Æрæджы, 23-25-æм октябры Санкт-Петербурджы нысан æрцыд Уæрæсейы Ирыстоны фыццаг минæварады бакондыл 270 азы сæххæсты цытджын бæрæгбон, кæцыйы фæдыл уагъд æрцыдысты æндæр æмæ æндæр мадзæлттæ. Ацы датæ æмæ историон цау тынг ахсджиаг кæй у нæ республикæйы адæмæн, уый фæдыл дарддæр уагъд цæуынц алыгъуызон мадзæлттæ. Ацы ахсджиаг историон цауы фæдыл нæ республикæйы Национ музеймæ фыццаг хатт æрластой Санкт-Петербургæй экспозици, цыран æвдыст цæуынц уæды рæстæджы историон документтæ къухфыстыты оригиналтимæ. Документтæ сты Уæрæсе æмæ Ирыстоны хсæн ахастытæ сфидар кæныны æвдисæндартæ.

4-æм ноябры экспозицийы равдыст цытджын æгъдауæй байгом кæныны фæдыл нæ республикæйы Национ музеймæ фæуазæг сты Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов, Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Димитр, афтæ ма министрадтæ æмæ ведомствоты бæрнон кусджытæ.

Цытджын мадзал йæ раныхасæй байгом кодта Медойты Димитр. Уый, фыццаджыдæр, арфæйы ныхæстæ загъта æрæмбырдуæвджытæн æмæ банысан кодта мадзал арæзт кæй цæуы Уæрæсейы Ирыстоны фыццаг минæварадыл 270 азы кæй сæххæст, уый тыххæй. Цыбыртæй æрдзырдта уæды минæварады сырæзты историйыл, йе сконды чи уыдысты, уыцы адæймæгтыл. «Ацы ахсджиаг датæйы фæдыл, куыд зонут, афтæмæй æрæджы Санкт-Петербурджы уагъд æрцыдысты мадзæлттæ, цыран хайад райста нæ республикæйы делегаци дæр. Мадзæлттæ уагъд æрцыдысты æмбæлон æмвæзадыл æмæ мах бафæндыд, цæмæй сæ Цхинвалы адарддæр кодтаиккам Национ музейы. Бузныджы ныхæстæ мæ фæнды зæгъын Марат Кулахметовæн, кæцы нын стыр æххуыс бакодта Уæрæсейы империйы æддагон политикæйы архивæйнын æрмæджытæ самал кæныны хъуыддаджы. Уыцы архивон æрмæджытæ æвæрд æрцыдысты музейы дыккаг уæладзыджы, цæмæй семæ базонгæ уой не мбæстæгтæ», – банысан кодта Медойты Димитр. Дарддæр ныхасы бар лæвæрд æрцыд нæ бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатолийæн. Уый, фыццаджыдæр, арфæ ракодта Адæмты иудзинады бæрæгбоны тыххæй æмæ бузныджы ныхæстæ загъта ацы мадзал чи срæвдз кодта, уыдонæн. «Адæмты иудзинады бæрæгбон дæр баст у Уæрæсейы нæ фыццаг минæварады бакондимæ. Уымæн æмæ рагæй фæстæмæ дыууæ адæмы ‘хсæн уыдис хъарм, хæларадон ахастытæ. Абоны онг рацыдис 270 азы æмæ мах дарддæр кæнæм нæ фыдæлты хъуыддаг, хъуамæ Стыр Уæрæсеимæ ноджы бæрзонддæр æмвæзадмæ сисæм нæ ахастытæ. Уæрæсеимæ мах бафыстам Æмцæдис æмæ интеграцийы тыххæй Бадзырд æмæ уый фæлгæтты абоны бон мах æппæтдæр аразæм, цæмæй интеграцион процесстæ æнгомдæр уой Стыр Уæрæсеимæ. Нæ фыдæлтæ цы ахсджиаг къахдзæф сарæзтой 270 азы размæ, уыцы хъуыддаг мах дарддæр кæнæм. Бузныг зæгъын мæ фæнды мадзал чи сорганизаци кодта, æппæт уыдонæн. Мах хæсджын стæм, цæмæй зонæм нæ истори. Фæнды мæ банысан кæнын уый æмæ ацы мадзал ауадзынæн кæй ис стыр нысаниуæг æмæ хорз уаид, цæмæй ацы историон документтимæ базонгæ уой не скъолаты хистæр кълæсты ахуыргæнинæгтæ, студенттæ æмæ адæм», – загъта Бибылты Анатоли.

Йæ раныхасы Марат Кулахметов дæр банысан кодта, зæгъгæ, рагæй фæстæмæ ирон æмæ уырыссаг адæмты æхсæн арф æмæ хæларадон ахастытæ кæй ис æмæ ноджы, бонæй бонмæ, фидардæр кæй кæнынц. «Ацы экспозици, кæцы гом æрцыдис абон Хуссар Ирыстоны Национ музейы, у ахсджиаг хъуыддаг æмæ уыдзæнис, куыд иугæнæг хид, кæцы нæ раздахдзæнис нæ рагон историон факттæм. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, тынг бирæ адæмы бацымыдис кæндзæнис ацы экспозици æмæ йæм цæудзысты стыр æхсызгонæй», – банысан кодта Марат Кулахметов.

Санкт-Петербурджы Ирыстоны фыццаг минæварады бакондыл 270 азы сæххæсты сæраппонд Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад дæр рауагътой сæрмагонд ведомствойон хорзæх,майдан «Зураб Магкаев  первый посол Осетии в Санкт-Петербурге», зæгъгæ, ахæм номимæ.  Медойты Димитр уыцы майдантæй схорзæхджын кодта фыццаг рады Президент Бибылты Анатолийы, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметовы, Хицауады Сæрдар Пухаты Эрикы, Приднестроваг Молдаваг республикæйы Хуссар Ирыстоны минæвар Виталий Янковскийы æмæ Приднестроваг Молдаваг республикæйы минæвар Хуссар Ирыстоны Плиты Аланы.

Уымæй дарддæр ма мадзалы фæлгæтты презентаци æрцыдис Медойты Димитры чиныг «270 лет первому посольству Осетии в Санкт-Петербурге (1749-2019гг.)».

Кæронбæттæны музейы уазджытæ азылдысты æмæ базонгæ сты ногæрласгæ архивон æрмæгимæ, цыран Национ музейы директор Зассеты Мераб бакаст уыцы историон документтæй скъуыддзаг, кæцыйы развæлгъау рагон уырыссаг æвзагæй нырыккон уырыссаг æвзагмæ ратæлмац кодта уырыссаг æвзаджы дæсны Остъаты Джульеттæ.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.