хатт вокалон къордмæ æз бацыдтæн, Кемеровойы ма куы цардтæн мæ ныййарджытимæ, уæд. Ардæм æрцæугæйæ та мæ курдиатыл бындуриуæггæнгæйæ, бацыдтæн аивæдты лицеймæ ахуыр кæнынмæ. Фæлæ мæм уый фаг нæ фæкаст мæ миддунейы цы курдиат æнкъарын, уый райтынг кæнынæн æмæ бацыдтæн ахуыр кæнынмæ музыкалон сколайы дыууæ факультетмæ  академион вокал æмæ дирижеры дæсныйад сахуыр кæнынмæ»-зæгъы Ланæ.

Ланæ тынг уарзы ирон национ кæфтытæ. Æппæт музыкалон архайды æдде, уарзы æрмдæс-ныйад, афтæ ма æрыгон уæвгæйæ, цымыдис кæны хæдзарон куыстытæм дæр, уæлдай тынгдæр та уарзы ирон хæбизджынтæ кæнын. Æххуыс кæны  йæ æнайæн йæ чысыл хо æмæ æфсымæры хъомыл кæнынæн.

Ланæ кæд нырма бæлвырдæй нæ зоны, фидæны зарæггæнæг суыдзæн, æви нæ, уæддæр ныртæккæ фидарæй зоны, кæй йæ фæнды йæ уарзон Ирыстонæн аккаг чызджы ном хæссын.

Ныртæккæ Ланæ ис Мæскуыйы, æххæст кары кæй нæма ис, уый тыххæй йемæ ацыд аивæдты лицейы кусæг Марина Салдатова. Ныфс нæ ис, Ланæ сæйраджыдæр йæ райгуырæн бæстæйы аккагæй кæй равдисдзæн проект «Ты супер!»-ы сценæйыл.

Проект «Ты супер!» уал ныри-дæгæн бирæ сабитæн радта фадат уæрæх сценæйыл сæхи банкъарынæн, сис сæ фидæны дæсныйад равзарынæн æххуысгæнæг æмæ фæндагамонæг. Ацы проекты куысты руаджы бирæ сабитæн сæххæст сты сæ бæллицтæ. Уымæ гæсгæ фидарæй зæгъæн ис æмæ  проект «Ты супер!» кæй у, царды зындзинæдтæ баййафæг сабитæн сæ фидæнмæ фæндæгтæм рухсдарæг амал.

Ланæ, æппæт Ирыстоны адæм дын арфæ кæнынц, цæмæй суай уæлахиздзау æмæ фæстæмæ дæ райгуырæн бæстæмæ æрцæуай æнæкæрон цины æмæ  амонды æнкъарæнтимæ.

Хуыгаты Миленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.