Акци “Георгийы лентæ”-йы бирæ адæм райсы хайад куыд Уæрæсейы, афтæ Хуссар Ирыстоны дæр. Баст у Стыр Уæлахизы бонимæ, æмæ аххæсдзæн 9-æм маймæ. Уыцы рæстæгмæ студенттæ æмæ волонтертæ уардзысты лентæтæ. Фыццаг «Георгийы лентæ»-тæ радтой знон, майрæмбоны. Хуссар Ирыстоны ацы акци уагъд цæуы ХИПУ-йы студентон советы сæрдар Габатты Альберты къухдариуæгадæй. Георгийы лентæ у патриотизмы æмæ уæлахизы символ, лæгдзинады нысан.

Æппæтуæрсейон акци æххæстгонд цæуы 13  азы дæргъы. Йæ сæйраг нысан у рæзгæ фæл-тæрæн сæ зæрдыл æрлæууын кæнын,  цавæр аргъæй æлхæд æрцыд Уæлахиз. Сау хæххытæ нысан кæнынц фæздæг, бурбын сырх та – арт. Афтæ та йæ хонынц сыгъдæг Георги Уæлахиздзауы дзуары кадæн. Лентæ дарын хъæуы фæрсæрдыгæй галиу  риуыл.

Хæсты ахæм лентæ  кодтой тырысайыл, стæй йæхи хъæбатырæй чи æвдыста, уыдоны дзы хорзæхджын кодтой. Уыцы хорз миниуæг ис абон дæр. Алы аз дæр вæййы уыцы бæрæгбон. Нæ хæс у æфсæддонтæн, ветерантæн, фæсивæдæн зæгъын, амондджынæй куыд рæзой, хорз куыд ахуыр кæной, æмæ сæ æцæг адæймæгтæ  цы рацæуа.

Акци «Георгийы лентæ»-йы азæй-азмæ цы бæстæтæ архайынц, уыдоны нымæц фылдæр кæны. Æхсызгон у, Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты нæмттæ кæстæртæ кæй нæ рох кæнынц, уый.

Габатты Альберт, ХИПУ-йы студентон советы сæрдар: «Нæ фыдæлтæ цы хæсты уыдысты, уым цы хъæбатырдзинад равдыстой, уый хъуамæ ма рох кæной æрыгон фæлтæр. Адæмæн дæр æхсызгон у, дзурынц нын бузныг, цины æнкъарæнтимæ исынц Уæлахизы символ. Фæсивæд дæр уынынц, сæ архайдæй сын райгонд кæй сты æмæ тынгдæр тырнынц йе ‘ххæст кæнынмæ. Хуссар Ирыстон ссис Кавказы   фыццаг, цыран райдыдтой уадзын акци “Георгийы лентæ”, ам уый æрфидар хорз традицийæ».

Дриаты Лейла

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.