Магкоты Уырызмæг Яковы фырт Дзауы администрацийы сæргълæууæгæй нысан æрцыд 2017 азы июлы мæйы. Ног разамонæг сарæзта афæлгæст ивгъуыд азы бакæнгæ куыстыл æмæ райхæлдта 2018 азмæ йæ нывæзт, стæй ма æрдзырдта хъæууон хæдзарады æмæ хосгæнæн улæфæн зонæйы райрæзтыл. Йæ куысты фæдыл æм цымыдисгæнæг фарстытæ радта нæ уацхæссæг.

– Ныр æрдæг азы бæрц кусыс Дзауы районы администрацийы сæргълæууæгæй, цы дын бантыст саразын абоны онг?

– Мах дарддæр кодтам раздæры къухда-риуæгады куыст, районы хъæутæ донæй сифтонг кæнын æмæ фæндæгтæ саразыны здæхæнты. Куыстмæ куы бацыдтæн, уæд мæ сæйраг хæсыл банымадтон скъолатæ ног ахуыры азмæ бацæттæ кæнын. Цалцæггæнæн куыстытæ баконд æрцыдысты Хъемулта æмæ Гуфтайы, стæй ма Дзау æмæ Хуыцъейы скъолаты.

Уымæй дарддæр ма ахсджиаг уыд арæнгæрон хъæу Синагуры социалон нысаниуæгджын объектты æмбæлон уагмæ æркæнын. Сцалцæг кодтам хъæусоветы бæстыхай, скъола æмæ рынчындон. Уымæй дарддæр ма Карзманы фельдшерон медицинон пункт æвзæрста доны цухдзинад æмæ уыцы проблемæ дæр аиуварс кодтам. Теделеты хъæуы дæр æнгæс проблемæтæ иуварс æрцыдысты.

Донимæ баст фарстытæ ма уыд Шихантуры æмæ Хуымысæрты хъæуты. Хслебы хъæуы доны хæтæл та æрцыд æдзæллаг уавæрмæ, ныр ацы хъæуы хæдзæрттæм дон хæццæ кæны.

– Куыд цæуынц Дзауы скъола-интернаты æндидзынгæнæн куыстытæ?

Ног ахуыры азмæ цæттæгæнæн куыстытимæ æххæст цыдысты арæзтадон куыстытæ Дзауы скъола-интернаты сыгъд бæстыхайы. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, объект сцæттæ уыдзæн æввахс рæстæджы. Арæзтадмæ йæ хайбавæрд бахаста районы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад дæр, уыдон аразынц хъармгæнæн системæ. Уый фæстæ ма дзы хъæудзæн сæххæст кæнын йæ алыварс территорийыл хæрзарæзтадон куыстытæ, уыдон æххæст æрцæудзысты дыккаг этапы, ома, уалдзæджы. Интернаты хъомылгæнинæгтæ ныртæккæ ахуыр кæнынц Дзауы астæуккаг скъолайы, уым сын сарæзтам æппæт уавæртæ дæр.

– Ацы аз та Дзауы районы админис-трацийы хъусдард фылдæрбæрцæй цы къабæзтæм уыдзæн здæхт?

– Ныридæгæн бæрæг кæнæм, цы уыдзæн аразинаг 2018 азы. Фидарæй бæрæг у, Теделеты фæндаг уыдзæн аразинаг ацы аз. Нæ зæрды ис Църуйы хъæуы сифтонг кæнын донæй, хъæуы рауадзын фондз километры бæрц доны хæтæл. Йе ‘мбисæй йын къаддæр сарæзта цæрæн-коммуналон хæдзарад, фæлæ нæ уæдмæ зымæг æрæййæфта. Уалдзæджы йæ адарддæр кæндзыстæм, кусгæ дзы кæнынц сæхæдæг хъæуы фæсивæд. Иуæй исынц мызд, аннæмæй та уыдонæн сæ зæрдæ тынгдæр риссы ацы хъуыддагыл. Планы нын ис Морго, Жриа, Къада æмæ Барсы хъæутæм фæндæгты арæзтад. Къуыдаргомы ‘рдыгæй дон рауагъд æрцыд Надарвазмæ, Фæзы æмæ Бзиты хъæутæм. Къуайсайы горæты сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ ма ацы горæты иу хид уыд аразинаг æмæ уый дæр сцæттæ ис.

Æдзæллаг уавæрмæ æрцыд Дзауы доны ифтонгады системæ æмæ дзы арæх æрцæуы аваритæ, уый дæр хъæуы æнæмæнг сцалцæг кæнын, ацы аз.

Ацы аз хъуамæ скъуыддзаг æрцæуа Дзауы хиды фарст дæр. Уæрæсейаг специалисттæ рабæрæг кодтой, кæй йæ хъæуы капиталон æгъдауæй сцалцæг кæнын. Дзауæй Бузаламæ фæндаг дæр у аразинаг – йæ дæргъ цыппар километры бæрц. Къæвда боны дзы цъыфæй ахизæнтæ нæ вæййы, хур бон та рыджы бын фæвæййы. Хицауады æххуысæй хъуамæ ацы фарст аскъуыддзаг кæнæм.

Мах хæхбæсты цæрæм æмæ фæндæгтæм хъæуы æппынæдзух хъус дарын. Ацы аз нæ фæнды дон рауадзын Чъимасы хъæумæ дæр. Дон цы хъæутæм нæ арæхсы, уыдонмæ та донæмбырдгæнæнтæ хъæуы аразын. Уымæй дарддæр Къодибын уыд хосгæнæн бынат æмæ нымайæм ахсджиагыл, уырдæм фæндаг саразын.

– Цы арæзт цæудзæн хъæууон-хæдзарады райрæзты сæраппонд та, 2018 азы?

– Хъæууон хæдзарады фадыджы нæ зæрды ис 10 гектары картоф байтауын. Цæгатирыстойнаг компани «Бавария»-йы ис хорз лаборатори, цыран кусынц тауинаджы гъæд сбæрæг кæныныл æмæ нын уыдон феххуыс кæндзысты ацы фарсты. Уалдзæджы уал ацы зæххытæ байтаудзыстæм æмæ кæд ацы фæлварæн æнтыстджын разына, уæд æй стæй ноджы рауæрæхдæр кæндзыстæм.

– Дзауы районы Советон дуджы куыста стырдæр санаторитæй иу. Куыд уыныс фидæны уымæн йæ сæндидзынады фарст?

– Дзауы районы уыд стыр хосгæнæн санатори. Ардæм цыдысты Советон Цæдисы алы къуымтæй. Йæ фарсмæ уыдысты дыууæ Ногдзауты лагеры дæр. Нæ комы ма уыд турбазæ «Матери и ребенка». Фæлхасгæнæн базартæ уыд Ручъы комы, Къодибын æмæ æндæр рæтты, уым уæй цыдис хъæууон хæдзарадон продукттæ. Æз мæхæдæг хъуыды кæнын, лагертæ æмæ улæфæндæттæй дарддæр ма туристтæ Дзауы æххуырстой хисæрмагонд хæдзæрттæ дæр. Дзауы ком-иу туристтæй нæ раихсыд. Абон ацы хъуыддагыл цæуы куыст, анализ кæнæм туристон фадыджы цы арæзт хъуамæ æрцæуа, цæмæй ногæй сæндидза уыцы хъуыддаг. Канд район нæ тыхсы ацы хъуыддагыл, уыцы фарстыл кусынц нæ республикæйы къухдариуæггæнджытæ дæр. Дзауы комы цы сыгъдæг алæмæтон климат ис, уый æнæхъуаджы ма хъуамæ сæфа, уымæ гæсгæ туристон фадыгæн æнæ сæндидзæн нæй. Æз афтæ хъуыды кæнын, æмæ æввахс рæстæджы рахиздзыстæм практикон архайдтытæм æмæ Дзауы, стæй æмткæй Ирыстоны дæр сæндидздзæн туризмы фадыг.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.