Фæцис та ноджыдæр иу ахуыры аз. Рауагъдонтæн сæ фæстаг дзæнгæрæг ссис се скъолайон царды фæстаг, кæронбæттæн æмæ æнæферохкæнинаг бон.

Фæстаг дзæнгæрæджы бон ацы аз дæр традицимæ гæсгæ ауагъдæуыд хæрзбонгæнæг, бæрæгбонон мадзæлттæ. 2018-æм азы рауагъдонтæ хæрзбон кодтой сæ уарзон скъолатæн, сæ уарзон ахуыргæнджытæн. Скъола кастфæуджытæ  сæхи куы хъæлдзæг дардтой, куы та  æнкъард. Уымæн æмæ аивгъуыдтой æнæмаст, адджын æмæ зынаргъ скъолайон бонтæ. Фæлæ уый æмрæнхъ алы рауагъдон дæр ацы бонмæ фенхъæлмæ кæсы зæрдиагæй, фæфæнды йæ царды стыр, уæрæх фæндагмæ рахизын, ног зындзинæдты дунемæ бахизын æмæ хæдбар адæймаг суæвын, Райгуырæн бæстæйæн истæмæй рабæззын. Уыимæ фæстаг дзæнгæрæджы бон рауагъдон йе скъола æмæ йæ ахуыргæнджытæн хæрзбон зæгъынмæ куы æрбацæуы, уæд арфдæр банкъары, куыд зынаргъ æмæ адджын сты,  иуæндæс  азы  дæргъы  йын  цы ахуыргæнджытæ æмæ скъола фæлæггад кæнынц, æппæт уыдон. Кæй зæгъын æй хъæуы, зæрдæйæн зын вæййы, уайтагъд уарзон æмкъласонтæй, ахуыргæнджытæй, скъолайы кæртæй мауал бахизын æмæ сæ алкæмæн дæр ацы бон хæрзбон зæгъын. Фæлæ афтæ у рæзгæ, скъоладзау фæсивæды хъысмæт. Рауагъдонтæ йæ бамбарынц, уыцы бонæй фæстæмæ уыдоны æндæр дзæнгæрджытæ кæй хондзысты æндæр æмæ æндæр уæлдæр ахуыргæнæндæтты къæсæртæй, куыд нæхимæ, афтæ Уæрæсейы Федерацийы бирæ рæтты дæр.

Нæ республикæйы скъолаты цæмæй фæстаг дзæнгæрæджы бæрæгбонон мадзæлттæ сабыр æмæ нывыл ацыдаиккой, уый тыххæй раздæр сæхи бацæттæ кодтой нæ республикæйы къухдариуæгад, афтæ ма мидхъуыддæгты органты кусджытæ дæр.

Фæстаг дзæнгæрæг цытджын æгъдауæй айзæлыд гимназ «Рухс»-ы рауагъдонтæн дæр. Ацы скъолайæн хæрзбон кодтой 26 рауагъдоны. Гимнази «Рухс»-æн къуындæг уавæртæ кæй ис, уымæ гæсгæ сæ бæрæгбонон мадзал ауагътой киноконцертон зал «Чермен»-ы. Зал уыд бæрæгбонвæлыст, хъуыстысты дзы музыкæйы æхцон зæлтæ. Рауагъдонтæн экраныл æвдыстой, фыццаг къласæй иуæндæсæм къласы онг сын цы хъæлдзæг къамтæ ист æрцыд, уыдон. Æвзонг фæсивæд дæр сæм кастысты стыр цымыдисимæ.

Рауагъдонтæн хорз фæндиæгтимæ арфæйы ныхæстæ загътой сæ фыццаг ахуыргæнæг, сæ къласгæс æмæ скъолайы директор Джиоты Уырызмæг. Скъолайы директор ма арфæйы ныхæстимæ кувинæгтæй скуывта Хуыцаумæ, цæмæй се скъолайы рауагъдонтæ царды фæндæгтыл цæуой рæстæй æмæ рæсугъдæй. Æмæ дарддæр уый, рауагъдонтæй æппæт ахуыры азы рæстæджы скъолайы царды активондæр хайад чи иста, афтæ ма республикон олимпиадæты уæлахиздзаутæ чи систы, уыдон схорзæхджын кодтой грамотæтæй æмæ дипломтæй. Рауагъдонтæ иууылдæр цин кодтой сæ ахсджиаг гæххæттытыл.

Бæрæгбонон мадзалы ма рауагъдонтæн арфæтæ дзырдтой фыццагкъласонтæ дæр. Уыдон ма кæрæдзийæн зæрдылдарынæн бакодтой чысыл лæвæрттæ.

Ацы æвзонг чызджытæ æмæ лæппутæ дæр, иуæндæс азы дæргъы сын цардмæ сæ дарддæры фæндæгтæ чи амыдта, уыцы ахуыргæнджытæн загътой бузныг æмæ ныфс бавæрдтой се скъолайы æмæ Ирыстоны кад дæр дæлæмæ кæй не ‘руадздзысты. Рауагъдонтæ дарддæр кодтой сæ бæрæгбон. Уыдон зарыдысты æмæ кафыдысты, æвдыстой хъæлдзæгæй сæ рæстæг. Æрæмбырдуæвджытæм бахатыдысты, цæмæй иу уысм æмырæй алæугæйæ, ссардтаиккой гимнази «Рухс» кæй ном хæссы, сæ уыцы дзæнæттаг Хуыбылты Валери æмæ æрæджы йæ цардæй чи ахицæн, уыцы хорз ахуыргæнæг Диана Антоны чызджы рухс нæмттæ. Скъоладзау фæсивæд цыбыртæй радзырдтой Хуыбылы фырты биографи æмæ йын йе ‘мкъайæн бахастой дидинджыты букет. Рауагъдонтæ кæронбæттæны сæххæст кодтой ирон кафт «Симд», стæй традицимæ гæсгæ айзæлыд фæстаг дзæнгæрæг. Уый фæстæ зæрдылдарынæн сæ ахуыргæнджытæ æмæ ныййарджытимæ истой сæ къамтæ.

Фæстаг дзæнгæрæджы бæрæгбоны цытæн ма республикæйы æппæт рауагъдонтæн Театралон фæзуаты уагъд æрцыдис концерт дæр. Рауагъдонтæм разæй æнхъæлмæ кæсынц рауагъдон фæлварæнтæ æмæ бал.

Уæдæ, махæн дæр æппæт рауагъдонтæн нæ зæрдæтæ зæгъынц стыр æнтыстытæ сæ дарддæры царды. Ут æнæниз æмæ амондджын!

Цхуырбаты Л.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.