Йæ тæмæны бацыд мыд æмбырдгæнæн рæстæг. Цхуырбаты Сæрмæт цалдæр азы кæны мыддарды куыст. Йæ мыды чыргъæдтæ 100-йæ фылдæр сты, иу дыгъдæн æрæмбырд кæны 400 килограммы бæрц мыд. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй мыдыбындзытæ дардта йæ фыд дæр æмæ уæдæй фæстæмæ бауарзта ацы куыст.

«Æнцон дарæн не сты, хъæуы сыл бирæ фыдæбон. Фæлæ уыцы куыст бирæ уарзын æмæ зындзинæдтæй нæ тæрсын. Мæ фыдæн-иу арæх æххуыс кодтон æмæ уæд мæхицæн сæвæрдтон нысан, æнæмæнгæй мыдыбындзытæ кæй дардзынæн. Ныртæккæ мæм цы мыды чыргъæдтæ ис, уыдоны иууылдæр ис æнæниз бындзытæ. Алы чыргъæды дæр цæры иу мадæл æмæ хистæриуæг кæны 35 минмæ æввахс мыдыбындзæн. Уыдонæй алчидæр кæны йæхи сæрмагонд куыст. Мыд сисыны сезон кæд августы мæйы у, уæддæр мыд сисын фæхъæуы, бындзытæ йæ сæхæдæг куы бахгæной, уæд», – зæгъы Сæрмæт.

Иу сезонмæ Сæрмæт мыд райсы цалдæр хатты. Фæлæ боныгъæдæй дæр бирæ аразгæ у. Стæй ма чыргъæдтæ цавæр бынæтты сты, уымæй дæр. Зæгъæм, быдыры цы мыд æрæмбырд кæнынц, уый хъæздыг у дзæбæхгæнæн микроэлементтæ æмæ витаминтæй. Уыгæрдæны мыд та хæрздæф æмæ адджын у.

«Ныртæккæ мыды продукци бирæ ис, йæ реализаци та тынг зын у. Мыд æнцонæй нæ ауæй кæндзынæ.  Фæлæ уæддæр мæхиуыл нæ ауæрдын, архайын, цæмæй мæ мыд хуыздæр уа.  Æххæст кæнын нырыккон домæнтæ, агурын интернет сайттыл мыддарджыты къордтæ æмæ уыдоны фæрцы архайын ног методтæй. Мæ нысан у, цæмæй æлхæнджытæ разыйæ баз­зайой, мæнæй цы мыд балхæной, уымæй», – дзуры Сæрмæт.

Фæлтæрд мыдгæс ма куыд загъта, афтæмæй сæрды мыды гъæд æмæ бæрц комкоммæ баст у зымæгон хæлцы фæсауæрцтимæ. Зæгъæм, зымæджы сын чыргъæды 12-14 килограммы мыд чи ныууадзы, уыдон уый фæстæ чыргъæдæй райсынц 17 килограммы онг, 18-20 киллограммы сын чи ныууадзы, уыдон та райсынц 25 килограммы бæрц. Фæсауæрц хæринаг та сæ уымæн хъæуы, æмæ хатт уалдзæджы хизæнтæй мыдыбындзытæ не спайда кæнынц, къæвда æмæ уазал рæстæджы. Хæринаг та сын хъæуы дæттын афтæ: æртæ хайы мыд схæццæ кæнын хъæуы иу хай донимæ. Мыдыбындзыты зымæгиуатмæ бацæттæйы тыххæй ма зонын хъæуы ахæм фæтк: ныууадзын сын фæлгæттæ 2-3 килограммы мыдимæ. Стæй ма сын зымæджы чыргъæдты нывæрын хъæуы хъæмп æмæ хос, цæмæй сын уазал ма уа, фæлгæтты сæрмæ та хъæуы бамбæрзын хъарм хъуымац. Чыргъæды зыхъхъыртæ та сæрст хъуамæ уой æлыгæй. Бындзытæ кæм зымæгиуат кæнынц, уырдæм фос æмæ мæргътæ ма хъуамæ æфтой. Чыргъæдтæм тынг æмхиц сты мыстытæ дæр æмæ сæ алварс сæвæрын хъæуы мыстахсæнтæ.

Мыд канд хæринаг нæу, фæлæ ма дзы хос кæнынц бирæ низтæн дæр. Уымæ гæсгæ алы мыдгæс дæр хъуамæ архайа, цæмæй йæ мыдыбындзытæ уой æнæниз, цы мыд дæттой, уый та уа сыгъдæг. Уыцы куыст дæ уды рæбынæй куы нæ цæуа æмæ йæ лæмбынæг куы нæ сахуыр кæнай, уæд хорз фæстиуæг нæ дæтдзæн. Афæдз дæр нæ рацæудзæн, афтæмæй бындзытæ сыскъуыйдзысты æмæ æнæфтиаг фæуыдзынæ.

УАЗÆГТЫ Марфа

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.