2019 азæн Инвестпрограммæйы фæлгæтты цы уынгтæ арæзт цæуынц, уыдон нымæцы ис Остъаты æфсымæрты уынг дæр. Уынджы арæзтадмæ бавнæлдтой сæрды мæйты. Фыццаградон куыстытæ цæсгомджынæй бакодтой «Водоканал»-ы кусджытæ. Ацы уынджы коммуникацион хæххытæ кæй базæронд сты, уымæ гæсгæ сæ раивтой, хæдзæрттæм бауагътой канализацион хæтæлтæ, газы æмæ доны хæххытæ дæр.

Ныртæккæ ацы уынджы æрывнæлдтой асфальты фыццаг цъар æвæрынмæ. Фæндаджы прораб Зассеты Альберт куыд зæгъы, афтæмæй зæххæн систой йæ уæлцъар, стæй дзы ныккалдтой хуыр, ныннадтой йæ æмæ уый фæстæ æрæвнæлдтой æрмæстдæр асфальт кæнынмæ.

Зæгъын хъæуы уый æмæ уынджы цæрджытæ куы базыдтой сæ уынг сын кæй сараздзысты, уæд сæ цинæн кæрон нал уыд. Уый уыд рагæй фæстæмæ сæ  бæллиц. Уынгмæ хъусдард нæ уыд, доны проблемæ дæр сæм алы хатт дæр уыд актуалон. Уыцы æмæ æндæр проблемæтæ ныр фæстейæ баззайдзысты. Ам ма æрцæудзæн сывæллæттæн хъазæн фæзуат дæр, уый та уыдзæн ахсджиаг лæвар амы сывæллæттæн.

Зассеты Альберты ныхæстæм гæсгæ ноябры æмбисты æмткæй фæуыдзысты куыстытæ. «Ницы ныхдуртæ æвзæры нæ разы. Куыстытæ цæуынц графикмæ гæсгæ. Кусæгæн ахсджиаг у йæ куыстмызд афоныл райсын æмæ къуылымпыдзинад нæй ацы хъуыддаджы. Уынг куы сырæза, уæд нымад цæудзæн нæ горæты рæсугъддæр уынгтæй сæ иуыл».

Фыдыбæстæ хъахъхъæнæг æфсымæртæ Остъаты Олег æмæ Алан цардысты ацы уынгыл. Уыдон дыууæ дæр бабын сты Гуырдзыстоны агрессийы рæстæджы.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.