Хуссар Ирыстоны нырма дæр иууыл егъаудæр æхсæнадон организаци у Профцæдисты совет. Ацы организацийы архайд здæхт у фæллойгæнæг адæмы куысты бартæ хъахъхъæнын æмæ социалон гарантитæй ифтонг кæнын, кондадты куысты æдас уавæртæ аразын, къухдариуæгады закъондæттынадон æмæ æххæсткæнынадон æмæ æхсæнадон змæлдтытимæ æмархайд кæнын, фæсивæдон информацион политикæ аразын, коллективон архæйдтытæ организаци кæнын, профцæдисон змæлд рæзын æмæ фидар кæнынмæ. Уымæй дарддæр ма организаци æмгуыст кæны æмæ кæрæдзийæн куысты фæлтæрддзинад дæттынц Цæгат Ирыстон-Алани, Абхаз, Приднестровье, Донецк æмæ Луганскы адæмон Республикæтимæ.

Æрæджы ацы организаци ауагъта хыгъдон конференци, уырдæм хуынд æрцыдысты организацийы уæнгтæ. Хуссар Ирыстоны Профцæдисты советы сæрдар Джергаты Жаннæйы ныхæстæм гæсгæ, ныртæккæ профцæдисон змæлды сæйраг фактор у организацион иудзинад рæзын æмæ фидар кæнын. Ацы организацийы сконды сты æртæ профцæдисон организацион фадыджы. Профцæдисты уæнгты иумиаг нымæц у 2800 адæймаджы.

Бæрæг аххосæгтæм гæсгæ, кæд фæстаг азты профцæдисты уæнгты нымæц фæкъаддæр, уæддæр совет архайы йæ рæнхъытæ фæфылдæр кæныныл. Алыгъуызон организациты кусджыты æхсæн уадзы æмбарынгæнæн куыст профцæдисты нысаниуæг æмæ хæсты тыххæй, æхсæнадыл хорзæрдæм кæй æндавы, æппæт уыдæтты тыххæй. Сæрмагонд семинартæ æмæ хыгъдон æмбырдты дзырд фæцæуы куыд профцæдисты хайадисджытæн, афтæ бæстæйы æндæр категориты æмбæстæгтæн улæфт сорганизаци кæныны ахсджиаг фарстытыл.

Фыстæджытæ æмæ æмбæстæгты цымыдисгæнæг фарстытæ

Нæ республикæйы Профцæдисты советы архайды сæйраг здæхтытæй иу у æмбæстæгты сидтытæ æмæ фыстæджытимæ куыст. Уыдон цæуынц лæмбынæг ахуыр æмæ бæрæг. Уыдон алыхуызон мидисимæ вæййынц: æнæзакъонæй куыстæй ссæрибар кæнын, куыстмызд рæстæгыл ма бафидын, куыстуаты кусæджы æнæниздзинад куы фæцуды æмæ æндæртæ. Уæдæ куыд бæрæг цæуы, уымæ гæсгæ профцæдистæ сты ахæм позитивон тых, кæцы фыццаджыдæр, тох кæны кусджыты интерестæ бахъахъхъæныныл,  бæстон кæны быцæуаг фарстатæ.

Профцæдисты сæйраг здæхтытæй иу у куыст хъахъхъæнын

Уый у сæйраг здæхт Хуссар Ирыстоны Профцæдисты советæн. Уыдон ахъаз кæнынц уагдæттæ æмæ организациты куыст хъахъхъæныны фæдыл иумиаг комитеттæ саразынæн, архайынц уыцы комитетты профцæдисты минæвæртты сахуыр кæныныл, кусджытæн кæнынц æнæаргъ юридикон æххуыс æмæ æнд.

Ныртæккæ Хуссар Ирыстоны хицауады цур арæзт ис куыст бахъахъхъæныны сæрмагонд службæ. Уымæн йæ авналæнтæ æмæ фадæттæ, кæй зæгъын æй хъæуы, уæрæхдæр сты. Уыцы службæ æмæ Профцæдисты советимæ æмгуыстад æмæ кæрæдзийæн æххуысы фæдыл бафыст æрцыд сразыдзинад. Уыцы сразыдзинадмæ гæсгæ, профцæдистæ куыст хъахъхъæныны фæдыл паддзахадон къамисимæ иумæ мадзæлттæ уадздзысты куыст хъахъхъæныны æххæстбарджын минæвæртты ахуыр кæныны фæдыл æмæ æндæр хъæуæг хъуыддæгты.

Сæйраг куыст здæхт у цæрджыты æнæниздзинад фæхуыздæр кæнынмæ

Республикæйы Профцæдисты совет æдзухæй йæ хъус дары архайы нæ бæстæйы æмбæстæгты æнæниздзинад фæхуыздæр кæнынмæ. Æмбæлон путевкæтæ амал кæны, куыд нæ республикæйы территорийыл, афтæ Цæгат Ирыстоны санаторитæм – Тæмиск, Урсдон, Нæзыджын къох, санатори «Ирыстон»-мæ.

Уымæй дарддæр ма Профцæдисты совет организаци кæны санаторон-курортон хос-кæнын Кавказы минералон дæтты, Кисловодскы, Ессентукы, Пятигорск æмæ Железноводскы санаториты. Санаторитæм æмбæстæгтæ æрвыст цæуынц дохтырты амындмæ гæсгæ, науæд йæ æнæниздзинад æмбæлон уагмæ æркæнын, баулæфын кæй фæнды, уыдон дæр.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ ацы куыст кæй цæуы 2008 азæй фæстæмæ. 2008-2009 азты æнæаргъæй хоскæнынмæ æрвыст æрцыд 400 адæймаджы бæрц. Уæдæй фæстæмæ профцæдисты уæнгтæ æрвыст цæуынц уæлдæр ранымадгонд санаторитæ æмæ хосгæнæндæттæм 20 процент аргъ фæкъаддæргæнгæйæ. Æмæ æрмæст профцæдисты уæнгты нæ, фæлæ уыцы фæндондзинад чи сæм равдисы, чи бахаты, æппæт уыдонæн дæр.

Профцæдисты совет бахатыд бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатолимæ, цæмæй нæ бæстæйы хæстон архæйдтыты хайадисджытæ, сгуыхт кусджытæ, куысты ветерантæн 50 проценты къаддæр уыдаид улæфыны аргъ. Фæстаг æртæ азы ацы категорийы адæм, кæцытæн фæцудыдта се ‘нæниздзинад, улæфæндæттæм путевкæтæ исынц æнæаргъæй.

Уымæй дæр, æввахс рæстæджы хъуамæ кусын райдайа социалон фæдзæхстады фонд, уый йæхимæ райсдзæн республикæйы бæрæг категорийы цæрджыты æнæниздзинад æмбæлон уагмæ æркæнын æмæ профилактикæйы æвæджиаг хæстæ.

Хуссар Ирыстоны территорийыл абоны онг дæр иууыл фылдæр адæм сæхи æппарынц Знауыры районы Нагутнийы хосгæнæндон «Ныфс»-мæ. Уым чи баулæфы, уыдон райгонд сты ацы хосгæнæндонæй, йæ алфæмблай алæмæтон æрдз персоналы аудгæ ахастæй. Джергаты Жаннæйы ныхæстæм гæсгæ хорз уаид, æмæ ацы бынаты арæзт куы æрцæуид хосгæнæндонæн капиталон бæстыхай. Уый фæахъаз уаид цæрæнуатон уавæртæ æмæ санитарон нормæтæ фæхуыздæр кæнынæн. Уæд бирæ фылдæр уаиккой ацы хосгæнæндоны баулæфын æмæ æнæниздзинад йæ уагмæ æркæныны фæндондзинад кæмæ ис, ахæмтæ. Уæрæсейы цæрджытæй дæр бирæ ис, ацы æрдзы хъæбысы кæй фæнды улæфын, ахæмтæ.

 

Фæсивæдимæ куыст

Профцæдисты уæнгты иумиаг нымæцæй 20 процент сты фæсивæды минæвæрттæ, уыдон сты студентон фæсивæд. Хъыгагæн, ныртæккæ фæсивæды профцæдисы рæнхъытæм æрбахонын хуымæтæг хъуыддаг нæу. Уыдон сæ хъус фылдæр дарынц алыгъуызон гаджеттæм. Интернеты тыгъдад цæхгæр фæзылдта æмткæй фæсивæды хъуыдыкæнынад – бирæтæ архайынц блогертæй, иннæтæ аразынц цавæрдæр программæтæ, фæлæ уый æмрæнхъ ис бирæ æнæуаг хабæрттæ фенæн дæр, кæцытæ сæ æппындæр нæ хъæуынц, уый нæ, фæлæ негативонæй æндавынц сæ зондахастыл.

РХИ-йы Профцæдисты совет, кæй зæгъын æй хъæуы, йæ куыст дарддæр кæндзæн. Ныртæккæйы вазыгджын рæстæджы, уæлдайдæр ацы пандемийы рапарахатæй фæстæмæ адæмы фылдæр хай тыхсынц се ‘нæниздзинад уагмæ æркæныныл.

Джергаты Жаннæйы ныхæстæм гæсгæ, куыст цæуы алы æмвæзадыл – профцæдисты организацион структурæтæ рæзын кæ-нын æмæ кадртæ фидар кæныныл. Алы æмвæзадыл профцæдисты уæнгтæн æнæ-мæнгхъæуæг у фыццаградон фидар органи-зацитæ аразын, кæцытæ активон тох кæн-дзысты кусджыты бартæ хъахъхъæныныл.

«Мах хъæуы фидар æмæ тыхджын профцæдисон фадыгон организацитæ, кæ-цытæ реалон æгъдауæй æххуыс кæндзысты райдиан организацитæн, цæмæй астæуккаг фадыджы уа квалификациджын специалисттæ, кæцытæ эффективонæй хъахъхъæндзысты кусджыты интерестæ.

Æнæмæнг хъæуы лæмæгъ профцæдисты структурæтæ фидардæр кæнын æмæ нæ хъæуы тыхджын профцæдисты баиугонд организаци, кæцы хъахъхъæндзæн бæс-тæйы интерестæ, организацитæ æмæ     профцæдисты уæнгты, кусдзæн профцæдисон змæлды рæзт   фидар кæныныл.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.