Президент Гаглойты Алан раарфæ кодта Тыбылты Алыксандры номыл Хуссарирыстойнаг паддзахадон университеты ирон æвзаг æмæ иумæйаг æвзагзонынады кафедрæйы профессор Битарты Зояйæн йæ райгуырæн боныл 80 азы сæххæсты цытæн.

Паддзахады сæргълæууæг ын бузныджы ныхæстæ загъта ирон æвзаджы рæзтмæ йæ хайбавæрды тыххæй æмæ йын йæ цæст бауарзта æнæниздзинад æмæ ног æнтыстытæ.

«Бузныг дын дæ егъау куыст, паддзахаддзинад æндидзынмæ, ирон æвзаг хъахъхъæнын æмæ рæзтмæ егъау хайбавæрды тыххæй.

Мæ цæст дын уарзы фидар æнæниздзинад, тыхтæ æмæ энерги, ног цымыдисон зонадон куыстытæ Ирыстоны хæрзиуæгæн, æнтыстытæ ахуырадон архайды æмæ ирон ахуыргæндты æвзонг фæлтæр хъомыл кæныны хъуыддаджы», – загъта уый.

Йæхи рады, Битарты Зоя бузныджы ныхæстæ загъта Президентæн йæ хъусдарды тыххæй, банысан кодта, зæгъгæ, йæ сæйраг нысан у ирон æвзаг бахъахъхъæнын æмæ йæ популяризаци кæнын.

«Ирон æвзаджы æндидзынад æмæ рæзт ссис мæ царды сæйраг нысан. Мах хъуамæ алцыппæт дæр аразæм ирон æвзаг бахъахъхъæнын æмæ мадæлон æвзагмæ уарзондзинады æнкъарæнтæ æвзарын кæнын чысылæй фæстæмæ», – загъта уый.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.