Ирыстоны хъысмæт уæлдайаг кæмæн нæу, йæ сомбоныл ын чи тыхсы, мадæлон æвзаджы уавæрыл зæрдæйæ чи риссы, ахæм патриоттæ сæ уарзондзинад сæ фыдыбæстæм æвдисынц алыхуызон, алы къабазы. Фæлæ цы уæлдай у, дæ адæмы пайдайæн кæцыфæнды хъуыддаджы дæр фесгуых.

Беслæйнаг Цгъойты – Сугъаты Беллæ йæ царды бонтæй 36 азы ахуыргæнæджы куысты батыдта. Уал азы йæ зонындзинæдтæ æнæвгъауæй дæтты ирон æвзаг æмæ литературæйæ Беслæны скъолатæй иуы. Мадæлон æвзагмæ уарзондзинад цал рæзгæ удæн садджын кодта, уыдон тынг бирæ сты. Беллæ канд теорийæ нæ пайда кæны, фæлæ æдзух архайы цæстуынгæ æрмæгæй пайда кæныныл. Скъолайы йын йæ арæзт ирон музеймæ уынынмæ цæуынц алы рæттæй æмæ йын йæ фæлтæрддзинадыл ахуыр кæнынц. Уыцы музейы ирон цардимæ баст цынæ ис фенæн, ахæм нæй. Зæгъæм, ирон æртæкъахыг фынг æртæ чъири æмæ бæгæныйы кæхцимæ, фыдæлтыккон дада ирон цухъа-йы, ирон чындз, авдæн, къонайы рæхыс, тæбынг, æлхуый, уæдæртт, пирæн, къæрта, арынг æмæ бирæ æндæр диссæгтæ. Фæлæ Сугъаты чызджы фæнды ноджыдæр пайдайаг исты саразын кæстæртæн. Кæд Беслæны трагедийы рæстæг тынг зæрдæрыст баййæфта, йæ аст аздзыд чызг Алинæ ма дзы тыххæй удмидæг раирвæзт, цалдæр операци баййæфта, уæддæр æй абоны онг æдзух дохтырты æххуыс хъæуы. Фæлæ Беллæ йæхи нæ ауагъта. Хъысмæт ыл цы æргъом сæвæрдта, уый æвæллайгæ хæссы æмæ йæ уд хъары Ирыстонæн исты хæрзты бацæуыныл. Ныр цалдæр азы скъолатæн цы тематикон дзырдуатыл фыдæбон кæны, уый æрæджы рухс федта “Осетинско – русский русско-осетинский тематический словарь в картинках”, – зæгъгæ, ахæм номимæ. Диссаджы чиныгмæ се ‘ргом раздæхтой канд ахуырдзаутæ æмæ сæ ныййарджытæ нæ, фæлæ ахуырады министрады, стæй хуымæтæг чи-ныгкæсджытæ дæр. Чиныджы сты адæймаг йæ царды цæмæйдæриддæр пайда кæны, уыдон иронау æмæ уырыссагау сæ нывтимæ (картинки). Йæ разныхасы автор сиды сывæллæттæм:

“Мæ чысыл хуртæ! Æвæццæгæн, ахæм фæзынд нæй, ирон ном кæмæн нæй, иронау зæгъæн цæмæн нæй. Ацы хъуыддаг у зæрдылдаринаг, хи кæнæ искæй хъуыдытæ æргом кæнгæйæ.

Раст нæу, ирон уæвгæйæ, хуымæтæг хъуыды зæгъынæн уырыссаг дзырдтæй пайда кæнын. Хуыздæр у ахъуыды кæнын, хи æвзаджы æмбæлгæ дзырдтæ бацагурын æмæ аивæй дæ хъуыды радзурын. Афтæмæй куыдфæстагмæ фæхъæздыгдæр вæййы адæймаджы дзырдуат, æнцондæр ын свæййы иронау дзурын.

“Ирон дзырдтæ мын хуртæ сты”, – фыста поэт Джыккайты Шамил. Ацы чиныг у ирон “хурты” чысыл æмбырдгонд. Уырны мæ, кæй сæ базондзыстут æмæ сæ уæ ныхасы кæй пайда кæндзыстут”.

Чиныг байгом бинонтæ – цардаразæгæй. Бинонтæ æмбырдæй кæм сты, уыцы нывы фарсмæ “Семья и родственники”, зæгъгæ, ахæм сæргонды бын сты мад, фыд, хо, æфсымæр, хицау, æфсин, дада, нана, хæстæг, къабæзтæ æмæ æндæртæ ирон æмæ уырыссаг æвзæгтыл. Чиныджы ахæм уагыл дарддæр цæуынц хæдзарон мæргътæ æмæ цæрæгойтæ, ахуыргæнæн дзаумæттæ, халсартæ, дыргътæ, гагадыргътæ, дидинджытæ, тæхæг мæргътæ, сырдтæ æмæ цæрæгойтæ, доны цæрæгойтæ, сасчъытæ æмæ хилджытæ, кусæнгæрзтæ, мигæнæнтæ, уæлæдарæс æмæ къахыдарæс, хъазæнтæ, къуырийы бонтæ, мæйты нæмттæ, хуызтæ, бæлæстæ, кæрдæджытæ, зокъотæ, цæсгомы хæйттæ, æрдзы фæзындтæ, афæдзы афонтæ, буары хæйттæ, хæдзары дзаумæттæ, хæринæгтæ æмæ хойрæгтæ, паддзахадон бæрæгбонтæ, адæмыхæттытæ, Ирыстоны горæттæ, районтæ, архайдæвдисæг дзырдтæ, дæсныйæдтæ, геометрион фигурæтæ æмæ æндæртæ. Уæлдæр куыд загътон, афтæмæй дзы алы сæргонды бынмæ дæр ис цы темæйыл у, уыцы ныхæстæ, æрмæджытæ дыууæ æвзагыл сæ нывтимæ. Зæгъæм, мугæйы гагаты фарсмæ фыст ис “мугæ – мушмула”, цъуйы къалиуы фарсмæ “цъуй – рябина” æмæ афтæ дарддæр. Ахæм хуызы уыдон цы саби фена, уый сæ хуыздæр бахъуыды кæндзæн. Дзырд дæр ыл нæй. Дыууæ æвзаджы дæр хорз чи зоны, уыдон дæр арæх фæтыхсынц цавæрдæр ныхасыл, уæлдайдæр бæлæстæ, гагадыргътæ, дидинджытæ, кæрдæджыты нæмттыл. Уымæ гæсгæ ацы чиныг у ахъаззаджы лæвар канд ахуырдзаутæн нæ, фæлæ сæ ныййарджытæ æмæ ахуыргæнджытæн, стæй Ирыстоны цæрджытæй кæмæн фæнды дæр.

Чиныджы фыццаг тираж уыд минæй фылдæр, фæлæ йæ уайтагъд аскъæфтой дуканитæй, бахъуыд дзы ногæй 500 экземпляры рауадзын æмæ дзы балхæнæн ис Дзæуджыхъæуы Дзанайы фырты уынджы 20 номыры чингуыты дуканийы. Ахæм хæзна кæй хæдзары уа, уый йыл фæсмон нæ фæкæндзæн.

Джусойты Нинæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.