Иумийаг информацион-координацион центры директор Василий Шепелев фехъусын кодта, зæгъгæ, Санкт-Петербургы урæд æрцыд Хуссар Ирыстоны æмбæстаг, кæцыйæн йæ гæххæттытæ арæзт уыдысты æндæр ном æмæ мыггагыл. Ацы æмбæстаг 2009 азы йæхи хуызæн тыхгæнджытимæ æхсæнгарзæй спайда кæнгæйæ, сарæзта фыдракæнд. Уæдæй фæстæмæ йæ барадхъахъхъæнæг органтæ агурынц бæрндзинадмæ æркæныны тыххæй. Ныр 13 азы фæстæ фыдгæнæг ахст æрцыд æмæ ныридæгæн скъуыддзаг цæуы экстрадицийы фарст, цæмæй нæ республикæйы закъоны раз дзуапп радта.

ИКЦ-йы директор Василий Шепелев куыд загъта, афтæмæй ныридæгæн дæр ахæм куыст цæуы, – фыдгæнджытæ бæлвырд цæуынц. Абоны бон ма Уæрæсейы территорийыл бæлвырд æрцыдысты æхсæз фыдгæнæджы, кæцыты Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъæнæг органтæ агурынц алыгъуызон фыдракæндтæ саразыны тыххæй. Ныридæгæн уæрæсейаг коллегæтимæ иумæ ист цæуынц мадзæлттæ, цæмæй сæ æркæной уголовон бæрндзинадмæ.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.