Адæймаг цалынмæ хæдзармæ бахизы, уæдмæ йæ фыццаг æрлæууæн бынат кæрт вæййы, афæлгæсы, йæ цæст иумиагæй ахæссы йæ алфæмбылайы. Уыцы ран йæ цымыдис фæтынгдæр вæййы цæрæн бынаты æппæтварсон архайд æмæ уагмæ. Иугæр уый нывыл у, дæ зæрдæ барухс йæ фыццаг бакастæй, уæд ноджы фæрухсдæр вæййы æрбацæуæджы цæсгом. Уырны йæ, мидæмæ бахизгæйæ дзы алцы дæр кæй уыдзæн фæткыл, бинонты хæдæфсармдзинад æмæ уазæгуарзондзинад ыл стыр тæлмæнтæ кæй ныууадздзæн. Æнæмæнг, цæрæн хæдзары кæрт адæймаджы цæстытыл цахæмæй баззайы, цахæм æхсызгон кæнæ æнкъард мидæнкъарæнтæй байдзаг вæййы зæрдæ, ахæм цæстæнгас февдисæм, цæрджыты фылдæр хай цæрынæн кæм æрбынат кæнынц, горæты уыцы æрбахизæнмæ дæр. Уымæ та сæ хъусдард тынгдæр у бæлццæттæн, уæлдайдæр та уырдæм фыццаг хатт йæ къах чи æрбавæры, уыдонæн. Горæтмæ бахизæны та хъуамæ уа, фысым цы бынаты уыдзынæ, уымæн, фыццаджыдæр, йæ ном рæсугъд æмæ аив фыстæй, цæсты тигътæ куыд иса, афтæ, стæй герб, тырыса æмæ æндæртæ. Уыдонмæ гæсгæ базонæн ис, цы адæмыхатты горæтмæ æрбафтыдтæ, йæ истори, культурæ æмæ аивад, кæцытыл развæлгъау æвæллайгæ куыст бакæны йе сфæлдисæг.

Республикæ Хуссар Ирыстоны сæйраг горæт Цхинвал рагон у йæ равзæрдмæ гæсгæ, ис ын хъæздыг истори, йæ адæм цух никуы уыдысты хъæбатырдзинадæй, культурæ æмæ аивады гуырæнтæй та кæддæриддæр – дзаг. Уæдæ ахæм æрдхæрæны бынат хъуамæ рæсугъд æмæ аив уа йæ  бакастæй, йæ аивдзинадæй. Раст у, горæт кæд хæсты уæззау цалхы фæстиуæгæн æгæрон пырхæнтæ баййæфта, уæддæр Стыр Уæрæсейы комкоммæ æххуысы фæрцы нæ Хицауады разамындæй тынг фæивтой уынгтæ, цæрæн хæдзæрттæ æмæ æндæртæ. Рацæудзæн ма цыбыр рæстæг, æмæ та нæ уарзон горæт райсдзæн йæ раздæры хуыз, науæд та ноджы фæрæсугъддæр уыдзæн. Цæмæй уыцы фидыц æнкъарой горæтмæ æрцæуæг бæлццæттæ, уый тыххæй æрбахизæны хъуамæ уа рæсугъд фыст, адæймаджы цæстæнгас йæхимæ куыд здаха, цины æнкъарæнтæй зæрдæ куыд дзаг кæна. Уый зæрдыл даргæйæ, Цхинвалы горæты администраци июлы мæйы расидт конкурс, горæт Цхинвалы æрбацæуæны рæсугъд фæлындзæн ныв саразыны сæраппонд. Рæстæг сын дзæвгар уыд, куыстмæ чи бавнæлдтаид, уыдонæн, æмæ фæуд кæны ацы мæйы кæрон. Горæты сæйраг архитектор, жюрийы уæнг Тадтаты Мераб куыд банысан кодта, афтæмæй жюрийы сконды æдæппæт ис 10 адæймаджы, ис дзы Хуссар Ирыстоны Парламентæй, Нывгæнджыты цæдисæй æмæ жюрийы сæрдар та у горæты администрацийы Сæргълæууæг Коцты Алан. Куыстытæм æркæсдзысты 10 ноябры æмæ рабæрæг уыдзæн уæлахиздзау. Абоны онг уал сæ куыстыты макеттæ æрбавдыстой Плиты В., Зæгъойты Каринæ æмæ газет «Хурзæрин»-ы культурæйы хайады сæргълæууæг Гæззаты Иван. Афтæ æмæ рæхджы жюрийы уæнгтæ æркæсдзысты æрбавдисгæ куыстытæм, равзардзысты дзы иууыл аккагдæры æмæ йæ бынат æрцахсдзæн «Хурзæрин»-ы микрорайоны фæзилæны цур. Уый уыдзæн, горæтмæ чи æрбахиза, уыдоныл фыццаг æмбæлæг.

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.